0
251

Республикæйы рæзты фарстытæ

«Нæ размæ цы хæстæ æмæ нысантæ лæууы, уыдон нын бæлвырдгонд сты. Фæстаг азты нæ республикæ æмæ Уæрæсейы Финансты министрады ‘хсæн æмгуыстад банывыл, алцыдæр дзы рæстмæ цæуы. Архайæм, цæмæй хи хъалонты æмæ æнæхъалонты æфтиæгтæ рæзой, афтæ иннæ бæрæггæнæнтæ дæр. Ныр та нæ, бюджетмæ фылдæр æфтиæгтæ чи дæтты, уыцы къабæзты куыстмæ хъæуы æргом аздахын», — знон Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз Хицауады æмбырды фæбæрæг кодта ахсджиаг фарст.

Цæгат Ирыстон æмæ Уæрæсейы Финансты министрады ‘хсæн РЦИ-Аланийы социалон-экономикон рæзты æмæ паддзахадон финанстæ банывыл кæныны тыххæй разыйы гæххæттмæ хаст нысантæ æххæст кæныны тыххæй радзырдта финансты министры фыццаг хæдивæг Оксанæ Карова. Куыд бамбарын кодта, афтæмæй гæххæтт арæзт у дотацитæ исыны хъуыддаг фæныллæгдæр, хъалонты бæрцытæ фæахадгæдæр, хи хъалонты æмæ æнæхъалонты æфтиæгтæ фæфылдæр кæнынимæ.

Уымæй уæлдай ма фæбæрæг кодта, РЦИ-Аланийы 2021 æмæ 2022-2023 азты иугонд бюджетон бафыстмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй фарст дæр. Куыд бамбарын кодта, афтæмæй коронавирусы пандемийы рæстæг ахсджиаг у дзæбæхгæнæндæтты материалон-техникон фадæттæ фæхуыздæр кæнын. Тускъаты Таймуразы ныхасмæ гæсгæ, Республикон клиникон рынчындоны хъуамæ базилой реанимацион-анестезиологон хайадмæ, сцалцæг æй кæной, балхæной хъæугæ ифтонггæрзтæ. Уыдæттæ бакæнын хъæуы цыбыр рæстæгмæ.

«Граждæнтæн цæрæнуæттæ радтыны æмæ сын цæрæнуатон-коммуналон хæстæ фидгæйæ паддзахадон æххуыс бакæныны» программæйæн фæрæзтæ радих кæныны тыххæй раныхас кодта арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Моргуаты Константин. Ныхас цæуы æрыгон бинонтыл, программæ кусдзæн 2025 азмæ. «Уый у фидæнмæ хорз бавæрд, районтæ хъуамæ се ‘хцайы бæрц уыцы хъуыддагæн радтой. Фæстаг азты федералон центр бирæ алыхуызон программæтæ рахаста адæмы хорзæхæн, мах сæ æххæст кæнæм, нæ хæстæ æмбарæм», — загъта Хицауады Сæрдар.

Паддзахадон муниципалон кусæндæтты сæ сывæллæттæм кæмæн кæсынц æмæ зилынц, уыцы ныййарджытæн æрвылазон рæстæмбис фиддон сфидар кæныны тыххæй раныхас кодта ахуырад æмæ наукæйы министр Людмилæ Башарина. Йæ ныхасмæ гæсгæ, фиддон баззад фароны æмвæзадыл, у 2279 сомы. «Хъуамæ архайæм, цæмæй къаддæр уа, ууыл. Ныртæккæ ныййарджыты фиддонтæ ныллæг сты Мæздæджы æмæ Æрæфы районты», — бафиппайдта министр.

Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбеджы раныхас баст уыдис зæххы хæйттæ иу нысаниуæгæй иннæмæ раивынимæ. Хъæууохæдзарадон зæххы хæйттæ хъуамæ раивой промышленнон нысаниуæгмæ æмæ дзы фæндæгты фæрсты лæггæдтæ кæнæг куыстæуæттæ саразой, Дыгуры районы та — туризмæн хъæугæ комплекс.

Фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэл цы фарстыл æрдзырдта, уымæ гæсгæ ивддзинæдтæ хъæуы бахæссын «РЦИ-Аланийы 2024 азмæ, иумæйагæй пайда кæмæй кæнынц, уыцы автомобилон фæндæгты рæзт æмæ рацарæзты» паддзахадон программæмæ. Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæ хъуамæ Солийы-фырт аныхас кæна Беслæны разамындимæ, æхсæнады минæвæрттимæ, æмæ сæхицæн фæбæрæг кæной, ахсджиагдæр автомобилон фæндæгты рацарæзт, цалцæг. » Уыцы æхца, 440 милуаны æмæ 348 мин сомы, хъуамæ хардзгонд æрцæуой ахæм нысантыл», — бафæдзæхста Хицауады Сæрдар.

Хъæууон хæдзарады министрады «Бындурон арæзтады управлени» кæй сарæзтой, уымæ гæсгæ сын сфидар кæнын хъæуы мызды бæрцытæ. Уыцы уагæвæрды тыххæй радзырдта министры фыццаг хæдивæг Мæрзойты Хъазыбег. Управлени царды уадздзæн хъæууон хæдзарады иумæйаг рæзты программæ. «Хъæуты цы арæзтæдтæ уыдзæн, уыдоны проектты-хæрдзты гæххæттытæ хъуамæ уæ кусджытæ рагацау бацæттæ кæной. Уæ архайд хъуамæ хорзæрдæм фæзына хъæуты цардыл, сæ фæрныгадыл. Кусут иумæ районты разамындимæ, ахсджиаг у фыццаградон хъуыддæгтæ фæбæрæг кæнын. Уæд нын федералон программæты архайын фенцондæр уыдзæн», — ахæм хæстæ Мæрзойы-фырты размæ сæвæрдта Тускъаты Таймураз.

Хицауады æмбырды ма равзæрстой æмæ сфидар кодтой æндæр ахсджиаг фарстытæ дæр.

Бутаты Эльзæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here