0
214

Ныхас — фæсивæдимæ

Æрхæццæ кæны Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бæрæгбон. Йæ кадæн нæ республикæйы бирæ мадзæлттæ арæзт цæуы. Знон, Ветеранты республикон хæдзары, РЦИ-Аланийы Фысджыты цæдисы разамындæн æмæ уæнгтæн, уыд фембæлд Дзæуджыхъæуы скъолаты ахуырдзаутимæ æмæ фæсивæдон организациты минæвæрттимæ.

Цыбыр раныхасæй йæ байгом кодта поэт, газет «Рæстдзинад»-ы шеф-редактор Касаты Батрадз. Уый мидисджын афæлгæст сарæзта, нæ адæмы хъæбатыр фыртты лæгдзинады цаутыл. Ныры дуджы кæстæрты зæрдæты патриотизмы æнкъарæнтæ цæй фæрцы райгуырынгæнæн ис, уый тыххæй та фембæлды йæ хъуыдытæ загъта РЦИ-Аланийы Ветеранты советы сæрдар Фриаты Хъазыбег. Уый фæстæ ныхасы бар лæвæрд æрцыд Фысджыты цæдисы сæрдар, нæ республикæйы адæмон фыссæг Агънаты Гæстæнæн.

— Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цæхæрмæ цы ирон фысджытæ æмæ поэттæ ацыд æмæ дзы чи нал сыздæхт, уыдон кæд хæрзæрыгон уыдысты, уæддæр сæ курдиатæй æмæ сфæлдыстадæй систы нæ литературæйы классиктæ. Сæ фыстытæ сын йæ рæстæджы бацæттæ кодта РЦИ-Аланийы адæмон поэт Хъодзаты Æхсар. Æмæ сæ рауагъта хицæн чиныгæй — «Хорзæй баззай, Ир». Мыхуыры рацыд 1972 азы. Æмæ уый нæ фæсивæдæн у ахуыргæнæн чиныджы хуызæн. Фарон та, Уæлахизы 75 азы бонмæ зындгонд поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Кокайты Тотрадзы арæзт чиныг «Тохы кадæг, уæлахизы кадæн» Бахаста йæм Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æмæ Уæлахизы темæйыл фыст ирон поэтты æмдзæвгæтæ, стæй нæ хъæбатыр фыртты лæгдзинадыл арæзт хуыздæр зарджытæ. Ахæм чингуыты фæрцы нæ фæсивæды зæрдæты гуыры Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад, — загъта Агънаты Гæстæн. Йæ раныхасы кæрон бакаст курдиатджын поэт Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ: «Мыййаг хæсты быдыры искуы…»

Нырыккон ирон литературæйы процессы, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг поэтты сфæлдыстадæн сæ ахадындзинады тыххæй бæлвырд радзырдта газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор, филологон наукæты кандидат Хозиты Барис. Уый фæсивæды базонгæ кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыцы курдиатджын поэттæй иу Елехъоты Мураты æмдзæвгæты чиныг «За Родину» мыхуырмæ куыд цæттæ кодта, уыцы цымыдисаг дæнцæгтимæ.

Фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæг, фыссæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Цомартаты Изæтбег фæсивæдæн арфæ ракодта, фембæлдмæ кæй æрбацыдысты æмæ хистæрты раныхæстæм зæрдиагæй кæй хъусынц, уый тыххæй.

— Ардæм куы цыдтæн, уæд тыхсæгау кодтон, æмбырды иронау куы дзурон æмæ мын мæ ныхас куы нæ æмбарат, ууыл. Фæлæ мæ ныхас нæ мадæлон æвзагыл кæй æмбарут, мæ тыхст дзæгъæлы кæй уыд, уый мын æхсызгон у. Ирон поэттæй хæсты чи архайдта, уыдонæй мæ зæрдæмæ уæлдай хæстæгдæр у Кочысаты Мухарбег. Кæд æрыгонæй тохы цæхæры йæ цард аскъуыд, уæддæр йæ ном баззад не ‘хсæн цæргæйæ. Бакастæй куыд аив уыд, афтæ хæрзарæхст, рухс хъуыдытæй дзаг сты йе ‘мдзæвгæтæ. Тохы цæхæры дæр Мухарбег æвзыгъд хæстон кæй уыд, ууыл дзурæг сты йе ‘мдзæвгæтæ, — дзырдта Изæтбег. Йæ раныхасы лæмбынæг райхæлдта Мухарбеджы æмдзæвгæ «Сау цæстытæ»-йы хъуыды æмæ йæ аив бакаст.

Фембæлды кæрон уазджытæн зæрдиаг арфæ ракодта УФ-йы скъоладзауты змæлды республикон хайады координатор, æхсæнадон архайæг Мæргъиты Жаннæ.


Гасанты Валери

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here