0
194

“Мамысон» æмæ «Алани парк»-ы арæзтад

Проект «Алани парк»-ы фыццаг хай хъавынц 2022 азы кæронмæ саразын, уый уыдзæн Цæгат Кавказы федералон зылды æппæты стырдæр тематикон парк. Уый тыххæй кусæг фембæлды рæстæг РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн фехъусын кодта инвестор Гуыриаты Владимир.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, егъау проекты фыццаг хай араздзысты Гæмæх хохы цæгатаг къуылдымыл, йæ дыккаг хай та — хуссайраг къуылдымыл. Цæгатаг къуылдымыл ныридæгæн скодтой арæзтадты нысантæ, майы Сæйраг экспертизæмæ бадæтдзысты бæлццæттæласæн ауыгъд канатон фæндаджы гæххæттытæ. Фыццаг уазджытæн сæ бон «Алани парк» бабæрæг кæнын уыдзæн зымæджы, 2022-2023 азы. Уæдмæ дзы сараздзысты уазæгуæттæ, сервисон центр, ифтонггæрзтæ исæн бынат, хæлцады кусæндæттæ, ахуыргæнæн къуылдымтæ, «америкаг хæхты» хуызæн аттракцион æмæ æндæр фæлладуадзæн объекттæ.
Фембæлды рæстæг ма ныхас рауад туристон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы арæзтадыл дæр, уым дæр Гуыриаты Владимир у сæйраг инвестор. Цæмæй объект бантыса, уый тыххæй хъуамæ æппæт бæрнон адæм дæр æмгуыст кæной. Инвестор куыд бафиппайдта, афтæмæй куыст цæуы, хъуамæ графикмæ гæсгæ 2024 азмæ саразой 774 бынатимæ уазæгуæттæ. Фæлæ, Гуырийы-фырт куыд загъта, афтæмæй фыццаг канатон фæндаг хъуамæ саразой 2023 азы цыппæрæм кварталы. Уæдмæ дзы фæзындзæн 200 бынатимæ уазæгуат. Уый фæрцы проект нысангонд æмгъуыдæй раздæр скусдзæн. Ныридæгæн æппæт отельты категоритæ, сæ бынæттæ сты бæлвырд, фæндæттæ хаст цæуынц национ бакаст бахъахъхъæныны æмæ дунеон стандарттыл хæцыны тыххæй.
Цæгат Ирыстоны ахсджиагдæр проекттæ саразыныл Гуыриаты Владимир куыд архайы, уый тыххæй йын Битарты Вячеслав арфæ ракодта. «Кæд нæ республикæйæ дард цæрыс, уæддæр дæ чысыл фыдыбæстæйæн лæггад кæныс. Дæхимæ райстай футболы рæзт, культурон бынты реставраци, хæцгæниз бауромыны хæстæ. Царды уадзыс экономикон проекттæ, ног куысты бынæттæ дæр нæм фæзынынц. Уæдæ, цæмæй проект «Мамысон» сырæза, уый тыххæй дæр ахъаззаг мадзæлттæ кæныс. Проектæн хъуыдис æхца, æмæ ды уайтагъд нæ цуры æрбалæууыдтæ», — фæбæрæг кодта Битары-фырт.
«Сымах цы инвестицион политикæ æххæст кæнут, уый руаджы амалхъомады рæзтæн Цæгат Ирыстоны æппæт уавæртæ дæр ис. Алцыдæр æргом æмæ æууæнкыл конд куы нæ уа, уæд æз дæр æмæ иннæ инвестортæ дæр не ‘рбацыдаиккой республикæмæ. «Мамысон», æмæ «Алани парк» саразынæн цы фадæттæ скодтат, уый тыххæй уын бузныг», — загъта Гуыриаты Владимир.

Куыд ма бафиппайдта, афтæмæй, объекттæн цыдæриддæр хъæдын дзаумæ хъæуы, уый сараздзысты куыстуат «Ирстоун»-ы. Проекттæ царды уадзгæйæ, уæдæ заводы фæзынд ратдзысты мин ног куысты бынаты. Фæстæдæр та дыууæ минмæ схиздзысты. Гуыриаты Владимир ма радзырдта, Куырттаты комы Куыртта æмæ Тæгайы рагон æнусон комплекс бахъахъхъæныныл куыд архайы, уый тыххæй. Йæ фыццаг сконды хуызыл кусынц, йæ алфамбылайтæ йын банывыл кæндзысты, фæзындзæн дзы фæлгæсæн фæзуат, зæрдылдарæнтæ æмæ хъæууонхæдзарадон продукци уæй кæныны бынæттæ.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here