0
252

Рагагъоммæ хъæлæс кæнын

«Иугонд Уæрæсе»-йы рагагъоммæ хъæлæс кæныны регионалон оргкомитетæн уыд фыццаг æмбырд. Оргкомитеты уæнгтæ фехъусын кодтой, рагагъоммæ хъæлæс кæныны архайджытæн сæ гæххæттытæ бадæттыны афон кæй райдыдта, уый.

Рагагъоммæ хъæлæс кæныны регионалон оргкомитеты сæрдар Ортабайты Тимур куыд фехъусын кодта, афтæмæй «Иугонд Уæрæсе»-йы рагагъоммæ хъæлæс кæнын ацæудзæн бынтон æргом уавæры, архайдзысты дзы, регистрацигонд чи æрцæуа, уыцы æппæт æвзарджытæй æрмæст партийы уæнгтæ чи у, уыдон нæ, фæлæ нæ партийы уæнгтæ чи нæу, уыдон дæр.

— Мах бацархайдзыстæм, — загъта Тимур, цæмæй рагагъоммæ хъæлæс кæныны архайой, бæстæ æмæ республикæйы зындæр уавæрты йæхи сæрæнæй чи равдыста, уыцы бархионтæ. Мæ зæрдæ дарын, уыдонмæ кæй ис политикæ æмæ хицаудзинады оргæнты кусыны нысантæ. Иугондуæрæсейæгтæй фæстæмæ регионалон оргкомитеты уæнгтæм хаст æрцыдысты æхсæнады минæвæрттæ, бархионтæ, фæсивæдон организацитæ æмæ дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæ. Уыдон æххуыс кæндзысты хъæлæс кæныны æргомдзинадæн, сæ цæст дардзысты, хъæлæс кæнын куыд цæудзæн, уымæ.

Хъæлæс кæныны чи архайа, уыдонмæ домæнтæ дæр бæлвырдгонд æрцыдысты. Хъуамæ сæ алчидæр уа 21 азæй хистæр, иудадзыг цæра Уæрæсейы, æндæр паддзахады цæрыны бар æм ма уа, ма уа тæрхонгонд, стæй йæм ма уа фæсарæйнаг активтæ.

Цæмæй кандидат регистрацигонд æрцæуа, уый тыххæй куырдиаты хъуамæ фæнысан кæна йæ мыггаг, ном æмæ фыды ном, йæ райгуырды аз, йæ цæрæн æмæ йæ куысты бынат, стæй æндæр хъæугæ хабæрттæ.

Ацы аз ма куырдиаты фæзынд ног хай — волонтерты æмæ бархионты змæлды архайын. Кандидатты регистраци ахæццæ уыдзæн 29 апрелы онг.

15 мартъийæ фæстæмæ кусын райдыдта официалон сайт https://pg.ez.zu — ам бакæсæн ис æппæт дæр рагагъоммæ хъæлæс кæныны тыххæй. Уый цæудзæн 24-30 маймæ электронон формæйы. 19 сентябры иугонд хъæлæс кæныны бон æвзарджытæ сбæрæг кæндзысты, Паддзахадон Думæйы партийы минæвар чи суыдзæн, уый.

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here