0
271

«Чиныг йемæ уыд æхсæв дæр, бон дæр»

Фыссæджы сфæлдыстадон райгуырды алы хатт дæр бирæ базон-базонтæ вæййы. Хъаныхъуаты Инал æмæ Илас Æрнигон Ирыстонæй — Дард Хурыскæсæнмæ фæцыдысты, цæмæй сæхи дæр æмæ сæ алыварс бæстæ дæр, хуыздæр базоной, уый тыххæй. Дарддæр сæ царды хуыз афтæ æвиппайды нал истой, «мидфæлтæрддзинад» æмæ адæймаджы психологийыл æнцойгæнгæйæ, сæ бон бацис зынгæ аивадон уацмыстæ сфæлдисын. Æцæг ма ис æндæр фыссæджы хуызтæ дæр, уыдонæн се сфæлдыстадон архайды фæлгæты бацæуынц æндæр дæсныйæдты æууæлтæ дæр. Ахæм фыссæг зонгæ-зонын равзары йæ аивадон иртасынады арæнтæ: уый рагацау æрцæуы йæ фидæны хъайтарты архайды бынатмæ, æрмæджы «цармы бацæуы», фæтырны лыстæг хъуыддæгтæ сбæрæг кæнынмæ, адæймаджы хидарыны миниуджытæ бамбарынмæ, æмæ æрмæстдæр уый фæстæ снывæнды йæ радзырд, уацау, кадæг кæнæ драмæ. Афтæ куыстой сæ уацмыстыл ирон фысджытæй бирæтæ, афтæ дæр вæййы, æмæ фыссæг йæ хъæздыг царды фæлтæрддзинад бавæры иу кæнæ дыууæ чиныджы æмæ уый фæстæ йæ бон сфæлдисын ницыуал бавæййы. Фæзыны йыл «мидфæлтæрддзинады» кадавар.

Удгоймаджы мид æмæ æддаг царды ахастдзинæдтæ уæлдай ахсджиагдæр систы нæ рæстæджы мидæг. Бæрæггонд æрцыдис, ныры æрыгон фæлтæр ног царды уагæвæрдтыл тагъддæр фæцахуыр вæййы, фæлæ монон рæзты та фæстейы кæй аззайы, уый. Нырыккон дуджы уагæвæрд (ахуырады бындурты æнæхъуаджы халыны уавæрты) фадат нæ дæтты рæзгæ уды монон рæзтæн. Ахæм æдзæллаг æцæгдзинады Токаты Алиханы хуызæн поэттæн фæзынæн нæй. Уымæн æмæ номдзыд поэты райгуырды уавæртæ æндæр уыдысты. Æхсæнады монон царды астæуккаг цæджындз уыдис дзырдаивад. Уый тыххæй фыстой Тыбылты Алыксандр, Бекъойты Георги æмæ Косыраты Сæрмæт. XXI æнусы адæймаджы ителлектуалон цымыдисты арæнтæ зынгæ фæуæрæхдæр сты, æмæ аивадон литературæ раздæры хуызæн адæмы монон царды иунæг суадон нал у. Уымæ гæсгæ дзырднывгæнæджы монон хъомылады фарстытæн нæ рæстæджы ис сæрмагонд ахадындзинад. Уыцы цæстæнгасы ‘рдыгæй бирæ пайдайаг æрмæг ссарæн ис Джусойты Нафийы сфæлдыстадон азфысты мидæг. Уымæн йæ уацмыстæ Ирыстоны кæсынц иннæ фысджытæй фылдæр.
Джусойы-фырт куыд фыссæг, афтæ уыд æнæхъуаджы цымыдисаг адæймаг. Удæгас классик йæ зонындзинæдтæ иста дыууæ хуызы: чингуытæ æмæ æцæгдзинадæй. Фидæны фыссæг сфæлдыстадон удгоймагæй тынг раджы банкъардта æмæ йæхи цæттæ кæнын райдыдта дзырдаивады хъысмæт æмæ дæсныйадмæ. Литературон æрхъуыдыйы монц æгасæй дæр фæуæлахиз йе ‘нкъарæнтæй дзаг удыхъæдыл æмæ йæм расайдта æнæбауромгæ тырнынад царды фæлварæнты сæрты хизынмæ. Нафимæ уыд «мидфæлтæрддзинады» æнкъарæнтæ, æмæ йын уыдон фадат лæвæрдтой цыфæнды æрмæгæй дæр пайда кæнынмæ. Сфæлдыстадон удгоймаг йæ миддунейы монон тых куы банкъардта, уæд йæ размæ сæвæрдта хæс: дзырдаивады дæсныйады йæхи æрмдзæф ссарын æмæ уырдæм сарæзта йе ‘ппæт арæхстдзинад æмæ йæ уды цæхæр. Ирон классикон литературæйы уацмысты йæ зæрдæмæ цыдис адæмондзинад, фæткæвæрдад, хицæн хæйтты фæлдзусад, уагæвæрдты æрдзон рæзт, ома, царды кæй нæ уыдта, уыдон се ‘гас дæр. Уымæ гæсгæ йе сфæлдыстад райдыдта цытджын фысджыты фæзмынæй. Классикон уацмыстæ кæсын уыд йæ литературон ахуыры æнæмæнг хай. Алы ахæм чиныг дæр каст лæмбынæгæй, æмæ-иу цалынмæ æххæстæй нæ бамбæрста йæ ныффыссыны сæр, уæдмæ-иу æй нæ ныууагъта. Йæхи загъдау, «чиныг йемæ уыд æхсæв дæр, бон дæр» .
Фидæны фыссæг зонгæ-зонын фæзмыдта алыхуызон авторты æвзаджы хицæн æууæлтæ. Уыдон уыдысты дæргъвæтин фæлтæрæнтæ, профессионалон фæрæзтæ литературон æрмдзæфы ад, ритм æмæ фæлдзусад агурыны вазыгджын рæстæджы амонæнтæ. Хæдбындур фыссæг йæ хъарутæ æвзæрста алыхуызон жанртæ æмæ литературæйы алы хуызты. Æмæ уымæй раст уыдис йе ‘мдугонты æвдисæн хъуыдытæм гæсгæ. Нафи, дæллаг галау, куыста æвæллайгæ, æнæхъуаджы ныфсхастæй нысанмæ тырнгæйæ. Афтæ, хуымгæнæгау, фыссæг агуырдта йæхи донвæд сфæлдыстадон тыгъдады. Уымæ гæсгæ Нафийы чиныгкæсæджы цымыдистæ йе сфæлдыстады иртасджыты иу æмæ дыууæ хатты къуыммæ нæ батардтой. Суанг, йæ рæстæджы Джыккайты Шамил дæр дисы бацыд, йæ цытджын æмдугоны чиныгкæсджыты арæнтыл куы сагъæс кодта, уæд. Цас литературон нæмттæ, цас ныхмæвæрд хъуыдытæ, цас сæрибар сагъæстыл нæ æфтауынц, Нафи кæй бакаст, уыцы зæрдылдаринаг чингуытæ! Фæлæ уыцы-иу рæстæджы, уыдон алы номдзыд фыссæгæн дæр уыдысты йæ чиныг кæсыны тымбылæг. Æцæг, сразы уæвын æмбæлы, иннæтæй уæлдай Джусойы-фырты чингуытимæ архайдæн уыдис сæрмагонд ахаст.
Нафи стыр æргом здæхта хуыздæр ирон (Къоста, Секъа, Арсен, Елбыздыхъо, Нигер, Темырболат, Æгъуызаты Иуане, Инал, Нигер, Багъæраты Созыр, Барахъты Гино, Гæдиаты Цомахъ, Плиты Грис æмæ Харитон, Цæрукъаты Алыксандр), уырыссаг (Пушкин, Лермонтов, Блок, Горький, Некрасов, Сурков, Твардовский, Тихонов, Тютчев, Чехов, Толстой) æмæ фæсарæйнаг (Бернс, Гете, Шекспир, Хайям, Ибсен, Лопе де Вега, Софокл, Шиллер æмæ æнд.) фысджытæм цæмæй йæхи аивадон æрмдзæф снывыл æмæ слæгъз кодтаид, уый тыххæй. Ахæм куыст кодта дзырдаивады дæсны суанг æрыгоны карæй фæстæмæ. Йæ цахъхъæнтæ куыд бафиппайдтой, уымæ гæсгæ дзы арæх фехъусæн уыдис, «аивадон æрмдзæф — дзырдаивады алы дæсныйæн дæр йæ сæйраг бæрæггæнæн кæй у», уый. Бирæ азтæ бахардз кодта Джусойы-фырт йæ æрмдзæф бæрзонддæр кæныныл. Йæ аивадон агурæнты иннæ фæзилæн уыдысты дунеон поэзийы романтиктæ, уæлдайдæр та — Бараташвили, Блок, Нерис, Савак, Руставели, Саят-Нова… Нæ дуджы цытджын фыссæг æмæ ахуыргонд сæ æрмæст литературон ахуыры фæдыл нæ иртæста. Романтикты уацмыстæ йын хастой æцæг монон æхцонад, æфсæстой йын йæ уд æмæ йæ зæрдæйы дойны. Фæлæ Нафи «сыгъдæг» романтик никуы уыдис. Монон æгъдауæй йæм хæстæг уыдысты Шекспир, Бальзак, Диккенс, Флобер, Пушкин, Толстой, Чехов æмæ иннæ классикон автортæ. Уыцы фысджыты сфæлдыстадыл уый ахуыр кодта психологон анализы дæсныйадыл. Уæлдай хæстæг æм лæууыд Шекспир. Стыр æнкъарæнтæ йæм ныууагътой Диккенсы ногазон радзырдтæ æмæ Чеховы новеллæтæ. Ирон фыссæг сыл никуы суæлæхох ис.
Джусойты Нафийы монон азфысты стыр фæд ныууагътой ирон, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг литератортимæ фембæлдтытæ, уыдоны арф æнтыстыты мидисæй иста фæткæвæрдон тых æмæ хæрзаудæн цæстæнгас цардмæ. Ирон фыссæг æмæ ахуыргонд бирæ рæстæг хардз кодта историон литературæ кæсыныл (нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, йæ фыццаг дæсныйадмæ гæсгæ историк кæй уыдис, уый). Зæронд архивон æрмæджыты бындурыл фыст æрцыдысты йæ бирæ зонадон куыстытæ æмæ аивадон уацмыстæ. Зæгъæм, зындгонд у, йæ фыццаг роман «Фыдæлты туг» ныффыссыны тыххæй XIX-æм æнусы ирон-уырыссаг ахастдзинæдты историон æрмæджытæй кæй спайда кодта, уый. Мидхæсты æвирхъау хабæрттæ та йæ сразæнгард кодтой йæ дыккаг роман «Дыууадæс цæфы иу цæфы хуызæн» сфæлдисынмæ.
Джусойы-фырт иу æмæ дыууæ хатты нæ амыдта, йæ уды цард æддаг æнкъарæнтæй дзæвгар хъæздыгдæр кæй у, уый. Ууыл дзурæг сты йæ поэтикон, прозаикон, драмон, зонадон, критикон æмæ публицистон уацмысты фылдæр хай. Фыссæг æмæ ахуыргонды хъуыдымæ гæсгæ, дунеон аивадон культурæйы хæзнатимæ зонгæ кæнгæйæ, чиныгкæсæджы цымыдис рæзы зынгæ тагъддæр. Йæ зонадон-критикон уацтæ æмæ, нæ классикты тыххæй цы мысинæгтæ ныффыста, уыдонæй бирæты мидæг номдзыд автор раргом кодта канд йæхи нæ, фæлæ бирæ дзырдаивады дæсныты монон-фæткæвæрдадон агурæнты ратæдзæнтæ. Уымæй уæлдай ма мах базонгæ кодта, чиныг — чиныгкæсæгыл цы фæд ныууадзы, уыимæ дæр. Æмæ уымæн бамбарæн ис: аивадон литературæ чиныгкæсæгыл цы фæткæвæрдадон-этикон æндæвдад ныууадзы, уымæн æмбал нæй. Уыцы хæрзаудæн архайды гуырæнтæ фыссæг уыдта дзырдаивадæн йæхи æрдзыхъæды, йе ‘нæкæрон хъомыладон, эстетикон æмæ æмбарынадон гæнæнты. Ардыгæй, мæнмæ гæсгæ, райдыдта йæ монон удивæзынад аивадон литературæмæ.
Æвдай азы дæргъы Нафи бирæ хъуыдытæ æмæ сагъæстыл сæмбæлд, фæлæ дзы йæ зæрдæмæ кæй райста, йæ хъуыдæджы арф кæй нывæрдта, уыдонæй иутыл дæр фæсмон нæ фæкодта. Уымæн æмæ чиныджы тых Джусойы-фырт уыдта царды рæстдзинадыл иузæрдиондзинад, философон хатдзæгты фæткæвæрдады хъомыс æмæ адæймаджы удсыгъдæггæнæг архайды мидæг.Чингуыты уæрæх нымæцæй фыссæг æмæ ахуыргонд æвзæрста, йæ миддунейы йын ныфс æмæ æхсар чи æвзæрын кодта, уыдоны.
Уыимæ уый уырнинагæй амыдта, аивадон литературæйы æндæвдад чиныгкæсæджы æмбарынад æмæ æнкъарæнтыл у арф æмæ сусæг архайд. Æддæрдыгæй тынг нæ зыны, фæлæ уый баст у удгоймаджы монон дунейы æвæрццæг ивддзинæдтимæ. Нафийы хъуыдымæ гæсгæ, уым бирæ базон-базонтæ ис. Удгоймаджы монон сырæзты лыггæнинаг фарста нæ тæрхонмæ хæсгæйæ, уый лыстæг æвзæрста æппæты вазыгджындæр фæзындтытæ. Йæ зонадон-критикон æмæ литературон-публицистон уацты мидæг-иу цы чингуытыл æрлæууыд, уыдонæн бацамыдта хорзæй, фæзминагæй дзы цы ссардта, уый. Дарддæр зонгæ-зонын бафиппайдта: адæймаджы монон дунейы æфсадын æнцон хъуыддаг нæу. Уыцы хъомыс разыны æрмæст стæм чиныгкæсджытæм. Уымæн æмæ цас ныхмæвæрддæр у фыссæджы монон дуне, цас фылдæр æнкъары йæ лæмæгъдзинæдтæ æмæ хъæндзинæдтæ, уый бæрц уый тыхджындæр у, куыд нывгæнæг, афтæ, уый бæрц арфдæр æнкъары цард æмæ адæймаджы удыхъæд.
Ис ахæм уацмыстæ, арæх дзырдта Нафи, æмæ уым ирдæй разыны адæймаджы удыхъæд, ирдæй дæ цæстытыл ауайы йе сфæлдисæджы монон сурæт. Æмæ йын уымæ гæсгæ байгом вæййынц нæ уды арфдæр æууæлтæ. Чиныгкæсæгыл фæткæвæрдадон æндæвдад иртасгæйæ, фыссæг æмæ ахуыргонд æрцыдис фидар хатдзæгмæ: зæххы къорийы генион фысджытæ мах ахуыр нæ кæнынц, зондамоныныл нæ архайынц, фæлæ схизынц аивады æмвæзадмæ æмæ немæ дих кæнынц, сæ удгоймаджы мидæг хуыздæрæй цы ис, уый. Нафи хуымæтæджы нæ тырныдта профессионалон æгъдауæй рæзынмæ чиныг кæсын та нымадта бæрзонд граждайнаг хæс æххæст кæныныл. Уый арæх йе ‘ргом здæхта чиныгкæсæджы æрдзон курдиатмæ, стыр аргъ кодта чиныгкæсæджы монон æмвæзадæн. Суанг фысджыты æхсæн дæр арæх не ‘мбæлæм, чиныг кæсынмæ иттæг дæсны чи у, ахæмтыл. Кæсгæ-кæсын æцæгдзинад агурæг æнæаивгъуыйгæ быцæуы ахастдзинæдты бацæуы авторимæ, æмæ йын уыцы тох раст æмæ хъæздыгдæр кæны йæ хъуыдытæ æцæгдзинады тыххæй. Чингуытæ уæрæхдæр кæнынц нæ зонындзинæдты фæзуат æмæ нын райхъал кæнынц нæ цæсгом. «Залты миты» уый арф амоны: кæсын, æнæмæнг, йемæ хæссы æмсфæлдыстад. Мах канд чиныгæй искæй зонындзинæдтæ нæ исæм, фæлæ йын дæттæм нæхи хъуыдытæ дæр. Фыссæджы монон тыхтæ кæм батадысты, уыцы уацмыс кæсын фылдæр кæны нæ царды фæлтæрддзинад æмæ фæндаг дæтты не ‘нкъарæнтæй пайда кæнынмæ.
Нафи алы хатт дæр йæ зæрдыл дардта дзырднывгæнæджы фæткæвæрдадон хæсы бæрн. Æнæджелбетт æмæ æнæхсæст либералон (бынæттон æмæ мæскуыйаг) фыссæггæндтæн быцæу ныхæсты мидæг Нафи кæддæриддæр хъахъхъæдта литературæйы социалон ахаст æмæ адæмондзинад, хурмæ хаста литературон процессы донвæд халджыты æппæрццæг архайды фæстиуджытæ. Йæ къорд уацы дур-дурыл нал ныууагъта, литературæмæ æрмæст пайдайы цæстæй чи кæсы, уыдоны хылы-мылытæй. Уыцы халæн куыстгæнджытæ сæгад кодтой чиныджы дæр æмæ фыссæджы ном дæр. Ахæм «фыссæггæндтæн» лæджы ном хæссыны бар нал вæййы, уымæн æмæ гражданинтæ нал вæййынц. Нафийы фидарæй уырныдта, æцæг нывгæнæджы сфæлдыстадон архайдыл æнцой кæны царды бындур æмæ йæ сæйраг цин; уыдонæй æфсæдынц монон æгъдауæй æмæ йын фæрæзтæ дæттынц йæ уæвынадæн. Афтæмæй æцæг фыссæг пайдайы охыл нæ кусы, фæлæ йæ уацмыстæ фæлдисы мидфæнд æмæ рæстдзинад хъахъхъæнынмæ. Джусойы-фырт цыфæнды зын уавæрты дæр никуы рох кодта уыцы вазыгджын хæс царды уадзын. Æдзухдæр ын æнæуынон уыдысты мæнг удты хыбар-хыбур, схъæл ныхæстæ æмæ сайæн митæ.
Ахæм фæлварæн рæстæг, Нафимæ гæсгæ, дзырднывгæнæг цæмæй йæ фæткæвæрдадон хæс сæххæст кæна, уый тыххæй хъуамæ уа æцæгдзинадыл иузæрдион, дзыллæйæн зиууон, фыдыбæстæйæн фæдисон. Уыцы-иу рæстæг, фыссæг хъуамæ хата аив литературæйы рухс æмæ зонындзинæдтæ хæссæг авналæнтæ. Ивгъуыд рæстæджыты тыххæй мах базонæм чингуыты фæрцы, æмæ суанг кæсын чи нæ зоны, уымæн дæр æй бакæсынц кæнæ радзурынц уырдыгæй. Нафи æрыгон куы уыдис, уæд телеуынынад нæ уыдис, радиохъусынады ахадындзинад та уæрæх куы нæма уыдис, уæд дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ, сæйрагдæр, æнцой кодтой газеттæ, журналтæ æмæ чингуытыл. Æмæ уый зын бамбарæн нæ уыдис: зæххы къорийы цæрджыты фылдæр хай кæсын æмæ фыссын нæ зыдта. Фæлæ суанг уыдонæй дæр, Нафийы фидар хъуыдымæ гæсгæ, рæстдзинад æмбæхсын æдас нæ уыдис.
Ахæм у, нæ цытджын фыссæг æй куыд æмбæрста, уымæ гæсгæ чиныг кæсыны диалектикæ. Æмбарынады миниуджытæ нымайгæйæ нын фыссæг не ‘ргом зд æхта йæ уацмысы фæткæвæрдадон ахастмæ. Уый хъуамæ æвдиса царды хорз, фæзминаг æмæ хæрзаудæн нывтæ; уый хъуамæ æгъатырæй хурмæ хæсса нæ рæстæджы хъыг, цæмæй нæм адæймаджы æууæлтæ уырнын кæна, уый тыххæй. Удгоймаджы фæткæвæрдадон æнкъарынад Нафи нымадта фыссæджы сæйраг «зæххы хайыл». Уыцы-иу рæстæг дзы рох нæу, аивадон литературæйæн чиныгкæсæджы дунефæлгæсынад хъомыл кæнынады мидæг стыр ахадындзинад кæй ис, уый дæр.
Нафийы сагъæсты тыхджын фарс ис æндæр ран. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, фыссæг, царды цæттæ фæндтæ кæм сты, уый нæ амоны. Литературæйы дæр царды хуызæн алы хатт раст æмæ зылын уæвæн нæй. Фыссæг арф æмæ уæрæхдæр зоны æмæ уыны нæ уæвынады уавæртæ, иртасы æцæгдзинады вазыгджындæр цы ис, уыцы хъуыддæгтæ. Уый нывæнды чиныгкæсæджы миддунейы удгоймаджы фæлгæты арæнтæ, рæстырдæм ын аразы йæ уды фæткæвæрдадон куыст, уæлдæр æй исы царды прозæйы æмвæзадæй. Бæлвырддæр ам ис, фыссæг æмæ ахуыргонд йæ ахастдзинæдтæ адæмимæ æнгом кæмæй бæтты, ахæм разæнгардгæнæн уавæр. Уымæ гæсгæ Нафийы хъуыдытæ «фыссæджы монон сырæзты æмæ фæткæвæрдадон хæсты бæрны» æмиуад æххуыс кæны бамбарын, сфæлдыстадон удгоймаджы рæзты вазыгджын æрдзыхъæд цæй мидæг ис, уый.
Хозиты Барис

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here