0
237

Арфæтæ æмæ хæрзиуæг — Плиты Махарбегæн

Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты адæмон кафтыты ансамбл «Ирыстон»-ы аивадон разамонæг Плиты Махарбегæн йæ 70 азы юбилейы тыххæй раарфæ кодта Хицауады Сæрдары хæдивæг Иринæ Азимова.

Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы æмæ республикæйы разамынды номæй, уый юбилярæн арфæтимæ радта Цæгат Ирыстоны уæлдæр хæрзиуæг, майдан «Ирыстоны Намысæн». «Бирæ азты дæргъы мах зæрдæскъæфт фестæм дæ цæхæркалгæ дæсныйадæй. Де сфæлдыстадон фæндаг у бæрзонд дæсныйад æмæ равзæрст хъуыддагыл æнувыды дæнцæг. Нæ Фыдыбæстæйы аивады рæзтмæ бахастай стыр бавæрæн. Æнæниз у, сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæ æмæ фарнæй хайджын», — загъта Иринæ Азимова.

Плиты Махарбег Хицауадæн бузныг загъта се ‘рхъуыдыйы тыххæй.


РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы æмæ Хицауады

пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here