0
234

Ветерантæ æмæ хæстон службæгæнджыты кадæн

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны агъоммæ Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон Ирон академион театры уыдис бæрæгбоны концерт.

Кадджын хъуыддаджы архайдтой Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, 58-æм æфсады командæгæнæг Михаил Зусько, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады сæргълæууæг Фæрниаты Тамерлан, ветерантæ, хæстон службæгæнджытæ, хицауады, æхсæнады, фæсивæды минæвæрттæ.

Республикæйы разамынды номæй æрбацæуæг адæмæн раарфæ кодта Тускъаты Таймураз. «Зæрдиагæй уын арфæ кæнын бæрæгбоны тыххæй, уæлдайдæр — хæстон службæ йæ царды бындур кæмæн у, уыдонæн. Нæ Райгуырæн бæстæ карз фæлварæнты рæстæг æрмæст йæ хæцæнгарзæй нæ дардта бæрæг, фæлæ йæ фырттæ æмæ чызджыты удыхъомысæй. Абон мах кад кæнæм, Хæстæгдæр Скæсæны, Фæскавказы нæ бæстæмæ æрбахизæнтæ чи хъахъхъæны, уыдонæн. Нæ бæстæ нын чи бахъахъхъæдта, уыцы бабатæ æмæ фыдæлты, фæсчъылдымы чи куыста, уыдоны раз лæууæм нæ уæрджытыл. Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!», — загъта Тускъайы-фырт.

Фæсивæды хæстон-патриотон хъомыладмæ бавæрæны тыххæй РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указæй майдан «Ирыстоны Намысæн»-æй хорзæхгонд æрцыдысты Афганистаны хæстон цауты архайджытæ Булацаты Махарбег, Гуыдиаты Батрадз æмæ Цыбырты Турбег. Се ‘фсæддон хæс зæрдæбынæй кæй æххæст кæнынц, уый тыххæй РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указæй 58-æм æфсады афицертæ Сергей Замчалов, Павел Назаров, Андрей Савченко, Александр Сердюк райстой Кады гæххæттытæ.

Бæстæйы Гæрзифтонг тыхты ныртæккæ службæ чи кæны, æмæ арфæйаг чи у, уыцы æфсæддонты ныййарджытæй РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Арфæйы фыстæджытæ райстой Годзойты Вячеслав (Годзойты Мураты фыд), Пæррæстаты Ланæ (Джиоты Давиды мад), Татьянæ Длужинская (Владимир Забегаевы мад), Куындыхаты Зæринæ (Куындыхаты Арсены мад), Тахохты Андрей (Тахохты Георгийы фыд), Хæбæлаты Светланæ (Хæбæлаты Станиславы мад).

Кадджын хъуыддаг ахицæн бæрæгбоны концертæй.


Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here