0
254

Цæмæй Цæгат Ирыстон фылдæр туристты суазæг кæна…

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн кусæг фембæлд уыд РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбег æмæ Туризмы республикон комитеты сæрдар Хъодзаты Зауырбегимæ.

Фембæлды рæстæг æргом аздæхтæуыд Цæгат Ирыстоны туристон инфраструктурæйы дарддæры райрæзтмæ, стæй хæстæгдæр туристон сезонмæ аккаг хуызы бацæттæ кæныны фарстытæм.

Ныхасы райдайæны Битарты Вячеслав куыд фæнысан кодта, афтæмæй сæрды фæлладуадзæн рæстæгмæ цæттæгæнæн куыстытæ ныридæгæн райдайын хъæуы, цæмæй туристты фæлладуагъдæн Цæгат Ирыстоны уа зæрдæзæгъгæ уавæртæ.

— Нæ зæрдæ дарæм, ацы аз республикæмæ æндæр регионтæй ноджы фылдæр уазджытæ кæй ссæудзæн, ууыл. Уыимæ, æппæт фадæттæй дæр бацархайын хъæуы, цæмæй Цæгат Ирыстоны уазджытæ зæрдæрайæ баззайой, республикæйы цы бонтæ арвитой, уымæй, — бафиппайдта Битары-фырт.

Уыцы нысаныл профилон ведомствæтæ æмæ организацитæ куыд кусынц, уый тыххæй уыд йæ раныхас Хъодзаты Зауырбегæн. Комитеты сæрдар куыд загъта, афтæмæй фыццаградон æргом здæхт цæуы, туристтæ сæ фæллад кæм уадздзысты, уыцы курорттæ æмæ иннæ ахæм бынæтты лæггæдты хæрзхъæддзинад æнаипдæр æмæ хуыздæр кæнынмæ. Цæмæй фæллад суадзын æмæ республикæйы зæрдылдарæн бынæттæ фенынæй уæлдай, туристтæн алы ран дæр уа, хойраг кæм бахæрой, транспорты лæггæдтæй кæм спайда кæной æмæ афтæ дарддæр. Хъодзайы-фырты ныхасмæ гæсгæ, ахæм техникон æмæ санитарон ифтонгдзинады æппæт фарстытæ дæр лыггонд цæудзысты федералон нормативты бындурыл.

Фембæлды архайджытæ сæрмагонд æргом аздæхтой Цæгат Ирыстоны туристон гæнæнтимæ фылдæр адæмы базонгæ кæныны фарстмæ дæр. Профилон комитеты сæрдар куыд фæнысан кодта, афтæмæй иуæй-иу федералон æмæ регионалон дзыллон хабархæссæг фæрæзты рæстæгæй-рæстæгмæ мыхуыргонд æрцæуы рекламон хъусынгæнинæгтæ Цæгат Ирыстоны алæмæты æрдз æмæ зæрдылдарæн бынæтты тыххæй. Уымæй уæлдай, хæстæгдæр рæстæг республикæмæ радон хатт æрхондзысты уæрæсейаг туристон агентадты минæвæртты, цæмæй уыдон сæхи цæстæй феной республикæйы рæсугъддзинæдтæ æмæ фылдæр адæмы æргом здахой Цæгат Ирыстонмæ.

Ацы æмæ иннæ фарстытæ ахадгæдæр хуызы лыг кæныны фæдыл Битарты Вячеслав бæлвырд амынддзинæдтæ радта профилон ведомствæты разамонджытæн.


РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы

æмæ Хицауады

пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here