0
277

Национ проекттæ — Цæгат Ирыстоны размæцыды сæйраг рахæцæнтæ

Национ проекттæ æххæст кæнын алы регионæн дæр у йæ размæцыды ахсджиагдæр фæрæз. Уыцы проекттæ Цæгат Ирыстоны куыд æххæстгонд цæуынц, æмæ нæм сæ фæлгæты цавæр регионалон программæтæ ис, сæ фæрцы республикæ йæ хуыз, йæ гæнæнтæ куыд ивы, уый фæдыл йæ фембæлды рæстæг дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттимæ ныхас кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады Администрацийы национ проекттæ æххæст кæныныл дзуапдæттæг управленийы разамонæг АТАРАТЫ Олег.

Куыд загъта, афтæмæй, управленийæн йæ хæс у, национ проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ цæст дарын æмæ се ‘ххæст кæныны хъуыддаджы къуылымпытæ нæ уадзын.

— Национ проекттæ царды уадзыныл архайын райдыдтам цалдæр азы размæ, фæлæ бынтон бæлвырд уагыл æххæстгонд цæуынц 2018 азæй, майы указтæ кæй хонæм, уыдон Уæрæсейы Президент куы расидт, уæдæй фæстæмæ. Куыд зонæм, афтæмæй, уыдон баст сты Уæрæсейы Федерацийы райрæзты сæйраг национ нысантимæ æмæ æххæссынц 2024 азмæ. Президенты амынддзинадмæ гæсгæ уыцы сæйраг нысантыл бакуыста Уæрæсейы Хицауад æмæ сфидар кодта фараст национ проекты. Фæлæ ивгъуыд азы июлы Президент рауагъта ног указ, æмæ дзы фæбæлвырд кодта нæ бæстæйы размæцыды сæйраг нысантæ. Афтæмæй, уыцы национ проекттæ систы 25, сæ æххæст кæныны æмгъуыд у 2030 азмæ, — загъта Атараты Олег.

Куыд радзырдта, афтæмæй, куыд æппæт регионтæ, афтæ Цæгат Ирыстон дæр архайы уыцы проекттæ æххæст кæныны хъуыддаджы.

Национ проект «Демографи»-йы фæлгæты нæ республикæйы æххæстгонд цæуынц фондз регионалон проекты, се ‘хсæн сты, «Фыццаг сывæллон кæмæн райгуырд, уыцы бинонтæн финансон æххуыс» æмæ, «Æртыккаг, цыппæрæм æмæ уымæй фылдæр сывæллоны кæмæн райгуырд, ахæм бинонтæн финансон æххуыс». Фыццаг сывæллон кæмæн райгуырд, уый тыххæй æрвылмæйон финансон æххуыс ивгъуыд аз исын райдыдтой 5,5 бинонтæй фылдæр; æртыккаг, цыппæрæм æмæ уымæй фылдæр сывæллоны кæмæн райгуырд, æмæ æрвылмæйон пособи фыст кæмæн цæуы, ахæм бинонтæ та сты 6 минæй фылдæр.

Нацпроект «Демографи»-йы фæлгæты ивгъуыд аз нæ республикæйы арæзт æрцыд, 230 сывæллонæн бынат кæм ис, ахæм ног рæвдауæндон Беслæны æмæ, республикæйы иннæ районты чи ис, уыцы рæвдауæндæттæм уæлæмхасæн бæстыхæйттæ — цыппар. Атары-фырт куыд загъта, афтæмæй, ацы аз ма арæзт æрцæудзæн аст ног рæвдауæндоны: дыууæ — Дзæуджыхъæуы (сæ дыууæйы дæр бынат уыдзæн фæйнæ 280 сывæллонæн), цыппар та — республикæйы районты (алы ран дæр бынат уыдзæн 120 сывæллонæн).

Национ проект «Æнæниздзинад»-ы фæлгæты ивгъуыд аз республикæйы районты арæзт æрцыд 36 фелсырон-акушерон пункты, æмæ, Атарайы-фырты ныхасмæ гæсгæ, се ‘ппæт дæр сты цæттæ.

— Ацы нацпроекты фæлгæты цы регионалон программæтæ æххæстгонд цæуынц, уыдонæй иу у «Онкологон низты ныхмæ тох кæнын»-ы проект. Йæ фæрцы республикæйы фæзынд, æппæт Цæгат Кавказы нырма уал иунæг чи у æмæ, низ рагацау бæрæг кæнын чи зоны, ахæм швейцариаг системæ, æмæ ноябрæй фæстæмæ лæггад кæны рынчынтæн. Уымæй уæлдай, тынг бирæ куыстытæ, уыимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, стыр хæрдзтæ, бадомдта Сывæллæтты республикон клиникон рынчындон. Ивгъуыд аз дзы æппæт куыстытæ дæр кæронмæ ахæццæ сты, — загъта Атараты Олег.

Национ проект «Ахуырад»-ы фæлгæты ивгъуыд аз арæзт æрцыд æртæ скъолайы Дзæуджыхъæуы (ахуырдзаутæн дзы ис 550 бынаты), Мæздæджы (500 бынаты) æмæ Цæлыччы (200 бынаты). Ивгъуыд аз райдыдтой æмæ ныр сæ тæмæны сты Хъызлар æмæ Черменыхъæуы скъолаты арæзтадон куыстытæ. Черноярскы станицæйы та ног скъола аразын райдайдзысты ацы аз.

Национ проект «Культурæ» æххæст кæнгæйæ, ивгъуыд аз арæзт кæнæ бындуронæй цалцæггонд æрцыдысты хъæуты Культурæйы хæдзæрттæ — авд, стæй ма куклаты театр «Саби».

— Иннæ национ проект «Цæрæнуæттæ æмæ горæтаг фæзуат»-æн йæ нысан у цæрæнуæттæ фылдæр аразын. Уымæ гæсгæ 2019 азы Дзæуджыхъæуы 18-æм микрорайоны арæзт æрцыд ног автомобилон фæндаг, стæй, 500 ахуырдзауæн бынат кæм ис, ахæм ног скъола. «Ног горæт», зæгъгæ, кæй хонæм, Дзæуджыхъæуы уыцы районы дæр ивгъуыд аз фæзындысты ног фæндæгтæ, донуадзæнты ног хызæг, æппæт инженерон инфраструктурæимæ. Æппæт уыдæттæ разæнгард кæндзысты цæрæнуæттæ фылдæр аразынмæ, — дзырдта бæрнон кусæг.

Национ проект «Æппæтфадатджын горæтаг уавæртæ аразын»-ыл ныхас кæнгæйæ, загъта, йæ фæлгæты кæй базылдысты æмæ зæрдæмæдзæугæ уавæртæ кæй сарæзтой 200 бынаты, уыдон уыдысты, куыд бирæфатерон хæдзæртты алыварс фæзуæттæ, афтæ фæлладуадзæн иумæйаг фæзуæттæ дæр.

«Адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ног цæрæн бынæттæм раивын»-ы национ проектмæ гæсгæ ацы аз цæрыны уавæртæ хъуамæ фæхуыздæр кæной 92 адæймаджы, уыдон ныртæккæ цæрынц, кæлæддзагыл нымад чи ‘рцыд, ахæм хæдзæртты, сæ иумæйаг фæзуат у 1700 квадратон метры.

Национ проект «Хæрзхъæд æмæ æдас автомобилон фæндæгтæ»-йы фæлгæты ивгъуыд аз Дзæуджыхъæу æмæ республикæйы районты цалцæггонд æрцыд автомобилон фæндæгты 60 гæбазы — æдæппæт 90 километры. Уыимæ, сцæттæ ног фæндаг «Дзæуджыхъæу-Хурыхъæу-Малгобек-Мæздæг».

Афтæ, æппæт национ проекттæ æмæ регионалон программæты фæдыл бæстон æрныхас кодта Хицауады минæвар. Кæронбæттæны куыд загъта, афтæмæй, сæ управлени йæ куыст араздзæн национ проекттæн канд се ‘ххæст кæныны хъуыддагыл нæ, фæлæ, сæйрагдæр, æнæкъуыхцыйæ куыд цæуой, ууыл.

 

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

Къам систа

ХЪАЙЫРТЫ Дианæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here