0
240

Фæндагон фæтк æххæстгæнинаг у алкæмæн дæр

Фæндæгтыл æдасæй цæуыны хъуыддæгты фæдыл Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы хицауадон къамисæн уыд радон æмбырд. Амыдта йæ Хицауады Сæрдары хæдивæг, къамисы сæрдар Томайты Ирбег.

Фæндагон-транспортон фыдбылызтыл ныхас кæнгæйæ, Томайы-фырт куыд бафиппайдта, афтæмæй ивгъуыд аз уыдон, 2019 азимæ абаргæйæ, фæкъаддæр сты 15 проценты, фæлæ уый хыгъд уыцы бæллæхты аххосæй амæлыны цаутæ та 17 проценты фæфылдæр сты, æмæ къамисы уæнгтæн се ‘ргом аздæхта фæндагон-транспортон бæллæхты нымæц фæкъаддæр кæнынæн уæлæмхасæн мадзæлттыл бакусынмæ.
Къамисы æмбырды боны фæткмæ хаст уыд цыппар фарсты. Фыццаг — «2021 азмæ фæндæгтыл цæуыны æдасдзинады мадзæлттæ фæфылдæр кæнын æмæ 2020 азы республикæйы фæндæгтыл æрцæуæг фæндагон-транспортон фыдбылызтимæ баст уавæр равзарын». Фарсты фæдыл раныхас кодта РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады Фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы цæгатирыстойнаг управленийы хицауы хæстæ æххæстгæнæг Моурауты Таймураз.
Куыд радзырдта, афтæмæй фарон республикæйы фæндæгтыл æрцыд 725 фæндагон-транспортон бæллæхы (2019 азы уыдысты 852), уыдоны фæмард 102 адæймаджы (2019 азы — 87 адæймаджы), 1 047 фесты алыхуызон цæфтæ (2019 азы — 1240 адæймаджы). Æппæтæй арæхдæр фæндагон-транспортон бæллæхтæ æрцæуынц республикæйы сæйраг горæты. Афтæ, фарон Дзæуджыхъæуы æрцыд 272 фæндагон-транспортон бæллæхы (2019 азы уыдысты 339), фæмард дзы 21 адæймаджы (2019 азы — 19 адæймаджы), алыхуызон цæфтæ фесты 391 адæймаджы (2019 азы — 462 адæймаджы). Раныхасгæнæг куыд загъта, афтæмæй фæндагон-транспортон бæллæхтæ фылдæр хатт вæййынц, машинæтæ кæрæдзийы ныхмæ кæй рацæуынц, кæрæдзийæн фæндаг кæй нæ радтынц, æмбæлгæ цас кæны, машинæ уымæй дзæвгар тагъддæр кæй фескъæрынц, иу машинæ иннæмæ æгæр хæстæг цыд кæй кæны, уый тыххæй. Æрцæуæг бæллæхты бирæ хатт аххосджын вæййынц фистæгæй цæуджытæ дæр.
Моурауты Таймураз ма дзырдта, нæ республикæйы фæндæгтыл цæуыны фæтк халыны цаутæм цæстдарæн системæйы куыстыл æмæ, фæндæгтыл цæуыны фæтк халджыты ныхмæ æфхæрыны мадзæлттæй фарон куыд пайдагонд цыд, ууыл. Йæ ныхасмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны ис 79 цæстдарæн комплексы, æмæ сыл алы аз дæр æфтдзæн 15 ног ахæм комплексы.
Ацы фарсты фæдыл æмбырды ныхас кодтой РЦИ-Аланийы Фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдары хæдивæг Дзампаты Игор æмæ УФ-йы Тæрхондоны пъырыстыфты федералон службæйы цæгатирыстойнаг управленийы разамонæджы хæдивæг Хъозаты Илья. Дзампаты Игор загъта, уæлдæр амынд 15 цæстдарæн системæйы æлхæд кæй æрцæудзысты сæрмагонд программæ «Æдас æмæ хæрзхъæд автомобилон фæндæгтæ»-йы фæлгæты. Ивартæ фæфылдæр кæныны тыххæй та Хъозайы-фырт куыд бафиппайдта, афтæмæй 2020 азы кæронмæ Тæрхондоны пъырыстыфты службæмæ æркæсынмæ кæй барвыстæуыд 34 000 хъуыддаджы. Уыдонæй ныридæгæн æххæстгонд æрцыд 11 000 хъуыддаджы, æмæ сæ фæрцы ивартæ бамбырд кодтой 78 милуаны æмæ 62 мин сомы.
Æмбырды ма ныхас цыд 2020-2021 азты РЦИ-Аланийы территорийыл æфсæнвæндаджы сæрты бацæуæнты æдасдзинады уагæвæрдтæ æххæст кæныныл. Фарсты фæдыл раныхасгæнæг уыд акционерон æхсæнад «Уæрæсейы æфсæнвæндæгтæ»-йы филиалы Цæгат Кавказы æфсæнвæндæгты хицауы хæдивæг Дмитрий Лукьяненков. Уавæрыл ныхас кæнгæйæ, куыд загъта, афтæмæй Цæгат Кавказы æфсæнвæндæгтыл фарон æрцыд цыппар уæззау бæллæхы. «Ацы азы майæ Дзæуджыхъæуæй Туапсемæ æмæ фæстæмæ цæуын райдайдзæн «Ласточкæ», зæгъгæ, тагъдцæуæг нырыккондæр ахæм поезд. Уый фæдыл республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Цæгат Кавказы æфсæнвæндæгты хицау æрæджы сфидар кодтой бадзырд. Уымæ гæсгæ æфсæнвæндæгты сæрты бацæуæнтæ домынц профилактикон уæлæмхасæн мадзæлттæ. Уымæй уæлдай, ахæм мадзæлттæ хъæуы саразын, Дзæуджыхъæуы 22-æм километры, Заводы поселочы 15-æм километры æмæ, Беслæныхъæуы 2-æм километры æфсæнвæндаджы сæрты цы бацæуæнтæ ис, уым», — загъта Дмитрий Лукьяненков.
Къамисы уæнгтæ ма æркастысты æмæ сфидар кодтой 2021 азмæ сæ куысты пълан æмæ йæ æххæст кæныны мадзæлттæ.
Дедегкаты
Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here