0
269

Энергетикæйы объектты райрæзт, цæрæнуæттæ, горæтаг алфамбылай æмæ  æндæр фарстытæ

Мæскуыйы кусæг балцы уæвгæйæ, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн уыд цалдæр фембæлды хицауады федералон оргæнты разамонджытимæ. Уыцы фембæлдтытæй иу уыд УФ-йы Энергетикæйы министрады.

Профилон министр Николай Шульгиновимæ республикæйы Сæргълæууæг æрдзырдта регионы электроэнергетикæйы инфраструктурæйы райрæзтыл.

Битарты Вячеслав куыд фæнысан кодта, афтæмæй ныртæккæ Цæгат Ирыстоны разамынд компани «РусГидро»-йы размæ фарст сæвæрдта, цæмæй фæуæрæхдæр уа Зæрæмæджы ГЭС-ты комплекс. Зæрдыл дарын хъæуы, фидæны электрон тыхæй хæххон-рекреацион комплекс «Мамысон» æфсадын кæй хъæудзæн, уый. Уыцы æууæл хынцгæйæ, ныридæгæн бакусын хъæуы, цæмæй Зæрæмæджы ГЭС-ты куыстадон хъомыс къæпхæнгай рæза.

Зындгонд куыд у, афтæмæй фарон компани «РусГидро» республикæйы сæххæст кодта ахсджиаг инвестицион проект, Зæрæмæджы ГЭС-1 эксплуатацимæ ратгæйæ. Станцæ кусын кæй райдыдта, уый ахсджиаг цау ссис республикæйы царды — байгом сты ног кусæн бынæттæ, бюджеты æфтиæгтæ фæфылдæр сты. Кæй зæгъын æй хъæуы, станцæ кæй байгом, уыцы æууæл зынгæ фæбæрзонддæр кодта республикæйы энергетикон æфсисад, стæй хорзæрдæм фæивта социалон-экономикон, энергетикон æмæ транспортон инфраструктурæйы уавæр. Иу азы куыстмæ станцæ рауагъта электрон тыхы 500 милуан киловатт-сахатæй фылдæр.

Республикæйы разамонæг куыд радзырдта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны энергетикон хъомыс фæбæрзонддæр кæныны нысанимæ арæзт цæудзысты чысыл ГЭС-тæ. Ныртæккæ куыст цæуы æртæ ахæм чысыл гидроэлектростанцæйы проекттыл.

— Ацы инвестицион проекттæ æххæстгонд куы æрцæуой, уæд хорзæрдæм зынгæ сахаддзысты, æмткæй райсгæйæ, куыд республикæйы иумæйаг экономикон уавæр, афтæ бюджеты æфтиæгты рæзтыл дæр. Ацы проекттæ царды рауадзыны хъуыддаджы мах курæм федералон министрады æххуыс, — загъта Битары-фырт.

Фембæлды архайджытæ сæрмагонд æргом аздæхтой транспорт газы артагæй ифтонг кæныны станцæты нымæц фылдæр кæныны фарстмæ дæр. Зындгонд куыд у, афтæмæй федералон Хицауады æмвæзадыл фидаргонд æрцыд газы артаджы станцæты арæзтады федералон программæ. Уыцы программæйыл кусы Цæгат Ирыстон дæр. Амалхъомадон компанитæ æмæ æндæр инвестортæ кусынц газы артаджы станцæты арæзтад æмæ цалцæгыл. Республикæйы Сæргълæууæджы ныхасмæ гæсгæ, РЦИ-Аланийы Хицауад афойнадыл куырдиат балæвæрдта федералон центрмæ, цæмæй йын уæлдæрамынд программæйы мадзæлттæ адарддæр кæнынæн æмæ инвестортæн сæ хæрдзты иу хай сæхгæнынæн федералон бюджетæй радих кæной 160 милуан сомы. Фæлæ федералон Хицауад республикæйы нæ бахаста, газы артаджы инфраструктурæ фыццаградон æгъдауæй арæзт кæм цæудзæн, уыцы 27 регионы номхыгъдмæ.

— Федералон Хицауадæй мах курæм, цæмæй Цæгат Ирыстон дæр бахæссой уыцы регионты номхыгъдмæ. Уымæн æмæ республикæйы фæзуатыл цæуынц, Уæрæсе Гуырдзыстонимæ, Сомих æмæ Хуссар Ирыстонимæ чи бæтты, уыцы федералон нысаниуæджы фæндæгтæ. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы ахсджиаг автомобилон фæндæгты алыварс хъуамæ фылдæр арæзт цæуа газы артаджы станцæтæ. Ныридæгæн, инвестортимæ куыд баныхас кодтам, афтæмæй республикæйы уæлæмхасæн хъуамæ арæзт æрцæуа газы артаджы 10 станцæйы. Уыимæ, ацы проекттæ царды рауадзæн уыдзæн æрмæстдæр æмæфсисады уагæвæрды бындурыл. Уыцы æууæл хынцгæйæ, федералон Хицауадæй курæм, цæмæй уыцы проекттыл бакусынæн республикæйæн радих кæна уæлæмхасæн фæрæзтæ, — фæнысан кодта Битарты Вячеслав.

Фембæлды архайджытæ сæрмагонд æргом аздæхтой биоэтанолы рауагъд рапарахат кæныны фарстмæ дæр. Республикæйы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, спъирты продукци уадзæг 10 заводы (сæ иумæйаг хъару — продукцийы 72 мин декалитры иу суткæмæ) разамынд ныридæгæн цæттæ сты биоэтанолы рауагъдмæ рахизынмæ. Уыимæ, уыцы заводты ис, биоэтанолы рауагъдæн цы технологон ифтонгарз хъæуы, уый.

— Ныртæккæ уыцы заводтæ æгуыстæй лæууынц. Афтæмæй та ногæй продукци уадзын куы райдайой, уæд сæ уыдзæн 3 мин кусæн бынатæй фылдæр. Уымæй уæлдай, фæзындзæн уæлæмхасæн 5 мин кусæн бынаты, ацы куыстадимæ баст чи у, уыцы къабæзты. Уæлдайдæр ма, уыцы заводтæ республикæйы æппæт муниципалитетты дæр кæй æрбынæттон сты, уый зæрдыл даргæйæ, уыдон ногæй куы скусой, уæд ахадгæдæр хуызы лыггонд цæудзысты бирæ социалон фарстытæ — районты цæрджытæн фæзындзæн уæлæмхасæн кусæн бынæттæ, фылдæр æфтиæгтæ цæудзæн федералон æмæ республикон бюджеттæм, — бафиппайдта Битарты Вячеслав.

Ацы æмæ боны фæткы иннæ фарстытыл фембæлды архайджытæ бæстон æрдзырдтой, стæй баныхас кодтой дарддæры æмгуыстады фæткыл.

УФ-йы арæзтад æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Ирек Файзуллинимæ фембæлды та сæрмагонд æргом аздæхтæуыд, фыццаградон национ проект «Цæрæнуæттæ æмæ горæтаг алфамбылай»-ы фæлгæты республикæ цы мадзæлттæ æххæст кæны, уымæ.

Битарты Вячеслав федералон министрады разамонæгæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй уæлдæрамынд национ проекты уагæвæрдмæ гæсгæ 2020 азæн нысангонд æппæт куыстытæ дæр афойнадыл æххæстгонд æрцыдысты. Афтæ, ивгъуыд азы республикæйы сарæзтой цæрæнуæтты 239 094 квадратон метры. 2021 азы та уыцы бæрæггæнæн хъуамæ схиза 248 мин квадратон метрмæ. Битарты Вячеславы ныхасмæ гæсгæ, республикæйы профилон ведомствæтæ æмæ подрядон организацитæ ныридæгæн æххæст кæнынц æппæт организацион æмæ арæзтадон мадзæлттæ дæр, цæмæй азы кæронмæ уыцы нысантæ къухы бафтой.

Ныхасы архайджытæ æркастысты, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы дарддæры социалон-экономикон райрæзты фæдыл цы сæрмагонд мадзæлтты пълан сфидар кодта, уый уагæвæрдтæ æххæст кæныны хъуыддагмæ дæр. Зындгонд куыд у, афтæмæй уыцы пъланы бындурыл Цæгат Ирыстоны арæзт æмæ цалцæггонд æрцæудзысты ахсджиаг социалон объекттæ. Ацы фембæлды рæстæг сæрмагонд æргом аздæхтæуыд скъолатæ æмæ рæвдауæндæтты арæзтадмæ, стæй горæт Беслæны социалон æмæ коммуналон инфраструктурæйы объектты рацарæзтмæ. Фембæлды архайджытæ фæбæстондæр кодтой, ацы мадзæлттæ æххæст кæнынæн финансон фæрæзтæ куыд дихгонд цæудзысты, уый фæтк.

Фембæлды иннæ ахсджиаг темæ уыд республикæйы донæфсисады системæйы рацарæзт дæр. Битарты Вячеслав федералон министры æргом комкоммæ аздæхта Алагиры районы донуадзæн хæтæлтæ æмæ донæфсисады системæйы цалцæджы фарстмæ. Йæ ныхасмæ гæсгæ, районы донуадзæн хæтæлтæ тынг кæй баихсыдысты, уый аххосæй бынæттон цæрджытæ арæх хъуагдзинад баййафынц нуазыны донæй. Ныр ацы фарст лыггонд цæудзæн федералон центры æххуысæй. Донуадзæнты рацарæзтæн хъæугæ фæрæзтæ радих кæндзысты 2022 азы.


РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы æмæ Хицауады

пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here