0
266

Реставрацион куыстытæ цæуынц дарддæр

Куыд зонæм, афтæмæй 2022 азы, УФ-йы Президент Владимир Путины бардзырдмæ гæсгæ, æппæт бæстæ дæр бæрæг кæндзæн Аланыстоныл саргъуыды 1100 азы бæрæгбон.

Уый фæдыл нæ республикæйы цалцæггонд цæуынц, национ-культурон бынтæм цы объекттæ хауынц, уыдон.

Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон литературæйы музейы дарддæр цæуынц реставрацион куыстытæ. Музейы бæстыхай арæзт æрцыд XIX æнусы архитектор Иван Рябикины проектмæ гæсгæ.

Мах фембæлдыстæм реставрацион куыстытæ аразæг æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «СКИФОС-РСК»-йы разамонæг Петр Павловимæ. Йæ ныхасмæ гæсгæ:

— Национ-культурон бынтæ бахъахъхъæныны программæйы фæлгæты цæуынц реставрацион куыстытæ Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон литературæйы музейы æддаг бакастыл. Кæддæр ам уыд Терчы зылды музей. Реставрацион куыстытæм бавнæлдтам январы мæйы астæу, сæрмагонд наукон-проектон документацимæ гæсгæ. Проект сфидар кодтой паддзахадон историон-культурон экспертизæ æмæ национ культурон бынтæ бахъахъхъæныны æмæ сæ дарддæр пайда кæныны комитет. Специалистты хæс у музейæн йе ‘ддаг бакасты историон хуыз бахъахъхъæнын, — зæгъы «СКИФОС-РСК»-йы разамонæг.

Дарддæр ма куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй музейы рагон къамты ис дыууæсæрон цæргæсы ныв, фæстæдæр, советон дуджы та дзы фæзындысты æхсырф æмæ дзæбуг. Аразджытæ бацархайдтой, цæмæй дыууæ символы дæр фæстæмæ сæ бынæттæ ссарой, ууыл.

Кусджытæ хъавгæйæ сыгъдæг кæнынц къулты фæрстæ зæронд сæрстытæй æмæ сæ фидар кæнынц. Ранæй-рæтты бæрæг дардзæн, паддзахы рæстæджы цы дурæй амад æрцыд, уый. Реставраторты хъуыдымæ гæсгæ, уыцы дурæй музейы æддаг бакаст уыдзæн аивдæр.


ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

Къамтæ систа

ХЪАЙЫРТЫ Дианæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here