0
229

“Рæстдзинад”-ы ныфс

Саби къонайы бындур у, йæ астæуккаг цæджындз, бинонтæн та — зæрдæйы уидаг, сæ зæд, сæ хуры тын.

Сæлбиты фæрнджын бинонтæ Алан æмæ Ингæйæн Стыр Хуыцау æмæ Мады-Майрæм цы фырыхъулы хуызæн хъæбул балæвар кодтой, ууыл æрæджы сæххæст афæдз. Нæ фыдæлты рæсугъд æгъдаумæ гæсгæ, лæппуйы куывдмæ хиуæттæ, хæстæджытæ æмæ сыхбæстæ æрбамбырд сты. Сывæллоны цæрæнбоны тыххæй Хуыцаумæ, Лæгты дзуармæ æмæ Мады-Майрæммæ бакуывтой…. Алчидæр сыгъдæгзæрдæйæ куырдта, цæмæй саби æнæнизæй байрæза æмæ дзы фидæны стыр лæг куыд рауайа, мыггаджы лæг кæй фæхонынц, ахæм: номдзыд, дзуапджын æмæ куырыхон зонды хицау.

Æрбацæуæг адæмы дисы бафтыдта уыцы хъуыддаг, æмæ чысыл Тасолтаны алыварс алыхуызон хъазæнтæ æмæ æндæр дзауматæ куы равæрдтой, цымæ дзы кæцы равзардзæн, зæгъгæ, уæд сæ лæппу хъуыды дæр не ‘ркодта. Æрмæст хъазæнты бынæй газет сласта æмæ йыл фидар ныххæцыд. Уый уыд газет «Рæстдзинад».

Цымæ хуымæтæджы рауад ацы хъуыддаг, æви нын, цы дзуæрттæм фæкуывтой, уыдон æмбарын кодтой, нæ мадæлон æвзаг æмæ нæ нæ ирон газет бахъахъхъæнын кæй хъæуы, уый? Алы ирон бинонтæ дæр ма йыл ахъуыды кæнæнт. Æнæ æвзаг нæй адæмыхатт, нæй фидæн. Нæ фидæн та ахæм чысыл хуртæ сты æмæ нын фылдæр уæнт. Дзæбæхæй байрæз дæ ныййарджыты фæндиаг, нæ буц кæстæр!


ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here