0
412

Æнусон цырты аккаг у Шамил!

«Æртæ урс дуры Дзомагъæй æрхастон…

О, ме скæнæг, цæй амондджын дæн æз!

Нæ зæххæй мæм æртæ хорзы æрхаудта:

Йæ рыст, йæ маст æмæ йæ уарзт…»

Шамил

Шамил Дзомагъæй рацæугæ уыд. Сæ хъæу хуындис Фæзыдзомагъ. Комæн кæд йæ бацæуæнтæ æмæ йæ рацæуæнтæ уынгæг сты, уæддæр дзы мидæгæй ис рæсугъд уындджын хæхтæ, фæз бынæттæ, цъæх сгæлладау, фæлыст уыгæрдæнтæ, зæрдæмæдзæугæ рæгътæ, къуылдымтæ, сæрвæттæ. Ком рагæй у æдзæрæг, фæлæ дзы кæддæр цард, цæджджинагау, фыхт. Нæргæ комыл нымад уыд, фæлæ 1950 азæй хъæддаг сырдтæн баззад. Йæ адæм цардагур фæлыгъдысты, чи Дзау æмæ Цхинвалмæ, сæ фылдæр хай та сæхи айстой Цæгат Ирмæ. Хуымæтæг, æгуыдзæг ком нæ уыд. Йæ хъæутæ: Губатæ Саджджынкъуырф, Къæззатæ, Дзугаты хъæу, Фæзыдзомагъ æмæ Магъ зындгонд уыдысты хæхбæсты цæрджытæн. Сæрæн фæсивæд рацыд Дзомагъæй. Уый дын Плиты Арон æмæ Агуыбе, Джыккайты Хетæг, Шамил æмæ Аким, Дзугаты Георги, Хаджумар æмæ Зауыр.

 

Ахуыры азтæ

 

Шамил Фæзыдзомагъæй уыд, уым райгуырд 1940 азы, уым арвыста йæ сабийы бонтæ. Хъуыстгонд хæдзарвæндагæй рацыд, фыдæлты номæй сæ Дауиттæ хуыдтой. Йæ фыд Федыр, йæ мад Нифа, сæ цæхх æмæ сæ къæбæр æнæвгъауæй дих кодтой канд Дзомагъæн нæ, фæлæ ма æгас Цъалагомæн дæр. Дзомагъæй райдайгæйæ, Федыры зæнæг — Хетæг, Солтан, Рутен, Шамил, Мурат, Галя æмæ Лидия сæ ахуыры фæндагæй никуы фæиппæрд сты, се ‘ппæт дæр райстой уæлдæр ахуырад алы дæсныйæдты. 1950 азтæй тынг æрбакъуындæг сты хæххон адæмы царды уавæртæ. Фæтыхст Федыр дæр, фæлыгъд Цæгат Ирмæ 1952 азы, æрцард Камбилеевкæйы хъæуы. Шамил фондз къласы сахуыр кодта Дзомагъы, стæй йæ ахуыр адарддæр кодта Камбилеевкæйы. Кæд уырыссаг æвзаджы тыххæй тыхст, уæддæр быхста, ахуырыл йæ уд хъардта, сæхи хъæбулы цæстæй йæм акастысты йæ ахуыргæнджытæ Дулаты Тамарæ, Тадтаты Сослан, сабийы цудын нæ бауагътой. Камбилеевкæйы скъола æнтыстджынæй фæцис каст Шамил 1958 азы, ардыгæй райдыдта йæ литературон куыст дæр, ам бакодта фыццаг къахдзæф газет «Ленины тырыса»-мæ.

1958 азы Шамил йæ ахуыр адарддæр кодта Хетæгкаты Къостайы номыл педагогон институты филологон факультеты. Уым бындуронæй аныгъуылд ахуыры, чингуыты къæбицы. Кæддæриддæр хорзæн мысыд Багаты Никъалайы, Тыбылты (Гуытъиаты) Алыксандры чызг Азæйы. Уыцы дуджы базонгæ Дзесты Куыдзæгимæ. Уæд Шамилы ном фæзынди газет «Рæстдзинад»-ы, журналтæ «Мах дуг» æмæ «Фидиуæг» дæр кæддæриддæр се ‘ххуысы къух дардтой æвзонг рæзгæ поэтмæ. Йе студентон азты Хуыгаты Сергей æмæ Ходы Камалимæ рауагътой æмдзæвгæты æмбырдгонд «Бонвæрнон», зæгъгæ, ахæм номимæ. Уый уыдис 1962 азы. 1964 азы та рацыд хицæн чиныгæй йе ‘мдзæвгæты æмбырдгонд «Æфсарм». Уæрæх дуæрттæ байгом кодта пединститут Шамилæн цардмæ, зонадмæ, æхсæнады царды уагæвæрдмæ акæсынæн.

1964 азы Шамил æнтыстджынæй каст фæцис институт. Фæзынд ын ныр æвзаринаг фæндæгтæ — ахуыргæнæджы куыст, телеуынынады редакци, аспирантурæ. Ссис аспирант. Хорзæн мысыд кæддæриддæр Ардасенты Хадзыбатыры, Хæдарцаты Азæйы. Каст фæцис аспирантурæ, ссис филологон зонæдты кандидат, райдыдта лекцитæ кæсын пединституты. Йемæ-иу куы ныхас кодтон йæ куысты фæдыл, уæд-иу афтæ бакодта: «Быны сæфт мæ фæкодта Харум, мæ фæндаг мын фехæлдта. Афонмæ мæ поэт рауадаид, ныр мæ мæнæ уацфыссæг скодта».

Зонадон, ахуыр-хъомыладон куысты æмрæнхъ Шамилæн поэзийы къæбиц ссис йæ уарзондæр рахæцæн. Рæстдзинад æмæ тохы фæндæгтæн поэзи цæнгдыхдæр кæй у, уый фидарæй æмбæрста æмæ иу ран йе ‘мфыссæгæн афтæ зæгъы:

 

Ды дæр ма искуы смæсты у, лæгау,

Æмæ зæгъай дæ фыстыты æцæгтæ.

 

Шамил литературæйы сæрвæлтау тохы лæуд уыд. Йе студенттæн, æрыгон фысджытæн кæддæриддæр амыдта: «Литературæ тох у. Иу хъуыддаг — йæ ныффыссын, иннæ — йæ сæрыл тох кæнын».

Æрсдонау размæ цыд Шамилы сфæлдыстадон фæндаг, не ‘фсæст йæ Ирыстоныл зарынæй, базыртæ йыл сагъта нæ æрдзы рæсугъддзинад. Æрдзы хъæбысы схъомыл Дзомагъы æмæ-иу сæрыстырæй дзырдта:

 

Æз уарзын цардыйас нæ хæхты

Мыртгæгъуыз хурныгуылд изæр,

Дæрддзæф æнæхуыссæг цырæгътæ,

Æнæнцой бæлæсты уынæр.

 

Дзырдта æргомæй,

фыста зæрдæйæ

 

Шамил хæрз æвзонгæй федта, ирон нывæфтыд литературæйæн йæ размæцыды фæндæгтæ чи къуылымпы кæны, уыцы критикты. Уыдон уыдысты нæ литературæйы ногдзинæдты ныхмæ. Ногдзинæдты тырысахæсджытæ та уыдысты: Плиты Грис, Цæрукъаты Алыксандр, Джусойты Нафи, Бестауты Гиуæрги, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Малиты Васо, Джыккайты Шамил æмæ æнд. Æнæбарон уыд Шамил, кæд дзы сæ ныхтæ сагътой нæ «мæнтæгрæмудзджытæ», уæддæр сын афойнадыл дзуапп дæттын фæрæзта. Уыдонæн сæ удхæссæг уыдис хорзæй хорз зæгъын, аиппытæ агурынмæ, мæнг дамтæ мысынмæ та уыдонæн æмбал нæ уыд. Сæрæн æмæ курдиатджын лæппутæ куы нæ уыдаиккой Джыккайты Шамил æмæ Ходы Камал, уæд сæ размæ нæ рауагътаиккой. Шамил диссертаци бахъахъхъæдта ахæм темæйыл: «Фольклорон традицитæ ирон поэзийы 1917-1941 азты». Куыст мыхуыры куы рацыд, уæд ыл сæхи ныздыхтой нæ «мæйхортæ», Алыккаты Хазбийы кой дзы кæй уыд рæстырдæм, уымæ фау хæсгæйæ.

1968 азы фæзынд Шамилы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Цæф сæгуыты маст». Ирон чиныгкæсджытæ, нæ поэзийы уарзджытæ, Хæдарцаты Азæйæ райдагæйæ, загътой: «Уый ирон поэзийы уыдис ног фæзынд». Шамилы поэзийы сæйраг рахæцæнтæ цахæмтæ уыдысты, уый йæ рæстæджы æргомæй загъта Нафи: «Шамилы поэзийæн фæстаг ссæдз азы дæргъы йæ цырв не ‘хсæнадыл, адæмы абон æмæ фидæныл сагъæстæ сты. Йæ сæйраг дзуринæгтæ: æхсæнцарды рæстдзинæдтæ кæй нæй, хицæутты удыхъæд мулк арын æмæ æмбырд кæнынмæ арæзт кæй у, стæй ахæм зонд адæймаджы фарн дæлдзиныг кæнынмæ, адæймаджы хуыцауысконд миниуджытæ халынмæ кæй тырны».

Шамилы чи зыдта, уыдон хæст уыдысты ахæм хъуыдыйыл: дзырдта æргомæй, фыста зæрдæйæ. Уыцы æргом дзырд кæмæ хауд, уыдон цъус не сты царды, уыдонæн Шамил, Камал, Æхсар, Алыксандр, Нафи, Грис, Тотрадз, Васо æмæ иннæтæ сæ цæсты сындз уыдысты, уыдон ирон литературæйы хæзнадоны кæддæриддæр агуырдтой æмæ агурынц хуынкъ абазитæ. Гæппæввонгæй лæууыдысты Шамилы хуынтæм æмæ сæ бон цы уыд, уымæй маст кодтой авторæн, цъыфимæ змæстой рæсугъд аив фæлыст уацмысты. Уыцы дæрзæг къухайст фæзынд Шамилы уацмысты æмбырдгæндтæ: «Амыраны зæрдæ» (1973 аз) æмæ йæ зынгæ поэмæ «Нывгæнæджы мæлæт»- ыл (1969 аз). Нæу поэты зæрдæ рухс, куы фены æгуыдзæг лæппуты, фарн æмæ æгъдаухалджыты, тæппудтæ æмæ давджыты. Уæд Шамил мæстæлгъæдæй фæзæгъы:

 

Мах нал бæззæм лæгтæн,

Нæ хъуынджын сæртæй фегад кодтам худтæ…

Кæс-ма, цæуынц сæрыстырæй тæппудтæ,

Цæуынц уæййаг, менкъи, «æлдар», сæрхъæн,

Цæуынц козбау, гæртамхор æмæ давæг,

Кæнынц нæ Ирыл хахуыртæ хъæрæй

Æхсины лæг хæддзу æмæ дзырдуафæг.

 

Шамил — ирон поэзийы зæрингуырд, нывæндынмæ, бауафынмæ, лыстæг сынкмæ — арæхстджын. Йæ рæстæджы Мамсыраты Темырболатыл, Къостайыл, Елбыздыхъо æмæ Нигерыл цъыф чи калдта рæстæй, уыдонæн фæдонтæ разынд, Шамилы дуджы дæр, сæ ных сарæзтой, ирон поэзимæ ногдзинæдтæ чи хаста, национ культурæйы рæзтыл йæ зæрдæ кæмæн рыст, уыдоны ныхмæ, фæлæ сын бæдæйнаг, ирон мызыхъхъ лæппутæ сæттын нæ бакуымдтой, уыцы нымæцы Шамил дæр. Уыдон митæм кæсгæйæ, сæ фыддæрадæн митæ уынгæйæ Шамил сæрыстырæй зæгъы:

 

Æз амондджын дæн: Уарзт æмæ Куыстæй

Мæхæдæг рухсыл амайын мæ зонд,

Цы кæнын, — уый æхцон æмæ рæстæй,

Цы кусын, — уый нæ фидæны сæраппонд.

 

Шамил бирæ «æрхъулаты» бахауд, фæлæ-иу дзы кæддæриддæр рацыд уæлахиздзауæй, уымæн æмæ царды фарн, зонд æмæ Стыр Хуыцау рæстдзинады фарс сты. Афтæ йæ фæлгъауы Шамил дæр йе ‘мдзæвгæ «Царды фæткы»-ы. Дардмæ уынаг уыд Шамил, фæлæ ацы хатт, 25 майы цы хæдтулгæмæ бахызт «Хиуоны» охыл, уый нал рахатыд, æндæр дунемæ йæ кæй фæласы. Мæнгарддзинад йæ зæрдæйы никуы уыд, йæхийау алкæй дæр æууæнкджыныл нымадта, Ирыстоны гуыппырсартæ — Ос-Бæгъатыр, Чермен, Хазби, Бæтæйы фырттæ гадзрахатæй мард кæй æрцыдысты, уый байрох Шамилæй æмæ сæ баййæфта.

Арæхстджын разынд Шамил драматургийы дæр. Йæ пьесæтæ «Хъодыгонд зæд», «Цомахъ» æмæ «Санаты Сем» зынгæ фæхъæздыгдæр кодтой Ирон театры репертуар, ирон театрдзаутæ сыл зæрдæбынæй бацин кодтой. Трагеди «Хъодыгонд зæд», фæзынд 1975 азы. Автор пьесæйы архайд бæтты, Аланты царды цы стыр трагеди æрцыд, уыцы цаутимæ. Трагедийы бындур историон у. Тæтæр-Манголы æрхъулайы куы бахаудтой Алантæ, уæд сæ раздзæуæг, сæ фæтæг уыд Бурахан, Шамил æй йæ ирон номæй хоны Борæхан. Уымæн йæ сæйраг хъуыды у, цæмæй Аланыстон ногæй йæ къахыл слæууа. 1984 азы фæзынд Шамилы драмæ «Цомахъ», сценæйыл æвæрд æрцыд 1987 азы.

Алывæрсыг уыд Шамилы

курдиат

 

Буц уыд Шамил Цомахъы бакæнгæ хъуыддæгтæй. Афтæ-иу дзырдта: «Къоста йæ тохы зарджытæ фæцис æмдзæвгæтæ «Додой» æмæ «Катай»-йæ, Цомахъ та сæ райдыдта æмдзæвгæтæ «Тохы хъæр», «Фæдис»,æмæ «Адæм»-æй. Ирон театрдзаутæ арф айстой сæ зæрдæмæ Цомахъы удыхъæды сконд. Театр та банкъардта æндæр хъуыддаг, пьесæ «Цомахъ» Ирон сценæмæ æрбахаста ног фæлгонцтæ, ног характертæ, æцæг историон хабæрттыл дзырд кæм цæуы, ахæм фæзындтытæ. Джыккайты Шамил бавнæлдта комедийы жанрмæ дæр. Шамил ахызт йæ адæмон сфæлдыстадмæ. 1990-1991 азты райдыдта кусын йæ комеди «Санаты Сем»-ыл. Театры сценæйыл та æвæрд æрцыд 1993 азы. Райгондæй йыл сæмбæлдысты нæ сценæмæ кæсджытæ. Санаты Сем нæ фольклоры нымад цæуы историон фæлгонцыл. Кæд ын йæ царды хабæрттæ бæлвырд нæ зонæм, уæддæр Семы таурæгъты зыны, кæй уыд захъайаг Санаты Бердехъы фырт. Ирон адæмы зондахасты Сем баззад ахæм хъуыдыимæ: зыдта алцыдæр, сомбон цы æрцæудзæн, уыдæтты. Шамил буц æмæ сæрыстыр уыд Иры фыдæлтæй, æхсар æмæ сæм зонд фаг уыд, лæгдзинадыл рыг абадын нæ уагътой. Уыдонæй иу уыдис Санаты Сем — Ирыстоны куырыхон лæгтæй иу, æмæ нын Шамил бавдæлд æмæ йæ ракодта адæмы размæ. Адæм кæдæй-уæдæй федтой удæгас Семы, ирон сценæйыл, удæгас, цардæгас адæймагæй йæ æвдисы Шамил. Семы тыххæй Шамилы хъуыды ахæм уыд: «Санаты Сем хайджын у адæмы æнусон фæлтæрддзинадæй, дзырддзæугæ лæг зоны, цы уыд æмæ цы уыдзæн, уыдæтты, — афтæ дзы таурæгътæ скодтой зæххон пехуымпар».

Алывæрсыг уыд Шамилы курдиат. Уый уыд зынгæ публицист дæр. Цардмæ куыдфæндыйы цæстæй нæ каст, уыдта æмæ хорз æмбæрста, уый размæцыды фæндæгтæ, рæстæджы домæнтæ æмæ дзы хорзæй цы уыдта, уыдоныл мидбылхудгæйæ дзырдта, цæмæй нæ уыд разы, уыдоныл та — мæстджын æмæ зæрдæрыстæй. Уыдæттæ æмæ ма æндæр ахсджиаг фарстытыл Шамил дзуры йæ публицистикон уацты. Уыдон та сты: «Нæ фехъуыстон мачи зæгъæд», «Хистæрæн йæ фындз амæрз», «Тыхтона æмæ хахуырты зилдухæны», «Стыр дурæн — стыр тулæн», «Кæйдæр хуымы цыргъ æхсырф», «Гуытты сæфт», «Фучъи», «Рухс кувæндæттæй хынджылæг кæнынц», «Адæмы фарн», «Номы сæфт-уды сæфт», «Цагъар æмæ сæрибар», «Мæ фыдгул мæнг зæгъæд» æмæ æнд. Ирыстоныл дыууæрдыгæй дæр туджы зæйтæ цæуын райдыдтой. Шамил кæйдæртау йæ сины сæртыл хæцгæйæ нæ каст, уый хорз æмбæрста — Гуырдзыстон лидзы Стыр Цæдисæй, Хуссар Ир та Цæдисыл бæтты йæхи. 1920 азы геноцид, абон та ралæууыд ног геноцид, æмæ Шамил кæд зæрдæрыст у, уæддæр йæ ныфс нæ асаст, сæрыстыр у Иры лæппутæй æмæ йæ зæгъгæ дæр комкоммæ кæны: «Сæ сау фæндтæ сын сæ хъуыры бадын кæнынц Иры лæппутæ». Уырны мæ, уыдоныл фидæны скæндзысты зарджытæ».

Æрцыдис Мæхъæлы ныббырст, ныккалд та ироны туг Хуыцауы рæстæй. Мæстджын у Шамил, фæлæ та æрцыд ахæм хатдзæгмæ: Не сты сæфт ироны лæгдзинад, æхсар æмæ уды сконды рæсугъд миниуджытæ. Ныццагъта уæддæр Шамил фæдисы дзæнгæрджыты: «Ирыстон! Нæ рухс Фыдыбæстæ! Фынæй уыдтæ, фæлæ райхъал дæ хотыхты уынæрмæ, ныррызтæ сыгъды къæс-къæсмæ æмæ сылгоймæгты хъарæгмæ, дудынц дæ хъæдгæмттæ сабиты цæссыгтæй, нырма дæ фырттæй бирæтæм нæ фехъуыст дæ фæдис, иннæтæ хуыссæгхъæлдзæг сты, нæма сæм хъары дæ судзаг рыст. Фæлæ мæ уырны дæ уæлахиз. Сыстдзысты дæ цот Æрæфы кæмттæй Комгæроны рæгътæм, сыстдзысты Терк æмæ Æрыдоны былтæй. Нæртон фæсивæд нæ бауадздзысты хынджылæг кæнын сæ зæхх æмæ сæ адæмæй, сæ мадæлтæй æмæ сæ уарзæттæй. Фæрныг у Ирыстон нæртон æхсар æмæ лæгдзинадæй. Ирон адæм! Сæр нæ бахъуыд. Нæ бæстæ, нæ ном, нæ намыс фыдгултæй бахизæм, нæ сахъ фæсивæд «(Нæ фехъуыстон…)

 

Куысты фæллад нæ зыдта

 

Æнæрынцой зæрдæйы хицау уыд Шамил. Куысты фæллад нæ зыдта. Ахуыр-хъомыладон куысты æмрæнхъ кодта егъау сфæлдыстадон куыст дæр. Ирон фольклор æмæ нывæфтыд литературæйыл кусын æмæ хъуыды кæнынæй не ‘фсæст. Йæ зонадон куыстытæ Нартæ, æмæ æмткæй, нæ адæмон сфæлдыстадыл дзурæг сты, Шамил кæй уыд тынг арæхстджын фольклористикæйы кусынмæ. Йæ куыстытæ: «Стыр дурæн — стыр тулæн», «Таурæгъ — адæмы дзургæ истори», «Нарты Батрадз — Скифы хицау», «Нæртон лæг æмæ нæртон намыс»— стыр иртасæнтæ сты нæ адæмы сфæлдыстадон къæбицмæ цæмæй зонды цæстæй бакæсай, уымæн. Фидарæй зæгъæн ис уый дæр: Нафийы фæстæ ирон фысджыты сфæлдыстад иртасыныл Шамилы йас ничи бакуыста. Сæрмагонд, бындурон куыстытæ ныффыста Елбыздыхъойыл, Малиты Георгийыл, Нигерыл, Цомахъыл, Гинойыл, Гаппойыл, Плиты Грисыл, Цæрукъаты Алыксандрыл. Фыццаг зæрватыкк у, Шамил Цæгат æмæ Хуссары студенттæн цы ахуыргæнæн чиныг ныффыста — «Ирон литературæйы истори 1917-1956 азты», уыцы хъуыддаджы дæр.

Цæрыны гуырд уыд Шамил. Йæ разагътайы лæджы ранмæ куы бахæццæ, йæ фæтæн Уис хосдзæутты разæй куы рацæйхаста, уæд æй рæсугъд хур боны арв ныццавта. Ахуыссыд Шамилы цæхæркалгæ зынг 2011 азы 25 майы. Бæргæ ма загътам: «Лæгсырдты къухæй фæмард нæ дзыллæйы уарзон адæймаг, рæстыл дзурæг, куырыхон стыр фыссæг æмæ ахуыргонд, ирон адæмы намыс æмæ хъахъхъæнæг, нæ фарныл нын фарн æфтауæг». Фæлæ уыдон ныхæстæ сты. Фараст азы рацыд æмæ цы сарæзтам йæ номыл, сæхицæн сæ мидбылты худынц йæ марджытæ, нæ артыл нын дон кæй ауагътой, уый та нæм хъаргæ дæр нæма бакодта. Ныммæлæн дын ма уа, Къоста, кæд æй куыд диссаджы загъд кодтай:

 

Иу бон æгъгъæд у мысынæн,

Иу бон кæндзыстут мæ дзырд,

Уый фæстæ ферох уыдзынæн, —

Ничиуал зондзæн мæ цырт.

 

Дзургæ афтæ кæнæм: «Шамил уыдис нæхи Шамил, фæлæ цытæ сарæзта, цытæ йын бантыст, йæ уд цæуыл бахордта, уыдæтты йæ радтæг адæм нæ зонынц, нæ зонынц, уымæн æмæ йæ нæ кæсынц. Шамилыл хъуыды кæнгæйæ, нæ зæрдыл æрлæууынц Къостайы ныхæстæ:

 

Хæцын кæм хъуыди, уым хæцыдтæ,

Рæвдауын арæхдæр зыдтай.

 

Шамилы рухс ном сæнусон кæнынæн цытæ æмбæлы, уыдон та аразинаг сты махæн Цæгаты ‘рдыгæй дæр æмæ Хуссары дæр.

Шамилы удыгъæд, йæ бакæнгæ хъуыддæгтимæ зонгæ чи у, уыдон Шамилы тыххæй фæлхатт кæнынц нæрæмон Къостайы ныхæстæ:

 

Дæ кад мыггагмæ у цæринаг,

Дæ цард йеныр дæр у сæдæ.

Зæххыл дын нал баззад кæнинаг,

Дæ мæсыг амайын фæдæ.

 

Нæхи тыххæй та зæгъæм: …. «дзæбæх зæгъынхъом не стæм Дæуæн, фæлæ нын æй ныббар». Æнусон цырты аккаг у Шамил!

Плиты Гацыр,

Хуссар Ирыстоны

Тыбылты Алыксандры номыл

паддзахадон университеты

профессор

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here