0
225

Сыгъдæг уæлдæф, сыгъдæг республикæ

Æхсæнадон царды бирæ лыггæнинаг хъуыддæгтæ ис, фæлæ сæ сæххæст кæнынæн бирæ азты дæргъы ахадгæ мадзæлттæ нæ уыд. Ныр алыхуызон паддзахадон программæтæ æмæ проектты фæрцы бирæ ахсджиаг фарстытæ арæзт цæуы.

Федералон проектты фæрцы

 

Федералон проект «Сыгъдæг бæстæ»-йы национ проект «Экологи»-йы паддзахадон программæйы нысантæ 2020-2025 азтæн ивгъуыд азы 1 декабры нæ республикæ паддзахадон контракты фæдыл бадзырд бафыста «Геосинтетика», зæгъгæ, æхсæнадон куыстуатимæ. Бадзырды нысан у, экологийæн зиан чи хæссы, бæлвырддæр та — Дзæуджыхъæуы быронкалæн полигон рекультиваци скæныны куыст бакæнын. Ацы хъуыддагæн æхцайы фæрæзтæ дихгонд æрцыд 2 миллиард æмæ 128 милуан сомы. Æхца æрвыст цæуы фæлтæргай.

Рекультивацийы куыст кæронмæ æххæстгонд æрцæудзæн 2022 азы. Техникон æмæ биологон фарстыты хъуыддæгтæ ныридæгæн сæ тæмæны цæуынц 82,95 гектары фæзуатыл. Дзæуджыхъæуы полигоны фæзуатыл кусы алыхуызон техникæ: бульдозертæ, экскаватортæ, уæзласæн машинæтæ. Объект бабæрæг кодтой нæ республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæ æмæ РЦИ-Аланийы экологи æмæ æрдзон фæрæзты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хидирты Батрадз. Куыд радзырдта, афтæмæй полигоны уавæр фæстаг рæстæг горæты цæрджыты тынг тыхсын кæны:

— Нæ республикæйы “Роспотребнадзор”-ы управленимæ дзæуджыхъæуккæгтæ хъасты фыстæджытæ æрвитынц, нæ сæйраг сахары уынгты æвзæр тæфæй ацæуæнтæ кæй нал ис, уый фæдыл. Æз хатыр курын адæмæй. Æмбарын, æнцон сын кæй нæу, фæлæ уыцы уавæр æрмæстдæр рæстæгмæ уыдзæн. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ рекультивацийы куыстытæн райдыдтой сæ фыццаг фæлтæр. Ацы фæлтæр у æппæты зындæр хъуыддаг. Экскаватортæ полигоны фæз къахынц, ивгъуыд æнусы астæу ацы ран быронкалæн бынæттæ сыджыты бын фесты, æмæ уыцы æмбыд хауæццæгтæ иу ранмæ уæзласæн машинæтæ ласынц. Бамбарут нæ, æнæмæнг хъуыддаг у. Мæр куы ссыгъдæг кæной, уæд полигоны фæзыл дарддæр та цъæхвæлысты быдыр сараздзыстæм. Ныссадздзыстæм дзы бæлæстæ. Техникæ æмбыд хауæццæгты мæр къахы цалдæр метры æрфытæм, цæмæй бынтон сыгъдæг суа, уый тыххæй. Ныронг уал æдæппæт иумæйаг фæзуатæй 31 гектары бырон скъахтой æмæ йæ иу ранмæ машинæтæ фæластой. Дарддæр уыцы хауæццæгтæ æмбæрзынц геосинтетикон æрмæгæй. Уыцы æрмæг хуыйны — «Геосинтетические защитные экраны». Ацы ногдзинады фæрцы æмбыд хауæццæгты æвзæр тæф — биологон газ, ныммынæг вæййы æмæ ацæуы. Уый фæстæ та сыл ног уавæрты куыст цæудзæн сæрмагонд техникæйы фæрцы. Уæлдæр амынд акционерон æхсæнадимæ паддзахадон бадзырд сарæзтам 2020-2025 азтæм. Программæмæ бахастам Алагир, Беслæн, Æрыдон æмæ Дигорайы быронкалæн полигонты рекультиваци дæр. Дарддæр архайдзыстæм ацы куыст иннæ районты дæр сæххæст кæныныл, — загъта Хидирты Батрадз.

Полигоны фæзыл техникæйæ азмæлæн нæй. Мит ныууарыд, зæхх лæхъир æмæ змæст кæд у, уæддæр кусджытæ сæ размæвæрд нысантæм ныфсджынæй цæуынц. Цы фæзуатыл кусынц, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, лæгъз æмæ уæрæх нæу. Кæм бæрзонд хæрды, кæм та цæхгæр фæзилæнты машинæтæ арæхстгай цæуынц, цæмæй мацы къуылымпыдзинæдтæ сæвзæрын кæной. Хидиры-фырт ма куыд загъта, афтæмæй полигонæн ног фæз æвзæрст æрцыд, фæлæ уым ахæм быроны егъау къуылдымтæ нал уыдзæн. Ног мадзæлтты æмæ нырыккон техникæйы фæрцы уайтагъд цæудзысты утилизаци.

Подрядон организаци «Геос»-ы хайады хицау Виктор Надымов журналисттæн равдыста, æмбыд хауæццæгтæ ног технологиты фæрæзтæй куыд кусдзысты, уый.

— Сарæзтам «Траншея фильтрата», зæгъгæ, хъæугæ мадзал, æмæ кæй скъахтам, уыцы хауæццæгтæ геосинтетикон æрмæгæй бамбæрзтам, цæмæй, цы биологон æвзæр газ æвзæрын кæнынц, уый фесæфа. Уый фæстæ сыл дарддæр бакусдзыстæм. Нæ куысты нысанты ис, полигоны фæрсты цæугæдон «Черная речка»-йы былгæрæттæ дæр дурæй ныффидар кæнын, доны ауæдз сраст кæнын, цæмæй уый фæстæ ног, цъæх фæзы былтæ ма хæра, уый тыххæй. Фыццаг фæлтæры куыстытæ фæуыдзыстæм майы кæрон. Æдæппæтæй та нæ архайд кæронмæ сæххæст кæндзыстæм 2022 азы, — загъта Виктор Надымов.

 

Ног уавæрты…

 

Дзæуджыхъæуы муниципалон бюджетон управлени «Спец ЭкоСервис»-ы куыстуаты уавæртæ æмæ фадæттæ хуыздæрæрдæм аивтой. Уый тыххæй журналисттæн бæстон радзырдта директор Кодзырты Рустам.

— Нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы бардзырдмæ гæсгæ, нæ куыстуат æмбæлгæ уавæрты кусынмæ рацаразыны фæдыл бæстон бакуыстам ацы фарстыл. Бындурон цалцæг скодтам нæ бæстыхай. Фондз мин квадратон метры чи у, уыцы бæстыхæйтты сæртæ бамбæрзтам ног æрмæгæй. Баивтам электрон тыхы æмæ хъармдæттæн системæтæ. Кусджытæн сарæзтам ног уавæртæ, раздæр сын чи нæ уыд, ахæмтæ.

 

Нырыккон куыстуаты сын ис фæлладуадзæн мадзæлттæ — уæлæдарæс раивæн скъæппытæ, хихсæнтæ æмæ сынтæджытæ. Фæзынд нæм медицинон хайад дæр, бахъуаджы сахат, цæмæй фыццаг медицинон æххуыс райсой кусджытæ, уый тыххæй. Ис дохтырмæ æппæт хъæугæ хостæ дæр. Баззад ма нын æрмæст гæрстæхсæн бæстыхай ног саразын. Зæронд агъуыст нырыккон куыстæн дзуапп нал дæтты, æмæ фидæны райдайдзыстæм ног бæстыхайы арæзтад ног ифтонггæрзтимæ. Нæ куыстуат «Спец ЭкоСервис»-ы кусы 460 адæймаджы. Уыдонæй 375 сты, Дзæуджыхъæуы уынгтæ иудадзыг чи æфснайы, ахæм кусджытæ. Иннæтæ та сты коммерцион хайадæй.

— 15 февралæй фæстæмæ кусæм ноджы æнæкъуылымпыдæрæй. Фæстаг бонты бирæ мит æруарыд æмæ зынгæ къуырцдзæвæны бафтыдта транспорты куыст. Сæрмагондæй нæм мит сыгъдæг кæнынæн цы техникæ ис, уыдон сты 15 машинæйы æмæ се ‘ппæт дæр уыдысты горæты алы районты. Уæлдай фылдæр мит ныууарыд æмæ фæндæгтæ сæхгæдта Ирыстойнаг æмæ Терчыфалейы районты. Цæгат Ныгуылæн æмæ Промышленнон районты та мит къæвдаæмхæццæ уарыд æмæ фæндæгтæ нæ бамбæрзта. Мит сыгъдæг кодтам æхсæвыгæтты, уымæн æмæ боныгон транспорты змæлдæй хæрзхъæд куыстытæ бакæнæн нæй. Мит сыгъдæг кæныны фæстæ техникæ гаражмæ бакæныны размæ «техникон» процедурæ ацæуынц. Горæты уынгтæ æфснайынæн нæ куыстуаты алыхуызон техникæ ис. Уыдон сты мит, фæндаджы рыг æмæ фæззыгон сыфтæр сыгъдæггæнæн машинæтæ. Нæ куыстуаты сарæзтам, техникæ æхсæн хайад дæр. Алы машинæ дæр йæ куысты фæстæ хæрзæхсад æрцæуы, базилынц æм специалисттæ, æмæ уый чысыл ахадындзинад нæу. Техникæмæ куыд зилай, уымæ гæсгæ дын бирæ азты лæггад кæндзæн, — загъта Кодзырты Рустам.

 

Хæрзхъæд хæринаг —скъоладзаутæн

 

Бирæ ныхас цæуы скъоладзауты хæрæндæтты уавæрыл. Ныййарджытæ хъаст кæнынц скъолайы хæринагæй, ома, кæй у æнад æмæ цауд. Æрæджы нæ республикæйы Æхсæнадон палатæйы уæнгтæ уынаффæ рахастой, цæмæй сæхæдæг саразой, «меню» кæй хонынц, уыцы хæринæгты номхыгъд. Нæ республикæйы журналисттæ та бабæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы скъолаты ахуырады хæлцады комбинат. Æмæ сæхæдæг федтой, скъоладзаутæн хæринаг кæм кæнынц, уыцы цехтæ дæр. Комбинаты директор Челдыты Ольгæ бæстон радзырдта дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæн, цы уавæрты кусынц æмæ куыд цæттæ кæнынц рæзгæ фæлтæрæн хæринаг, уый фæдыл бæлвырд хабæрттæ.

— Комбинат Цæгат Кавказы зылды нымад цæуы хуыздæрыл. Ис нæм ног ифтонггæрзтæ хæринаг кæнынæн, нырыккон техникæ. Комбинат арæзт у кулинарон æмæ кондитерон цехтæй. Кулинарон цехы хæринаггæнджытæ цæттæ кæнынц хъарм хæринаг астæуккаг скъолайы райдайæн кълæсты ахуырдзаутæн. Æдæппæтæй сты 16 мин сывæллоны, канд Дзæуджыхъæуæй нæ, фæлæ республикæйы алы рæттæй. Комбинат æмгуыст кæны астæуккаг скъолатимæ. Уым саразынц хæринæгты номхыгъд æмæ афтæмæй заказтæ махмæ æрбарвитынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт хæринаг нæ кæнæм, скъолаты хæрæндæттæ дæр кæнынц, фæлæ, чи не ‘ххæссы, хæрæндæтты уавæртæ къуындæг кæмæн сты, уыцы скъолатæн мах æххуыс кæнæм. Комбинаты кусджытæ кусынц скъолаты хæрæндæтты æмæ сын сæ архайдмæ нæ цæст дарæм. Сывæллоны æнæниздзинадæн пайда чи у, ахæм хæринаг кæныныл архайæм. Къуыри иу хатт, æнæмæнг, скъоладзаутæн вæййы кæсаг картофы змæстимæ. Уыимæ, продукттæ термалон куыст цæуынц сæрмагонд фыцæн духовкæты. Ацы техникæ у нырыккон æмæ æнæниз хæлцады сæйраг дзаума. Зианхæссæг миниуджытæй дзы æппындæр ницы ис. Комбинаты хæринаг конд цæуы, санитарон нормæтæ æххæстгæнгæйæ. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ, кæсагæй уæлдай, къуыри иу хатт сывæллæттæн æрвитæм къæдор цыхтæй конд хæринæгтæ дæр. Картофы змæстыл æфтауæм сыгъдæг компоненттæ, æхсыр æмæ царв, æндæр ницы, скъолатæй дарддæр ма рæвдауæндæттæн дæр цæттæ кæнæм «полуфабрикаттæ», æмæ сæ æрвитæм бынæттæм. Рæвдауæндæтты уыцы æрдæгконд хæринаг та дарддæр сæхи хæринаггæнджытæ скæнынц, куыд æмбæлы, афтæ.

Кондитерон цехы кæнæм алыхуызон адджинæгтæ скъолаты буфеттæн. Се ‘хсæн æппæты зындгонддæр æмæ уарзондæр гуыл — советон «коржик». Бирæ хæттыты фехъусын, скъолаты хæринаг хæрзхъæд нæу, зæгъгæ. Ныййарджытæ уыцы хъæстытимæ комбинатмæ куы цæуиккой, æмæ махæн куы дзуриккой скъолаты хæрæндæтты уавæры тыххæй, уæд уавæр нывыл уаид, уымæн æмæ мах æрвитæм хæрзхъæд хæринаг, дызæрдыг кæнæн кæуыл нæй, ахæм. Куыд сæвзæры уыцы уавæр скъолаты хæрæндæтты, уый та мах нæ зонæм. Нæ куыст нын иудадзыг бæрæг кæнынц цæстдарæг оргæнтæ æмæ нæм аипп не ссарынц, уæд скъолаты уыцы «æнад» хæринаг кæцæй фæзыны? — дзырдта Челдыты Ольгæ.

 

Саутæты Тамилæ

Къамтæ систа

Хъайырты Дианæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here