0
199

Мадæлон æвзаджы бон — 46-æм скъолайы

Мадæлон æвзаг зынаргъ у алкæмæн дæр. Адæймаг дунемæ куы фæзыны, уæд йæ фыццаг ныхæстæ сдзуры мадæлон æвзагыл, йæ хъуыдытæ, йе ‘нкъарæнтæ… Ирон дзырды фарн ницæимæ ис абарæн.

21 феврал æппæт дунейыл дæр нымад у Мадæлон æвзаджы боныл. Нырма хæрз æрыгон бæрæгбон у. Йæ историйы равзæрд цæуы 2000 азæй. Уæд ЮНЕСКО дунейы æвзæгтæ бахъахъхъæныны тыххæй сфидар кодта ацы бæрæгбон.

Уый фæдыл бабæрæг кодтам Дзæуджыхъæуы 46-æм скъола. Йæ разамонæг Гæззаты Валентинæ йæхæдæг дæр у ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг, уымæ гæсгæ æппæт хъарутæй дæр архайы, æппæт фадæттæ дæр аразы, цæмæй ахуырдзаутæ зоной æмæ уарзой сæ мадæлон æвзаг.

Дзуццаты Оксанæ, Бигъаты Заремæ, Хъороты Беллæ, Апаты Жаннæ, Тыбылты Людæ, Джимиты Анжелæ, Зæнджиаты Светланæ, Дыгуры Фатимæ, Рæмонаты Фатимæ, Габеты Алетæ æмæ Колыты Зæлинæ сты Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ. Се ‘ппæт дæр сты дæсны æмæ фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ. Сæ зонындзинæдтæ æнæвгъауæй лæвар кæнынц скъоладзаутæн. Æппæт хъарутæй дæр архайынц, цæмæй ирон æгъдау æмæ ирон дзырды фарн сæфт ма уой. Сæ ахуырдзаутæ сты алыхуызон Æппæтуæрæсеон æмæ республикон конкурстæ æмæ олимпиадæты уæлахиздзаутæ. Цымыдисаг мадзæлттæ бацæттæ кæнынц Ирон æвзаджы æмæ Къостайы райгуырæн бонмæ.

Байхъуыстам Дзуццаты Оксанæйы урокмæ. Ног æрмæг куы амыдта, уæд æм 4-æм къласы ахуырдзаутæ лæмбынæг, цымыдисæй хъуыстой. Оксанæ йæхæдæг у авд сывæллоны мад æмæ, куыд базыдтам, афтæмæй йæ хистæр чызг Сохиты Ланæ дæр, йæ мадау, йæ цард сбаста ирон æвзаджы ахуыргæнæджы дæсныйадимæ, æмæ ныр уый дæр зæрдиагæй кусы 46-æм скъолайы.


Хъойбайты Галинæ

Къам систа

Хъайырты Дианæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here