0
202

Ирыстоны дæттæ — æвдадзы хос

Фидæны рекреацион комплекс «Мамысон» республикæйæн цæмæй бантыса, уым ис бирæ фæзилæнтæ, сæ иу — бальнеологийы къабаз републикæйы райрæзын кæнын. Уый фæдыл ныхас кодта санаторон-курортон иугонд «Ирыстоны курорттæ»-йы сæйраг специалист ГУЫРИАТЫ Нинæ.

Уый бæлвырд радзырдта Тиб æмæ Мамысоны донгуырæнты тыххæй, æвзалытуаг дзы цас ис, уыцы цæстæй акæсгæйæ, сæ дыууæ дæр æппæт иннæ дæттæй цæмæй хицæн кæнынц æмæ цæмæй пайда сты, уый тыххæй.

Куыд загъта, афтæмæй, йæ дзæбæхгæнæн миниуджытæм гæсгæ, дон «Тиб-1» хъуыстгонд “Боржоми”-йæ ницæмæй хицæн кæны, «Тиб-2» та у, йæ дзæбæхгæнæн миниуджыты тыххæй йæ кой дæрдтыл кæмæн айхъуыст, «Нафтуся», зæгъгæ, Трускавецы уыцы доны халдих, суанг ма уымæй дæр хуыздæр, уымæн æмæ Тибы донæн ис æндæр рæттæм ласæн æмæ йæ дарын дæр у æнцон, уымæн æмæ дзы ис æрдзон консерванттæ. Сæ дзæбæхгæнæн миниуджытæй Тибы дæттæ хъуыстгонд рагæй сты, уымæ гæсгæ алы сæрд дæр ардæм дон нуазынмæ цæуы бирæ адæм, суадæтты раз сæвæрынц цатыртæ æмæ дзы цæрынц цалдæргай бонтæ. Уæдæ Тибы дæттæн се ‘вæрæнтæ дæр сты тынг хъæздыг — суткæмæ 971 кубометры. Куыд фидæны курорт, уыцы хуызы Тиб ныридæгæн дæр у цæттæ, уымæн æмæ хæдзары куыстытæ кæнынæн, нуазынæн дæр доны æвæрæнтæ сты тынг бирæ.

— Мамысоны кой куы кæнæм, уæд сæ пайда кæнынæн фадæттæ нырма нæма ис, уымæн æмæ геологон-сгарæн, гидродинамикон куыстытæ нырма уал сты адарддæргæнинаг, хъæуы дзы, дон кæуылты цæуа, ахæм хуынчъытæ зæххы ныккæнын. Æнæуи та, сгарæн куыстытæ геологтæ куы райдыдтой, уæд дæр бæрæг уыд, æвзалытуаг дæттæн се ‘вæрæнтæ ацы ран кæй сты тынг хъæздыг — суткæмæ 320 кубометры. Æмæ уæд дæр, доны химион скондмæ специалисттæ куы æркастысты, уæд загътой, йæ дзæбæхгæнæн миниуджытæм гæсгæ, Кисловодскы хъуыстгонд “Нарзан”-æй кæй ницæмæй хицæн кæнынц. Æппæт хъæугæ куыстытæ кæронмæ арæзт куы æрцæуой, уæд нæ бон уыдзæн Мамысоны æвзалытуагæй хъæздыг дæттæй пайда кæнын. Уыцы хъуыддаг, æнæмæнг, хорзæрдæм фæзындзæн республикæйы бальнеологийы къабазы æнтыстджын райрæзтæн, — загъта Гуыриаты Нинæ.

Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ, хъуыддаг сæнтысын кæнынæн афæдзы размæ арæзт æмæ фидаргонд кæй æрцыд бальнеологийы къабаз республикæйы райрæзын кæныны фæдыл сæрмагонд гæххæтт. Уым цы амынддзинæдтæ ис, уыдон æххæстгонд куы æрцæуой, уæд Цæгат Ирыстоны фæзындзæн дон нуазынæй дзæбæхгæнæн санаторитæ æмæ курорттæ.


Дедегкаты Зæлинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here