0
242

Æппæтреспубликон видеоконференци

Ацы аз скъолатæ каст чи фæуыдзæн, Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министр Людмилæ Башарина уыцы ахуырдзауты ныййарджытимæ видеоконференцийы уагæй сарæзта æппæтреспубликон æмбырд.

Республикæйы сæдæ ахуыргæнæндоныл аххæссæг онлайн-трансляцийы архайджытæ сæйраг æргом аздæхтой фæлварæнтæм цæттæ кæныны, стæй бындурон æмæ Иумæйаг паддзахадон фæлварæнты архайджытæ кæй æруадзынц, уыцы барадхæлдтытæй бахизыны фарстытæм.

— Ацы аз скъолатæ каст чи фæуыдзæн, фæдзæхсын уын фæлварæнтæ дæттынмæ уыцы адæмы æнæхинæй цæттæ кæнын. Зынаргъ ныййарджытæ! Сывæллон кæй нæ сæххæст кæна, ахæм хæслæвæрдтæ йын дæттын нæ хъæуы, сывæллонæн хæслæвæрд сæххæст кæнын кæд нæ бантыса, уæд та уавæр бæллæхæй æвдисын не ‘мбæлы. Фæлварæн нымад у царды æрмæст чысыл цауыл. Бæллиццаг баллтæ не ‘рæмбырдгæнæг адæймагæн ис йæ рæдыдтытыл бакусыны æмæ фæстæдæр бæрæггæнæнтæ фæнывыл кæныны бирæ фадæттæ. Ис нæм цалдæр дæнцæджы. Æз дæр сымах хуызæн бæрæггæнæнтыл фæмæт кæнын. Иумæйаг паддзахадон фæлварæн æнæхинæй раттын æмæ алы сывæллоны бартæ хъахъхъæд цæмæй æрцæуой, нæ хæс у уыдæттæн фадæттæ саразын, — ныййарджыты раз ныхас кæнгæйæ, загъта министр.

Министрæй фæстæмæ æмбырды архайдтой амынд ведомствæйы цæстдард æмæ ахуырады хæрзхъæддзинадæн аргъкæнынады хайæдты хицæуттæ дæр. Фембæлды рæстæг специалисттæ радзырдтой ацы азы кæронбæттæн паддзахадон аттестацийы фæткы хицæндзинæдты æмæ скъолатæ кастфæуæг адæмы барты тыххæй хабæрттæ, стæй ныййарджыты фарстытæн дзуаппытæ радтой.

Ныййарджыты республикон æмбырд банымайæн ис кæронбæттæн паддзахадон аттестацийы æххæсткæнынады фæткы хæлдтытæй бахизыны фæдыл куысты пъланмæ хаст мадзæлттæй иуыл. Зæгъæм, февралы æмæ мартъийы скъолатæ æмæ муниципалитетты цæуынц амынд министрады минæвæртты æмæ скъолаты директорты архайдимæ ныййарджыты æмбырдтæ. Ныййарджытæ æмæ ацы азы паддзахадон аттестацийы архайджытæн бацæттæ кодтой текстытимæ сыфтæ аиппытæй бахизыны ахсджиаг фарстыты фæдыл.

Кæронбæттæн паддзахадон аттестацийы фарстыты фæдыл Цæгат Ирыстоны Ахуырад æмæ наукæйы министрады кусы «æвæстиатон бастдзинад»-ы телефон: 8(8672) 53-49-40.

Гæлæуты Наталья

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here