0
273

Цардвæндагыл сæрыстырæй куы цæуай…

Адæймаг арæхстджын къухты хицау куы уа, йе ‘гъдау æмæ йе ‘фсарм йæ разæй куы цæуой, уæд, йæ алыварс цы адæм ис, уыдоны хурау фæтавы. Бахъуаджы рæстæг сын вæййы агургæ æмæ æнæаргæ æнцой, се ‘ххуысгæнæг.

Ахæм хатдзæгмæ æрцыдтæн, газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы хæдзарадон хъуыддæгты хайады хицау, æгъауджын æмæ æфсармджын æцæг ирон нæртон лæг Байсонгъуырты Мухтары цардвæндагыл хъуыды кæнгæйæ.

Цыдæриддæр ирон лæджы зæрдæйы бафæзминагдæр миниуджытæ ис, уыдонæй уæлдайджынтæй Мухтар фæхайджын, зæгъгæ, куы зæгъæм, уæд рæдыд нæ уыдзæн. Сæйраг редакторæй райдай, æмæ редакцийы техникон кусджытæй фæу, се ‘ппæт дæр Мухтарæй цы уæздандзинæдтæ зонынц, уыдон сты хорзæй дæнцæгæн хæссинаг.

Адæймаг царды тыхст уавæры дæр куыд нæ бахауы, фæлæ Мухтары æнкъардæй, тыхстæй никуы ничи федта. Тызмæг, схуыст дзырд нæ дзы никуы ничи фехъуыста. Уæззау, дардмæуынаг зондыл хæст уæвгæйæ, вæййы æдзухдæр цардбæллон, уæздан, фæлмæн, цыргъзонд ныхасгæнаг. Фыдæлты рагон æгъдæуттæй, уæлдайдæр цуанæттимæ баст хабæрттæй йæ исчи куы бафæрсы, уæддæр Мухтар кæддæриддæр радты æххæст, мидисджын, хъуыдыджын дзуапп.

Мухтар райгуырд Уæллагкомы Дымты хъæуы. Фыдæлты дуджы æмæ ныр дæр хæххон хъæуты æнцон цард никуы уыд. Мухтар куы фембаргæдæр, уæдæй фæстæмæ йæ йæ ныййарджытæ æфтыдтой рæстагæй царды хæрзтæ агурыны зондыл, æгъдау æмæ цардыл. Æхсæз кæстæры хистæр куы уай, уæд хæдзары куыстытæй æппæты зындæр, фосы æмæ зæххы куыстытыл раджы куыд нæ фæцахуыр уыдзынæ. Æмæ йыл хæдзары цы фæллойадон хæстæ æвæрд уыд, уыдон фæзминагæй æххæст кодта.

Ирон царды æгъдауыл, æфсармыл æмæ йæ рæстаг зондыл ахуыр кодтой йæ мады фыд Куыдзойты Афаназ, æмæ фыдымад Марья (Хъыбызон), мады мад Скъодтаты Розæ. Цалынмæ Гæлиаты райдайæн скъоламæ нæ бацыд, уæдмæ Мухтар хъомыл кодта ацы хистæрты къухы.

Мæцутæйы хъæуы астæуккаг скъола æнтыстджынæй каст куы фæци, уæд дарддæр ахуыр кæнынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы хæххон-металлургон техникумы автомобилон факультетмæ. Ам йæ дæсныйадæй райста алывæрсыг æмæ арф зонындзинæдтæ, сси рог машинæтæ аразæг æмæ шофыр. Техникум куыддæр каст фæци, афтæ йæм фæсидтысты æфсадмæ. Йæ хæс кад æмæ радимæ æххæст кодта Молдавийы фистæг æфсæдты. Цы полчъы службæ кодта, уым нымад уыд хуыздæр æфсæддон æмæ шофырыл.

Æфсады йæ хæс куы ахицæн кодта, уæд Мухтар кусынмæ бацыд хъæдæрмæгæй хæдзары дзаумæттæ аразæн фирмæ «Хъазыбег»-мæ. Ам дæр куыстуаты разамындæн æмæ кусджытæн йæхи базонын кодта цырд, æрхъуыдыджын, æгъдауджын лæппуйæ. Фæстæдæр та йæ куысты бынат аивта электрон цырæгъты заводмæ. Ам кусгæйæ, уыцы-иу рæстæг ахуырмæ бацыд ЦИПУ-йы историон факультетмæ.

— Раст зондыл, æгъдауыл, æфсармыл мæ цы хистæртæ ахуыр кодтой, уыдоны нæмттæ мысгæйæ, арæх æрхъуыды кæнын ме скъолайы ахуыргæнджыты Хъулаты Клавæйы, Хъыбызты Тæирæйы, Бузойты Венерæйы, Цопанты Галинæйы, Годызты Атабийы æмæ Социалистон Фæллойы Хъæбатыр, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, историон наукæты кандидат Кокайты Саламджерийы. Ацы ахуыргæнджытæ мын цы зонындзинæдтæ радтой, уыдоны фæрцы мæхи арфæйаг фæндаг ссардтон. Ныр, мæхи кæстæрты, раст зондыл аразгæйæ, ацы хистæрты царды фæлтæрддзинад мæ зæрдыл арæх æрлæууы, — дзырдта мын Мухтар.

Нæ буц æмæ æгъдауджын хистæрæн йæ уды фарн æмæ намыс æгæрон кæй сты, ууыл ма дзурæг у уый дæр, æмæ уæззау уавæрты цы адæм бахауынц, цардæй мæлæты ‘хсæн сæ удтæ дзир-дзур кæмæн фæкæнынц, уыцы тыхст рынчынтæн дæр баххуыс кæны, куыд туджы донор. Афтæмæй йæ уды уыцы хорзæхы æмæ фæлтæрдджын дохтырты фæрцы цардмæ цы адæм раздæхт, уыдоны банымай, уæд сæ цалдæр стыр хъæуы рауаид. Мухтары ахæм æххуыс бæрæггонд æрцыд УФ-йы кадджын доноры нысанæй.

Мухтар йæ цард ирон æгъдау æмæ намысы тæразæй кæй бары, уый йын дæтты рæстагæй цæрыны æмæ фæллой кæныны тых. Ирон æгъдау та у стыр философи. Йæ бæрзæндтæм тындзы Мухтар, æмæ йæ царды амайы йæ кады æмæ намысы мæсыг. Уыцы зонды фæндагыл аразы йæ фондз кæстæры.

Ацы бонты фæллойы ветеран, зæрдæхæлар æмкусæг Байсонгъуырты Мухтар бæрæг кæны йæ 60 азы юбилей. Нæ цæст ын уарзы фидар æнæниздзинад. Афтæмæй йæ рæсугъд уды æмæ зæрдæйы цы бирæ хорзæхтæ ис, уыдонæй йæхи бинонты, хиуæтты, хæлæртты бирæ азты куыд рæвдауа, уыцы хорзæх ын Хуыцау æмæ йæ зæдтæ ракæнæнт!

Гасанты Валери

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here