0
221

Куыд æрбафтыд чырыстон дин Цæгат Ирыстонмæ?

Цæгат Ирыстон йæхи Аланыстоныл Саргъуыды 1100 азмæ цæттæ кæны. Бæрæгбон уыдзæн 2022 азы, фæлæ ныридæгæн ахсджиаг дины цаумæ сæхи рæвдз кæнынц. Раздæр Президент Владимир Путин юбилейы тыххæй бафыста бардзырд. Цæгат Ирыстон пысылмон регионты ‘хсæн чырыстон динимæ куыд баззад, æмæ чырыстæттæ куыд цæрынц?

Цæгат Ирыстоны аргъуантæ ныртæккæ арæзтадон фæзты хуызæн сты, Сыгъдæг Георгийы аргъуаны сæвæрдтой лæууæнтæ. Æрæджы йæ сарæзтой æмæ йын йæ æрдынцарыл уазнывтæ кæнынц.

Тыхы бынæттæ


Фæстаг 20 азмæ Ирыстоны фæзынд дыууæ моладзандоны: иу — Хидыхъусы, иннæ — Алагиры. Ардæм ссæуынц цæрынмæ, архайынц хибардзæрæг адæмæн ног бынæттæ аразыныл, уый тыххæй сыл саргъуыдта Рыльскаг моладзандоны хистæр. Ацы моладзандæттæ систы Ирыстоны удварны центртæ.

Сылгоймæгты моладзандонæн Алагирмæ ‘ввахс радих кодтой заууат уавæры чи уыд, ахæм пансионат. Фынддæс азмæ дзы бырæтты æмæ пырх бæстыхæйтты бæсты фæзынд аргъуан, уазæгуат, хæрæндон, терактыуæвæг сывæллæттæн реабилитацион центр. Моладзандонæн разамынд дæтты мад Ноннæ. Алы аз дæр диныл хæст адæм сæхиуыл саргъауынц, сæхи ныннайынц доны.

Хуыцауыл Саргъуыды бæрæгбонмæ æрæмбырд вæййынц Алайнаг моладзандоны дæр. Фæкæнынц æй Фиагдоны, ардæм æппæт бæстæйæ уырнæг адæм арфæ райсынмæ ссæуынц. Ныртæккæ дзы ис 12 моладзаны. Ацы комы кæддæр райдыдта чырыстон дины рæзт. Бынат дæр ын ам хуымæтæджы не ссардтой. Хæстæг æм уыд чысыл кувæндон, уым æнусты дæргъы хъахъхъæдтой Мады-Майрæмы Ивериаг уазныв. Балæвар сын æй кодта гуырдзиаг паддзах-сылгоймаг Тамарæ.

Хуыцаумæ скувгæйæ, адæм уайтагъд нæ райхæлынц. Уазджытæм фæдзурынц саходынмæ, моладзантæ сæхæдæг цы хæринаг скæнынц, уымæ, æмæ хохаг кæрдæджытæй цаймæ.

Гуырæнтæ


Ахуыргæндтæй бирæтæ Цæгат Ирыстон хонынц Уæрæсейы чырыстон дины авдæн. Кæцыдæр бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ам чырыстон дин амыдта апостол Андрей Первозванный, Аланыстоныл Саргъуыд та æрцыд фæстæдæр.

Византийæ Кавказмæ 916 азы æрцыд мессионерты къорд æмæ Ирыстоны скодтой цытджын Дзуарæвæрд, уый уыд Уæрæсейæ раздæр. Ныртæккæ Архызы поселочы лæууынц æртæ алайнаг чырыстон аргъуаны. Уыдон нырыккон Уæрæсейы сты æппæты рагондæр аргъуантæ.

Аланыстон нымад уыдис чырыстон динимæ егъаудæр паддзахадыл æмæ ахста Кавказы фылдæр фæзуæттæ.


Нузайлаг

кувæндоны

сусæгдзинад


Æрæджы республикæйы ахицæн сты Нузайлаг кувæндоны реставрацион куыстытæ. Йæ бындуртæ йын сфидар кодтой, сæйрагдæр та, мидæгæй цы æвæджиауы уазнывтæ ис, уыдон бахъахъхъæдтой. Кæдæй сты, ууыл ахуыргæндтæм æмхуызон хатдзæгтæ нæй. Иутæ зæгъынц: фæндзæм æнусæй сты, иннæтæ та кувæндоны сарæзт хæссынц дыууадæсæм, æртындæсæм æнустæм.

Йæ дæргъ-уæрх сты чысыл, конд у хæххон дурæй. Кувæндон хъахъхъæны бирæ сусæгдзинæдтæ. Ивгъуыд æнусы æмбисы дзы ссардтой дурын къопп адæймаджы стджытимæ. Уыцы къопп дзы фæлæууыд цалдæр æнусы.

Ахуыргæндты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, стджытæ сты паддзах-сылгоймаг Тамарæйы лæг Давид-Сосланы. Кувæндоны ма ис ирон паддзахы фырт Ос-Бæгъатыры ингæн дæр.

Информацион Интернет-портал

“Мир 24”

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here