0
220

Фæзминаг цардвæндаг

Арæх фехъусæн вæййы: ахуыргæнæджы куыст уæззау у, фæлæ хъæугæ æмæ арфæйаг. Кæддæр, дам, иу инæрал хæсты фæстæ азты афтæ загъта: Фыдыбæстæйы Стыр хæст рамбылдта ахуыргæнæг. Ома, рæнхъон салдатæй райдай æмæ инæралæй фæу, се ‘ппæт дæр слæгтæ сты ахуыргæнæджы фæрцы, уый сæ сахуыр кодта Фыдыбæстæ уарзын æмæ хъахъахъæнын

Æнцон нæу хорз ахуыргæнæджы ном райсын. Уый хъуамæ зæрдæйæ уарза йæ дæсныйад, иудадзыг фылдæр кæна йæ зонындзинæдтæ, йæ бон фæндаг ссарын уа йæ ахуырдзаутæй алкæй зæрдæмæ дæр, æмбара сæ æмæ сæм гуырын кæна ныфс,æууæнк æмæ уарзондзинад йæхимæ дæр æмæ сæ цæуыл ахуыр кæны, уыцы хъуыддагмæ дæр.

Ахæм ахуыргæнæгыл банымайæн ис æрыгон, фæлæ фæлтæрдджын, стыр сомбон кæмæ æнхъæлмæ кæсы Хæххон паддзахадон аграрон университеты агроэкологи æмæ зайæгойхъахъхъæныны кафедрæйы профессор Кодзырты Хасаны фырт Аслæнбеджы. Уый райгуырд 1974 азы Елхоты хъæуы. Ам фыццæгæм астæуккаг скъола каст фæци 1991 азы æвзист майданимæ. Уыцы аз бацыд Хæххон паддзахадон аграрон университетмæ. Æртыккаг курсмæ куы бахызт, уæд, иттæг хорз бæрæггæнæнтыл кæй ахуыр кодта, æхсæнадон царды дæр активон архайæг кæй уыди, уый тыххæй ма йæ экономикон факультеты æртыккаг курсмæ дæр райстой.

Аслæнбег иттæг хорз ахуырæй уæлдай ма архайдта хихъæппæрисадон къордты, студентты спортивон царды. Ноджы ма йын æрдз балæвар кодта стыр юморы курдиат æмæ дзырдарæхстад. Архайдта факультеты командæйы «Студентон уалдзæг»-ы, стæй КВН-95 Сочийы. Алы ран дæр хорзæхгонд æрцыд Кады гæххæттытæй.

Кæд йæ хъуыддæгтæ ахуыры дæр, университеты æхсæнадон царды дæр æнæкъуылымпыйæ цыдысты, уæддæр, рæстæг æмтъерытæ æмæ æбæрæг кæй уыд, уый нымайгæйæ, хъомылгæнæг фыды зæрдæ æхсайдта йæ фыртмæ.Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, бирæхæрзиуæгджын Аслæнбеджы фыд Хасан-иу арæх абæрæг кодта агрофачы деканы. Æргом фарстытæ лæвæрдта, ома, ацы фæрсаг хъуыддæгтæ лæппуйы йæ сæйраг фæндагæй нæ иппæрд кæнынц, йæ сомбоны дæсныйадæй йæ нæ фæкъуылымпы кæндзысты? Фæлæ-иу алыхатт дæр уыцы иухуызон хорз дзуапп куы райста, уæд-иу фæллад хæстон лæг зæрдæрайæ рараст йæ къонамæ.

Аслæнбегæн райдайæн курсытæй йæ зæрдæ ахсайдта наукон-иртасæн архайдмæ. Кафедрæйы наукон-иртасæн куыстимæ йæхи сбæтгæйæ, арæх докладтæ кодта студентты наукон конференциты. Университет фæуыны агъоммæ йæ иртасæн куыстыты фæлгæты мыхуыры рауагъта æртæ наукон уацхъуыды. 1996 азы январы иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци университет, агрономы дæсныйад райсгæйæ. Фæстæдæр майы мæйы та — экономикон факультет. Уыцы аз æй куыстмæ райстой сæхи кафедрæйы ассистентæй, æмæ æнæхъæнæй дæр аныгъуылд наукон-иртасæн куысты. 24-аздзыд Кодзыры-фырт профессор Фæрниаты Алыксандры разамындæй æнтыстджынæй бахъахъхъæдта наукæты кандидаты диссертаци ахæм темæйæ: «Симбиотическая активность и урожайность люцерны в зависимости от режима минерального питания в Предгорной зоне РСО-Алания», æмæ йын университеты ахуыргæндты советы уынаффæмæ гæсгæ лæвæрд æрцыд доценты ном. Дæс азы дæргъы наукон-иртасæн куыст фæкæнгæйæ, йæ бирæ фæллæйтты бындурыл бахъахъхъæдта докторон диссертаци ахæм темæйæ: «Научное обоснование реализации биологического потенциала люцерны в Центральной части Северного Кавказа». Университеты наукон советы уæнгтæй уæлдай ма йын йæ куыст хорзыл банымадтой æмæ йын аккаг аргъ скодтой профессортæ Б.Х. Жеруков — (Налцыкк), В.В. Коломейченко — (Орел), А.Н. Кшникаткина — (Пензæ).

Йæ наукон консультант, профессор Фæрниаты Алыксандр, Советы ныхаскæнгæйæ, загъта: «Æрдз фылдæр кæмæн радта, уымæй фылдæр домд цæуы, æмæ ма йæ хъуыды бафидар кодта ирон æмбисондæй: цы гал хуыздæр цæуа, ууыл тынгдæр кусынц. Сæрыстыр дæн Кодзырты Аслæнбегæй. Сомбон мæ чи раива, уый ис».

2010 азы 15 январы Уæрæсейы Уæлдæр Аттестацион Къамис хорзыл банымадта Аслæнбеджы диссертацион куыст, æмæ йын 34-аздзыдæй лæвæрд æрцыд наукæты докторы ном. Йæ иртасæн куыстыты бындурыл ын мыхуыры рацыд 180 наукон куысты, уыдонимæ — иуæндæс патенты æрхъуыды кæныны хъуыддаджы, æртæ монографийы, фынддæс ахуырæн æххуысы чингуытæ, дыууæ практикон рекомендацийы. Бацæттæ кодта хъæууон хæдзарады наукæты æртæ кандидаты, разамынд дæтты аспиранттæн.

2017 азы ноябры профессор Кодзыры-фырт æвзæрст æрцыд агроэкологи æмæ зайæгойхъахъхъæнæн кафедрæйы сæргълæууæгæй. Курдиатджын ахуыргæнæгæн йе ‘нтыстдзинæдтæ бæрзонд уымæн сты, æмæ йæ зонындзинæдтæ сты уæрæх æмæ бæркадджын алы къабазы дæр. Уыдон иумæ æрбамбырд кæнын æмæ бабæттын зоны. Сæйрагдæр та сæ студенттæм бæстонæй фæхæццæ кæнынмæ арæхсы. Уымæй уæлдай, йæ куысты бынатмæ, йæ къæлæтджын бандонмæ нæ кæсгæйæ, стыр аргъ кæны, куыд хистæртæн, афтæ кæстæртæн дæр. Уый тыххæй йын уæлдай аргъ кæнынц йе ‘мкусджытæ дæр æмæ студенттæ дæр.

Аслæнбег ахуыргæнæджы куысты ахсджиагыл нымайы рæстæгæй-рæcтæгмæ йæ комкоммæ профессионалон хæсты арæнтæй рахизын, зоны æмæ арæхсы, цæмæй студенттæм æввахсдæр уа.

Аслæнбег æрмæст курдиатджын ахуыргæнæг нæу, фæлæ ма хорз спортсмен-æхсæнадон архайæг.

Бирæты дисы æфтауы Аслæнбеджы куыстуарзондзинад, йæ тырнындзинад, университетмæ йæ æгæрон уарзондзинад, йæ равзæрст дæсныйадыл иттæг æнувыд уæвын. Тырны кæддæриддæр баххуыс кæнынмæ йе ‘мкусджытæн, студенттæн. Удцырен кæныныл архайы након-иртасæн æмæ ахуыргæнæджы куыстыты, йæ зонындзинæдтæ зæрдиагæй дих кæны алкæимæ дæр. Хъысмæт æй буцахуыр не скодта. Уарзы кусын, йæ равзæрст бæллицтæ æмæ нысантæм тырнын, æмæ йæ фæллойуарзондзинады фæрцы йæ къухы æфтгæ дæр кæнынц

Аслæнбег æрмæст стыр ахуыргонд нæу, фæлæ ма у æнгом бинонты къорды хистæр, уынаффæгæнæг æмæ дарæг. Йæ цардæмбал Баситы Ларисæимæ хъомыл кæнынц дыууæ фырты. Хистæр, Батырбег, дыууæ азы размæ иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци 26-æм скъола. Скъоладзауты æхсæн цы алыхуызон олимпиадæтæ цыд, уыдоны бирæ хæттыты уыдис уæлахиздзау. Ахуыры æмæ олимпиадæты стыр æнтыстдзинæдтæ кæй æвдыста, уый тыххæй йæ 2017 азы Ахуырад æмæ наукæйы министрад 10 скъоладзауимæ схорзæхджын кодта балцæгæй Æппæтуæрæсеон лагер «Артек»-мæ. Ныртæккæ та ахуыр кæны Бетъырбухы Агрокосмосон прибортæарæзтады университеты техникон ногдзинæдтæ æмæ бындурон цæттæкæнынады факультеты 2-æм курсы. Батырбег дæр ахуырмæ йæ фыды халдих фæци. Кæстæр нырма чысыл у. Бахъомыл уæд æнæнизæй йæ ныййарджыты фæндиаг.

Аслæнбеджы цардвæндаг фæзминаг æмæ сæрыстырдзинадæн бæззы канд мыггагæн нæ, фæлæ Елхоты хъæубæстæн, æнæхъæн Кировы районæн, æмткæй райсгæйæ та Ирыстоны кæстæр фæлтæрæн се ‘ппæтæн дæр.


Хетæгкаты Оксанæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here