0
251

Йе сфæлдыстадон нысантæ — Ирыстонимæ баст

Æрæджы, Дзæуджыхъæуы сфæлдыстадон балцы уыд зындгонд уæрæсейаг фыссæг, политик, Цæцæны æмæ Донбассы хæстон цауты архайæг Захар Прилепин. Æмæ йын Национ наукон библиотекæйы уыд фембæлд республикæйы сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттимæ. Радзырдта йæ царды æмæ сфæлдыстадон архайды тыххæй. Фембæлды архайджытæ йæм цы фарстытæ радтой, уыдон та сæ фылдæр баст уыдысты политикæимæ, ныры æхсæнадон цардмæ цы цæстæй кæсы, уыимæ. Уый фæстæ йæм фембæлды архайджытæй цы фарстытæ уыд , уыдонæн радта бæстон дзуаппытæ.
Сфæлдыстадон куысты æмæ æфсæддон хъуыддаджы Захармæ цы стыр фæлтæрддзинад ис, уыимæ базонгæ кодта ЦИПУ-йы журналистикæйы факультеты студентты. Сарæзта сын дæсныйад æвдисæн ахуыртæ. Уазæг ма бабæрæг кодта Беслæны 1-æм скъолайы фыдбæллæхы амæттæгты уæлмæрд «Зæдты горæт» æмæ Хъæрмæдоны комы Хъолайы цъитийы зæйласты рæстæг чи бацарæфтыд, уыдоны номарæн цыртдзæвæн. Æмæ сыл сæвæрдта дидинджытæ. Фембæлд нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ. Базонгæ йæ кодта национ культурæйы рæзтимæ баст хи проекттимæ.
Куыд Гæздæнты Гайтойы сфæлдыстадæн стыр аргъгæнæг, афтæ нæ кадджын уазæг йæхицæн хæсыл банымадта, номдзыд фыссæг нæ горæты цы хæдзары цард æмæ йыл цы мемориалон къæй ис, уый ногæй реставраци скæнын.
Телеуынынад «Осетия-Ирыстон»-ы программæ «Изæры рад»-ы комкоммæ эфиры сахат æмæ æрдæджы дæргъы Захар Прилепин дзуапп лæвæрдта равдыст амонæг Федор Сухарниковы æмæ республикон интернет-портал «15 регион»-ы, газеттæ «Северная Осетия»-йы, «Рæстдзинад»-ы æмæ «Слово»-йы уацхæсджыты фарстытæн. Уыцы интервьюйы сæйрагдæр хæйттæ хæссæм уæ размæ.

Фыссæгæн йе ссыд Ирыстонимæ баст у, фыццаджыдæр, зындгонд фыссæг Гæздæнты Гайтойы номимæ. Йе сфæлдыстадимæ та йын базонгæ 15-аздзыдæй. Уæд ын журнал «Подвиг»-ы фыццаг хатт бакаст йæ роман «Изæр Клэрмæ». Ацы уацмыс хорз сахадыдта йæ царды æмæ миддунейы иумæйаг рæзтыл. Æмæ дзы абон дæр дæнцæг исы.

— Захар, цæмæй ма дæм у хæстæг Гайтойы сфæлдыстад?
— Гайтойы тыххæй, куыд адæймаг æмæ фыссæг, афтæ бирæ дзурæн ис. Йе сфæлдыстад мæ ме ‘взонгæй стыр дисы бафтыдта. Æмæ уыцы дисы цæхæры уацары дæн абоны онг дæр. Йæ бирæвæрсыг сфæлдыстадæй уый, канд уæрæсейаг литературæйы бæрзæндтæм не схызт, фæлæ ма йæ фæд ирдæй бæрæг дары дунейы дзырдаивады дæр.
Гайто цардмæ цы цæстæй каст, сылгоймагæн, нæлгоймагæн йæ уацмысты цавæр аргъ кодта, хидарыны иумæйаг уаджы тыххæй йæм цы цæстæнгас уыд, уымæ гæсгæ, мæхи зондахаст дæр ын йæ хъуыдытимæ барын. Мæ уацмысты чингуытæй бирæтæ тæлмацгонд сты францаг æвзагмæ. Бирæ хæттыты уыдтæн Парижы дæр. Гайто дзы кæм цард, кæм цыд, уыцы бынæттæ се ‘ппæт дæр бабæрæг кодтон. Ныр та мæ бæллиц у, Граждайнаг хæсты рæстæг кæм уыд уæ номдзыд æмзæххон, уыцы бынæттæ бабæрæг кæнын.
— Дыууæ азы размæ дæр уыдтæ Ирыстоны. Бабæрæг кодтай нæ номдзыд поэт Хетæгкаты Къостайы райгуырæн хъæу Нар. Уыдтæ йæ музейы. Æмæ дæ балцæй цас разыйæ баззадтæ?
— Мæ дæсныйад мæнæн дзырдаивадимæ баст у. Дæн филолог. Канд уырыссаг æмæ дунеон литературæйы уацмыстæ нæ зонын, фæлæ ма мæ цымыдис кæны нæ бæстæйы цæрæг адæмты дзырдаивад дæр. 2018 азы размæ дæр æз уыдтæн Ирыстоны, æмæ, мæнмæ гæсгæ, Къоста, канд ирон литературæйы бындурæвæрæг нæу, фæлæ ма йæ уацмысты зыны ирон адæмы дунеæмбарынад, миддуне æмæ зондахаст. Æз æй схонин нацийы сагъæсты æмæ цинты зарæггæнæг. Мæн рагæй фæндыд Нар фенын. Зæгъæм, мæнæ Пушкины цæрæн бынат Михайловскоемæ куыд æрцæуын, кæнæ Есенины Константиново, йе та Шолоховы Вешенскаяйы станицæмæ, афтæ Нары дæр куы уыдтæн, уæд мæ зæрдæйы æрцард цавæрдæр æгæрон цин. Ахæм уаз бынæтты куы вæййы лæг, уæд æй хуыздæр бамбары, генитæ уым дзæгъæлы кæй нæ райгуырдысты, æмæ адæмæн сæ курдиатæй хуымæтæджы кæй нæ фæлæггад кæнынц, уый. Къостайы райгуырæн къæс куы федтон, уæддæр мæ, æцæгæйдæр, бауырныдта, ахæм генион поэт æрмæстдæр ам кæй хъуамæ фæзындаид, йæ курдиаты зынг ацы бынæтты кæй бахсыстаид, уый. Нармæ ссæуыны размæ та уыдтæн Донбассы. Æмæ поэты райгуырæн уæзæг Нар та мын радта ног тыхтæ сфæлдыстадон куыстæн. Æз Къостайы нымайын, канд ирон адæмы нæ, фæлæ æппæт бæстæйы генион поэтыл.
— Донбассы та дыл цы хæс æвæрд уыд?
— Ам цытæ цæуы, уый тыххæй дзурынц хæдбар телеканалтæ. Йæ цæрджыты иу хай цæрынц сабыр æмæ æнæмастæй. Хæст кæм цæуы, уыцы районтæ æмæ хæстæг хъæуты цæрджытæн та сæ уавæр бынтон бæллиццаг нæу. Донбассы ныртæккæ цы уавæр ис, ахæм æбуалгъ цауты æрфыстимæ мах зонгæ стæм Лермонтовы «Бородино»-йæ, Шолоховы «Сабыр Дон»-æй, Толстойы «Хæст æмæ фидыд»-æй, Гæздæнты Гайтойы «Изæр Клэрмæ»-æй. Хæст хъазæнхъулæн ничи æрхъуыды кодта. Расайынц æй æрмæстдæр объективон æмæ субъективон уавæртæ. Ирыстоны, Абхазы, Приднестровьейы дæр ахæм бæллæхтæй хызт нæ уыдысты. Ам дæр уыдысты Уæрæсейы сабырдзинад тауæг тыхтæ. Ныр та æрцыд рæстæг Донбассы хæстон быцæутæ басабыр кæнынæн. Æз ардæм куы æрцыдтæн, уæд мыл фыццаг чи сæмбæлд, уыдон уыдысты ирон æмæ цæцæйнаг лæппутæ. Фыццагдæр кæимæ ныхас кодтон, уый дæр уыд ирон лæг Мамиаты Олег. Сфæлдыстадон балцыты кæм вæййын, уым мæ се ‘ппæт дæр фæфæрсынц Украинæйы уавæрæй. Сæхимæ йæ хи рыстау хæстæг исынц. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, хæсты рæстæг дæр адæмыл скæны, куыд æнкъард, афтæ хъæлдзæг рæстæджытæ дæр.
— Гæздæнты Гайто дæумæ гæсгæ космополит уыди?
— Космополит куы уыдаид, уæд Францы æфсады нæ службæ кодтаид, Советон Цæдисмæ сыздæхыны тыххæй писмотæ нæ фыстаид. Мæнмæ гæсгæ, хорз æй æмбæрста, ирон кæй у, стæй Уæрæсейы кæй сты йæ уидæгтæ. Уый уыд, йе сфæлдыстадæй æнæхъæн дунейыл чи аххæссыд, ахæм уырыссаг фыссæг. Хæсты бирæтæ æнаххосæй амæлынц, кæйдæрты та дзы амарынц æнæ тæрхонæй. Приднестровьейы дæр адæм цин кæнынц, уæрæсейаг æфсæдтæ сæ кæй хъахъхъæнынц, ууыл. Амондвæлыст æнкъарæнтæ сын æнцой нæ дæттынц. Ахæм равг та у адæмы иугæнæг. Цалдæр азы размæ та уыдтæн Улан-Удэйы. Мемæ фембæлынмæ чи æрбацыд, уыцы адæмæй залы къухбакæнæн дæр нæ уыд. Æмæ сæ фылдæр фарстой Донецкы уавæрæй, уымæн æмæ зонынц, сыгъзæрин къæлæты хицæуттæ кæй сты, нæ адæмæн Киеваг Уырыс кæй балæвар кодтой, уый. Гайто дæр уыд бархионты æфсады, æмæ йæм уыд алыхуызон ныббырстыты архайыны фæлтæрддзинад. Афтæмæй ирон æмæ уырыссаг аристократы ном нæ фæхудинаг кодта. Космополит куы уыдаид, уæд Францаг ныхмæлæууæг æфсадмæ дæр нæ бацыдаид. Массонты æмбырды куы уыд, уæд та дзы литературон процессы тыххæй докладтæ кодта. Гайтойы сфæлдыстад у уырыссаг литературæйы историйы зынгæдæр хæйттæй иу. Кæд Францы цард, уæддæр йæ зæрдæ рыст Уæрæсейы хъысмæтыл, йæ адæмыл. Æмæ мæм афтæ кæсы, Мамиаты Олег æмæ Гайто иу æрдзон удварны гуырдзæй кæй рантыстысты дунемæ.
— Дæ ахаст Гайтомæ æвдыст кæм æрцæуид, ахæм киноныв дæ сисын никуы фæндыд?
— Æз документалист нæ дæн. Фæлæ мын афтæ исчи куы зæгъид, Гайтойы къахвæд кæм ис, йæ литературон сфæлдыстадон архайдимæ, йæ номимæ баст цы бынæттæ ис, уыдон ма нын фенын кæн, зæгъгæ, уæд æхсызгонæй сразы уаин. Документалон кинонывæн сценари дæр ныффыссин, фæлæ йæм адæмы ахаст иухуызон нæу. Уымæ гæсгæ мæхи хъахъхъæнын, кино исыны æмвæзады къахдзæфтæй. Гайтойы æз нымайын, мæ удварны рæзтыл ахъаззагæй чи фæзынд, ахæм фыссæгыл, мæ монон ахуыргæнæгыл. Æз мæ царды фæндаг, уый хъуыдытæм гæсгæ аразын аив æмæ бæллиццагæй.
— Гайтойæн йæ цардыл дзурæг æрмæджытæй нæм, зæгъæн ис, æмæ ницы баззад. Фæлæ дæ хъуыдыйы никуы уыд сæрмагондæй йын интерактивон музей саразын?
— Кæд мын ацы хъуыддаджы республикæйæ, кæнæ та нæ бæстæйы Культурæйы министрадæй æххуысгæнджытæ уа, уæд æз цæттæ дæн ацы музей саразынмæ. Фæлæ интерактивон музей куы нæ уа, уæддæр цы рæстæджы цард, цы хæдтулгæйыл куыста таксистæй, уый дæр нын зонгæ у. Æмæ йæ номыл музейы йæ дуг æмæ дзы рæстæг куы равдисæм, уæддæр фаг у Гайтойы курдиатæн аргъгæнджыты зæрдæтæ барухс кæнынæн. Иугæр ахæм артдзæст аразæм, уæд хъуамæ суа дунеон æмæ уырыссаг культурæйы сæйрагдæр центртæй иу.
— Политикæмæ бацæуынмæ та дæ чи сразæнгард кодта?
— Мæ хæлæрттæ. Не ‘хсæнады æмæ мæм, æмткæй, не ‘хсæнады тыххæй цы фарстытæ уыд, уыдоны тыххæй-иу мæм кæддæриддæр æвзæрд бæлвырд фарстытæ. Фæлæ иу рæстæг ахъуыды кодтон, уыдон хи хъарутæй куыд алыг кæнæн ис, ууыл. Сæ хынцынæн та мын ахъаз у политикæ. Уымæй уæлдай мæм сфæлдыстадон æмæ æфсæддон хъуыддаджы цы фæлтæрддзинад ис, уый мæ фæнды равдисын политикон партийы сæргъы лæугæйæ. Нæ адæмы цард фæхуыздæр кæнынæн та æз политикæйы архайынæй дарддæр ницавæр фæрæз зонын.
— Дæ зæрдæ цы зæгъы Ирыстонæн æмæ нæ адæмæн?
Фæнды мæ уæ уазæгуарзон, зæрдæхæлар адæмæн хорзы бацæуын. Æмæ мæ фæндтæ сæххæст кæныныл бацархайдзынæн. Уымæн та мын æххуысгæнджытæ ис. Æнæнизæй æмæ зæрдæрухсæй цæрут.
Æрмæг бацæттæ кодта
Гасанты Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here