0
182

Чысыл æнтыстæй райгуыры уæлахиз

Дзæуджыхъæуы æфсæддон комиссар Беджызаты Роберт куыд хъусын кæны, афтæмæй ивгъуыд аз сæ æфсæддон хæс æххæст кæнынмæ 241 æрыгон лæппумæ фæсидтысты. Уыдонæн се ‘фсæддон хæйттæй дыууиссæдзæй æрцыд Арфæйы фыстæджытæ сæхи сæрæнæй, æвзыгъд æмæ æнувыдæй кæй æвдисынц, æфсæддон хъуыддæгтыл зæрдиагæй кæй ахуыр кæнынц, уый тыххæй.


Уыдонæй иу у Годзойты Вячеславы фырт Мурат. Бирæсывæллонджын ныййарджытæ Вячеслав æмæ Ланæйæн Мурат у зæнæджы фондзы хистæр. Йæ хæдкæстæр Милетæ ахуыр кæны Мæскуыйы архитектурон институты, Кристинæ, Светланæ æмæ Гермæн та ахуыр кæнынц Колыты Аксойы номыл чырыстон гимназы, се ‘ппæты кæстæр Георгийыл цæуы фондз азы.

Муратмæ æфсады рæнхъытæм фæсидтысты Аграрон университеты юридикон колледж каст фæуыны фæстæ. Муратæн йæ фыд Вячеслав дæр бирæсывæлонджын хæдзарæй рацыд. Дур-Дуры йæ фыд Солтан дæр схъомыл кодта æмæ царды раст фæндагыл сæвæрдта фондз сывæллоны. Ныр ын йæ фарн дарддæр хæссынц йæ кæстæртæ.

Вячеслав 2002 азæй фæстæмæ кусы мидхъуыддæгты Дзæуджыхъæуы управленийы пъæлицæйы æртыккаг хайады хицауæй. Йæ зæнæджы хистæр Мурат дæр, куыд фæзæгъынц, — гайлаг, дам, родæй бæрæг у, зæгъгæ, æфсады рæнхъыты службæ кæнгæйæ, йæхи æвдисы сæрæн æмæ æвзыгъд гуырдæй.

Мæнæ куыд фыссы, цы æфсæддон хайады службæ кæны, уый штабы хицау М. Парфеонов, Дзæуджыхъæуы æфсæддон комиссарадмæ цы Арфæйы фыстæг сæрвыста, уым: «Цалцæггæнæн управленийы мастер-шофыр службæйы рæстæг йæхи равдыста æгъдауджын æмæ сæрæнæй, хорз арæхсы куыст нывыл саразынмæ. Уæлдæр командæгæнджытимæ у хиуылхæцгæ, уæздан, бардзырдтæ æххæст кæны бæлвырд æмæ сæ уæлвæд. Цы йын бахæс кæнай, уый кæны бæрнонæй. Йæ уæлæдарæс æдзухдæр — сыгъдæг æмæ хæрзифтонг. Кæимæ службæ кæны, уыдоны ‘хсæн ын ис стыр аргъ. Æфсæддон зындзинæдтæн у фæразон. Æнтыстджынæй архайы æфсæддон техникæ æмæ хæцæнгарз базоныныл, йæ хъахъхъæныныл. Иудадзыг архайы йæ хъарутæ фæтыхджындæр кæныныл. Æхсæн хæцæнгарзæй архайгæйæ, æвдисы хорз бæрæггæнæнтæ». Ахæм хатдзæгтæ сæрыстырдзинад æвзæрын кæнынц æфсæддон комиссарадмæ, æнæкæрон æхсызгондзинад та йæ ныййарджытæ æмæ йæ кæстæртæн. Чысыл сгуыхтæй райдайы уæлахиз, æмæ Муратæн нæ зæрдæ зæгъы, йæ дарддæры службæйы дæр æмæ йæ цардвæндагыл дæр йæ къухы бирæ æнтыстытæ куыд бафта, ахæм арфæйæ хайджын уæвын. Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг хъуамæ ахæм уа!


Рубайты Нелли

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here