0
224

Ирыстоны кадæн

Дзæуджыхъæуы Базарадон-экономикон техникумыл ацы аз æххæст кæны 100 азы. Уый фæдыл дзы афæдзы дæргъы арæзт цæудзысты, рæзгæ фæлтæры хъомыладæн ахъаз чи фæуыдзæн, ахæм алыхуызон мадзæлттæ.

Æрæджы дæр дзы Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны кадæн ацыд граждайнаг-патриотон акци «Ирыстоны кадæн». Бæрæгбоны уазджытæ уыдысты РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрады минæвæрттæ, Хæсты ветеранты республикон советы, Гæрзифтонг тыхты æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнты, Æппæтуæрæсеон ветеранты æхсæнадон организаци «Хæстон æфсымæрдзинад»-ы Калоты Георгийы номыл цæгатирыстойнаг республикон хайад, Æппæтуæрæсеон æхсæнадон организаци «Афганистаны ветеранты уæрæсейаг цæдис»-ы цæгатирыстойнаг республикон хайад æмæ «Десантонты цæдис»-ы цæгатирыстойнаг æхсæнадон организацийы хайады уæнгтæ, Цæгат Кавказы Суворовон хæстон училищæйы курсанттæ æмæ иннæтæ.
Азæлыдысты Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы гимнтæ… Сценæйыл — Уæрæсейы Национ гвардийы æфсады, Цæгат Кавказы зылды, 49-æм хицæн бригады оркестр.
Бæрæгбоны кадджын уазæг ма уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, 1954 азæй 1968 азмæ — техникумы директор Хуыцъистаты Инарыхъойы фырт Мухарбеджы чызджы чызг Дзуццаты Аланæ. Уый сæ бинонты номæй арфæ ракодта уазджытæн, техникумы ахуыргæнджытæ æмæ студенттæн.
— 23 февралы æппæт Уæрæсе дæр сбæрæг кодта Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон. Антитеррористон операциты чи архайдта, абоны сабырдзинадæн йæ цард нывондæн чи ‘рхаста, уыдонæй иу уыд не ‘мзæххон Андрей Днепровский — загъта «Десантонты цæдис»-ы цæгатирыстойнаг æхсæнадон организацийы хайады сæрдар Золойты Игор. —Нæ республикæйы ацыд йæ мысæн бон, уый фæдыл уагъд æрцыд посты маркæ Андрейы къамимæ. Уый у 40-æм маркæ, Уæрæсейы Хъæбатыры ном чи хæссы, Цæцæны хæсты чи фæмард, уыцы æдзард хæстонты нæмттимæ. Уыцы маркæ канд нæ республикæ æмæ Уæрæсейы нæ хæлиу кæндзыстæм, фæлæ фæсарæйнаг бæстæты дæр, цæмæй æнæхъæн дуне дæр зона, абоны сабыр цард кæй фæрц ис, уыцы хъæбатыр хæстонты нæмттæ. Ахæм рæстæг нæй историйы, æмæ нæ цард ма фæлтæра. Хуыцау нæ дарддæр бахизæд ахæм æвирхъау бæллæхтæй. Ныййарджыты зæрдæтæ макуыуал фæриссæнт сæ хъæбултыл. Абон ацы техникумы цы лæппутæ ахуыр кæнынц, уыдон фидæны нæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ сты. Ма тæрсут Æфсадæй, уый дæр ахуыр кæны лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинадыл, — загъта Золойы-фырт.
Техникумы ахуырдзаутæ сæ аив зардæй æмæ кæфтытæй срæсугъд кодтой бæрæгбон.
Хъойбайты Галинæ
Къамтæ систа
Хъайырты Дианæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here