0
298

Срæмыгъд Дзæуджыхъæуы уæйгæнæн центры

Знон Дзæуджыхъæуы, Гагкайы-фырты номыл уынджы, срæмыгъта уæйгæнæн центр «Магнит». Æртæуæладзыгон агъуыст базгъæлæн йæхимидæг.

Срæмыгъд æрцыд сæумæрайсом æстæм æрдæгыл. Йæ алыварс цæрджытæ куыд дзурынц, афтæмæй срæмыгъд уыд ахæм тыхджын, æмæ цæрджытæ фенхъæлдтой зæххæнкъуыст у. Фæлæ стыр амондæн дуканийы алыварс цæрджытæй хæстæг цæуæг, кæнæ лæууæг ничи разынд, тынг хъыгдард не ‘рцыдысты цæрæн хæдзæртты агъуыстытæ дæр.

Срæмыгъды хæдуæлвæд бынатмæ æрбахæццæ сты Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ æнæнхъæлæджы хабæртты министрадты кусджытæ. Куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй бæстыхайы рæдзæгъды бын адæмæй ничи разынд. Æрмæст сæ бынæй йæхæдæг йæхи суæгъд кодта иу нæлгоймаг. Фыццаг æй æхсæвгæс æнхъæл уыдысты, фæлæ йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй у зæрингуырд, æнафонтæм фæкуыста æмæ æхсæвы уым баззад. Дохтыртæ йæ федтой æмæ йæм зæрдæхсаинаг хъыгдардæй куы ницы сбæрæг кодтой, уæд æй сæхимæ ауагътой. Фыдбылыз кæм æрцыд, уырдæм æвæстиатæй æрбалæууыд РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег.

Агъуысты рæдзæгъдтæ сыгъдæг кæныныл архайы алыхуызон техникæ 25-æй фылдæр æмæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады 120 кусæджы бæрц.

Барадон оргæнты хъуыдымæ гæсгæ, фыдбылыз æрцыд æрдзон газы аххосæй, фæлæ хъуыддаг кæронмæ бæлвырд нæма у. Слестгæнæн куыстытæ цæуынц дарддæр.


КАСАТЫ Батрадз

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here