0
274

«Нæ хæс — æрдз фидæны фæлтæртæн бахъахъхъæнын»

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн кусæг фембæлд уыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон фæдзæхст бынаты директор Дзалаты Олегимæ.

Фембæлды архайджытæ се ‘ргом аздæхтой фæдзæхст бынаты историон-культурон æмæ æрдзон хæзнатæ бахъахъхъæныны, экологон туризмы райрæзт æмæ æндæр ахæм фарстытæм.

— Цæгат Ирыстоны фæдзæхст бынат у республикæйы хæдбындур хай, схонæн æй ис æппæт ирон адæмы национ хæзна. Фæдзæхст бынаты уавæрæй бирæ аразгæ у, цæрæгойтæ æмæ зайæгойты дуне куыд хъахъхъæд цæудзæн, уый. Нæ сæйрагдæр хæстæй иу у æрдзы рæсугъддзинæдтæ фидæны фæлтæртæн æнæхъыгдардæй бахъахъхъæнын, — йæ раныхасы фæбæрæг кодта Битарты Вячеслав.

Дзалаты Олег республикæйы разамонæгæн бæстон радзырдта Цæгат Ирыстоны фæдзæхст бынаты архайды тыххæй. Йæ ныхасмæ гæсгæ, æрвылбоны куысты сæйрагдæр æргом здæхт цæуы регионы биологон хъæздыгдзинæдтæ хъахъхъæнынмæ. Фæдзæхст бынаты инспектортæ æмæ иннæ специалисттæ сæ хæстæ бæрнонæй æххæст кæнынц.

Ныхасы рæстæг æргом аздæхтæуыд экологон туризмы райрæзтмæ дæр. Афтæ, Цæгат Ирыстоны фæдзæхст бынат æмæ национ парк «Аланыстон»-ы специалисттæ бакуыстой, туристтæ цымыдисæй кæмæй пайда кæнынц, уыцы æрдз æмæ бæстæзонæн маршруттыл. Уыимæ, бацæттæ кодтой, куыд иубонон, афтæ дæргъвæтин туристон маршруттæ дæр. Дарддæр куыст цæуы сæрмагонд экологон къахвæндæгтæ саразыныл дæр. Ацы æмæ иннæ мадзæлттæ æххæст кæнгæйæ, бæстон каст цæуы, цæмæй фæдзæхст бынаты хъæддаг цæрæгойты æдыхст уавæртæ къахыргонд ма цæуой.

Фембæлды кæронбæттæны Битарты Вячеслав куыд фæнысан кодта, афтæмæй йæ зæрдæ дары, Цæгат Ирыстоны экологон системæйы нывылдзинад æмæ æрдзы хъæздыгдзинæдтæ бахъахъхъæнынæн ахадгæ мадзæлттæ арæзт кæй æрцæудзæн, ууыл.


РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы æмæ Хицауады

пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here