0
264

«Хъуамæ арæзтадмæ бæстонæй бавналæм»

Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз æй амыдта, афтæмæй видеобастдзинады фæрцы уыдис хæххон рекреацион комплекс “Мамысон»-ы дарддæры рæзтимæ баст æмбырд.

Архайдтой дзы Сæрдары хæдивджытæ Сæбæтхъуаты Æхсарбег, Кæсæбиты Игор, Фадзайты Æхсар æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ. Æмбырды равзæрстой фидæны курорты донæфсисады, канализацийы объекттæ аразыны, инженерон инфраструктурæ бæлвырд кæныны, уыцы бынæтты цы культурон бынтæ ис, уыдон бахъахъхъæныны æмæ æндæр фарстытæ. Æппæт хъуыддæгты тыххæй ведомствæты разамонджытæн æмбæлгæ амынддзинæдтæ скодтой.

«Мамысон»-ы арæзтадмæ хъуамæ бæстонæй бавналæм, уый у нæ республикæйы ахадгæдæр проект», — загъта кусæг къордæн Хицауады Сæрдар.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, 2019 азы Уæрæсейы Хицауад бафыстой, Алагиры районы сæрмагонд туристон-рекреацион экономикон бынат скæныны тыххæй, уынаффæ. Уымæй «Мамысон» бахастой, Цæгат Кавказы федералон зылды цы туристон кластер аразынц, уымæ.


РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы æмæ Хицауады

пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here