0
185

Хæстон интернационалистты æрымысыдысты

Афганистаны 1979 азы хæстон быцæутæ куы райдыдтой, уæд Советон Цæдисы хицауад 29 декабры йæ æфсæддонты арæнты сæрты барвыста. Чи ‘нхъæл уыд, æмæ æнæхъæн фараст азы ахæсдзæн тугкалæн рæстæг, Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй дыууæ хатты фылдæр. Сæ интернационалон хæс сæххæст кодтой 550 мин советон салдат æмæ афицеры, уыдонæй 15 мин адæймаджы фæмард сты, 311 та — æбæрæгæй фесæфтысты. Хъæбатырдзинад равдисгæйæ, 72 адæймагæн радтой Советон Цæдисы Хъæбатыры ном.

32 азы размæ 15 февралы Советон Цæдис йе ’фсæдтæ Афганистанæй ракодта, æмæ уыцы цау æнустæм, зæрдылдарæн бонæй фыст æрцыд. Хæст хæст у, зæрдæты ныууадзы уæззау хъæдгæмттæ æмæ судзгæ рыст.

Цæгат Ирыстоны суинаг хъæбултæй 14 мины бæрц æрлæууыдысты Афганистаны рыгджын фæндæгтыл, душмантимæ карз тохы бацæугæйæ, 57 лæппуйы сæ цард радтой. Сæ рухс нæмттæ иу бон дæр рох никуы уыдысты, фæлæ 15 феврал у сæрмагондæй сæ намысджын сгуыхтдзинæдтыл дзурæг мысæн бон.

Знон Дзæуджыхъæуы хæстон интернационалистты цыртдзæвæны раз уыдис номарæн митинг. Сæргуыбырæй дидинджытæ сæвæрынмæ æрбацыдысты салдæттæ æмæ афицерты ныййарджытæ, хиуæттæ, зонгæтæ, абон дæр сæ хъысмæтыл кæй зæрдæ риссы, уыцы адæм æмæ ветерантæ сæхæдæг. Райхъуыстысты Уæрæсейы æмæ Ирыстоны гимнтæ. Адæм, иу уысм æдзæмæй алæугæйæ, ссардтой, уыцы хæсты чи фæмард, уыдоны нæмттæ.

Митинг байгом кодта нæ республикæйы Ветеранты советы сæрдар Фриаты Хъазыбег. — Ирыстоны хъæбултæй бирæты хъысмæтыл фæзынд Афганистан. Азтæ цæуынц, фæлæ сæ хъæбатырдзинад рох никуы уыдзæн фидæны фæлтæртæй, — загъта Хъазыбег.

58-æм Æфсады командыгæнæджы хæдивæг, дæлбулкъон Андрей Лукьяненко арфæ ракодта Афганистаны хæсты архайæг ветерантæн сæ бирæвæрсыг патриотон-хъомыладон куысты тыххæй.

Æфсады командыгæнæджы номæй Кады грамотæтæ радта Саппиаты Викторæн, Булацаты Мухарбег æмæ Сергей Алкиевæн.

Бæрæгбоны арфæтæ æмбырдмæ æрбацæуæг адæмæн ракодта РЦИ-Аланийы æфсæддон комиссары хæстæ æххæстгæнæг, дæлбулкъон Абдуллаев Априла.

Афганистаны хæсты ветеранты советы сæрдар Пхалæгаты Сергей йæхæдæг у Афганистаны хæсты архайæг, бæлвырд зоны æппæт зæрдæриссæн цаутæ. — Ныфс мæ ис, æнусæй-æнусмæ кæй цæудзæнис нæ интернационалистты кад, сæ хæстон намыс, уыдоны цардвæндагыл ахуыр кæндзыстæм нæ кæстæрты Райгуырæн бæстæ уарзыныл æмæ сæрибар, сабыр цардæн стыр аргъ кæныныл, — загъта Сергей. Сывæллæттæ уæларвмæ ауагътой урс шартæ. Хуыцау мауал зæгъæд ахæм хæст.

Цæгæраты Жаннæ
Къамтæ систа
Хъайырты Дианæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here