0
241

Рагон хъæуы уагæвæрд

Алагиры районы хохаг Нары хъæу бахастой регионалон нысаниуæджы рагон цæрæн бынæтты номхыгъдмæ.


— Амынд уагæвæрды фæрцы уыдзæн хъæуы рагон æддаг бакаст бахъахъхъæнын æмæ объекттæ дарынæн æхцайы федералон фæрæзтæ исыны фадат. Нары хъæу рагон цæрæн бынæтты номхыгъдмæ бахæссыны тыххæй Цæгат Ирыстоны Хицауады уынаффæ æххæст кæныны фæткмæ гæсгæ сараздзыстæм хъæуы дарддæры рæзтæн æмæ йын йæ рагон æддаг бакаст бахъахъхъæнынæн ахъазгæнæг нормативон бындур, — зæгъы Цæгат Ирыстоны Культурон бынты объекттæй пайда кæныны æмæ сæ хъахъхъæныны комитеты минæвар.

Хетæгкаты Къостайы райгуырæн хъæуæн рагон уагæвæрд радтыны фадат кæй фæрцы ис, уыцы сæрмагонд гæххæттытыл бакуыстой екатеринбургаг специалисттæ.

Амæй размæ комитеты сæрдар Æгайты Эмилия журналисттæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй, уæвæн ис, æмæ Нарæй уæлдай рагон цæрæн бынаты уагæвæрд ратдзысты Уæхъæц, Дæргъæвс, Нузал æмæ станицæ Ново-Осетинскæйæн дæр.


Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here