Удварны бæркад æмæ æнкъарæнты дуне

0
552

 

Дзанайты Иванæн (Нигер) йе сфæлдыстадон фæндаг куы фæци (1890-1947), уæд 64 азы фæстæ, стыр поэты Райгуырæн боны 125 азы къæсæрыл, рухс федта йæ равзаргæ уацмысты ног æмбырдгонд «Нигер». Ирон литературæйы классикы уацмыстæ хицæн чингуытæй мыхуыргонд нал æрцыдысты 1968-æм азæй фæстæмæ, ома, фæндзай азæй фылдæр. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы чиныг стыр ахъаз фæуыдзæн поэты зæрдæскъæф поэзи арфдæр бамбарын æмæ банкъарынæн, Нигеры поэзиуарзджытæ та кæндзысты фылдæр. Цалдæр ныхасы мæ зæгъын фæнды, авторы поэтикон, прозаикон, критикон, публицистикон, тæлмацгонд уацмысты раздæры æххæст рауагъдты тыххæй. Ацы чиныджы размæ Нигерæн 1966-1968-æм азты рухс федта йæ æртæтомон рауагъд. Уый хицæн кæны наукон æмæ эмпирикон структурæйæ, уацмыстæ æвзарыны, тексттæ цæттæ кæныны æмæ комментариты иугонд концепцийæ. Уыцы уæззау хæс йæхимæ райста æмæ удуæлдай фæллой бакодта Гуытъиаты Хъазыбег. Нигеры тексттæ зонадон æгъдауæй академион рауагъдæн бацæттæ кæныны хъуыддаг æнусы ‘рдæджы размæ рауад æнтыстджын. Зæгъын хъæуы уый, æмæ уыцы рауагъды тексттæ систы бындур ныртæккæйы уацмысты æмбырдгондæн. Фыццаг вариантмæ цы уацмыстæ бацыдысты, уыдон се ‘ппæт дыккаг рауагъды не сты, уымæ гæсгæ йæ уацмысты æххæст æмбырдгонд рахонæн нæй, фæлæ равзæрст уацмысты чиныг. Афтæ хъуыды кæнынц чиныгаразджытæ дæр. Ам банысан кæнын хъæуы уый, æмæ æмбырдгæнæн куыст цæуы дарддæр, æмæ уыцы фарстайыл кусдзысты, Нигеры уацмысты æххæст рауагъдæн рухс фенын чи сфæнд кæна, уыдон.

Нæ хъуыдымæ гæсгæ, уыцы проблемæ Гуытъиаты Хъазыбег нымадта æххæстыл æмæ æртæтомоны фæнысан кодта: «Уацмысты æххæст æмбырдгонд». Ссæдз азæй фылдæры размæ Джусойты Нафи æмæ æз сфæлдыстадон зилдухмæ бахастам, фыццаг академион рауагъдмæ чи нæ бацыд, ахæм цыппор уацмысæй фылдæр. Уыдоны ‘хсæн сты æмдзæвгæтæ, уацтæ, очерктæ, кæцытæ ист æрцыдысты центрон æмæ бынæттон газеттæй, журналтæй, альманахтæй, архивтæй æмæ иумæйаг æмбырдгæндтæй. Уый ууыл дзурæг у, æмæ æппæт æрмæджытæ æмбырдгонд нæма ‘рцыдысты.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ Нигерæн йæ удæгасæй йæ уацмысты æххæст æмбырдгонд уагъд не ‘рцыд. Зындгонд куыд у, уымæ гæсгæ йæ архивы ахæм æмбырдгонд рауадзыны пъланæн нæ разынд æвдисæндартæ. Йæ удæгасæй йын цы рацыд, уыдонмæ кæйдæр къух хæццæ кодта (канд цензурæйы нæ, фæлæ стилистикон æгъдауæй дæр), къухфыстытæ хорз хъахъхъæд не ‘рцыдысты, алыхуызон архивæвæрæнтыл хæлиугонд æрцыдысты, нывыл сæ нæ сахуыр кодтой. Зындгонд куыд у, афтæмæй-иу поэт йæ раздæры уацмыстæм фæстæмæ раздæхт, æндæр сфæлдыстадон цæстæй-иу сæм æркаст, бахаста-иу сæм композицион ивддзинæдтæ, гуырахст æмдзæвгæты тексттæ-иу фæцыбырдæр кодта. Гъе уымæ гæсгæ зындзинæдтæ сæвзæры цавæрфæнды нырыккон рауагъд бацæттæ кæныны хъуыддаджы дæр, уымæн æмæ дзы вæййы дзæвгар структурон æмæ текстологон варианттæ. Уыимæ, алы вариант дæр домы тексттæ бындуронæй раиртасыны куыст. Хъыгагæн, нырма æппæт зындгонд æрмæджытæ иртæстгонд нæма æрцыдысты.

Нигеры æвзæрст уацмысты иутомон æмбырдгонд цæттæгæнгæйæ, йæ саразджытæ Тедтойты Зинæ æмæ Ханайты Зæлинæ (поэты чызджы чызг) сæмбæлдысты зындзинæдтыл, куыд сфæлдыстадон, афтæ материалон æгъдауæй дæр. Абон рауагъдад «Ир»-æн йæ бон нæу ахæм проекттæ рауадзын, ома, нæ классикты æххæст æмбырдгæндтæ. Гъе уымæ гæсгæ сфæнд кодтой Нигеры уацмысты хуыздæр уацмысты иутомон чиныг рауадзын. Æмæ абоны уавæрты уый хорз фæндон уыд. Чиныг арæзт у фондз хайæ: «Æмдзæвгæтæ», «Прозæйæ фыст æмдзæвгæтæ», «Поэттæ», Литературон-критикон уацтæ» æмæ «Тæлмацтæ». Ахæм равæрды миниуæг уый мидæг ис, æмæ чиныг саразджытæ æрлæууыдысты традицион уагæвæрдтыл. Фарст сысты, цас раст у чиныджы композици, поэты сфæлдыстадон фæндонæн дзуапп дæтты, æви уый чиныг саразджыты афтæ бафæндыд? Нигер кæй нал ис, уымæ гæсгæ нæм нæй авторы вариант. Чиныгаразджыты тыххæй куы дзурæм, уæд уыдон раст бакодтой, классикон хуызы йæм кæй бацыдысты, уымæй. Æнцой кодтой литературæйы хуызтыл — поэзи, прозæ, драмæ, критикæ, тæлмац. Афтæмæй, иутомон структурон æгъдауæй у нывыл арæзт.

Æвзæрст уацмысты ног рауагъд ма нын иу хатт бар радта стыр поэты, прозаикы, критикы æмæ тæлмацгæнæджы алывæрсыг сфæлдыстад раиртасыны иу фæлварæн скæнынæн. Цы сты Нигеры сфæлдыстады миниуджытæ? Йæ поэтикон цæстæнгас, эстетикон зондахаст уæлдай ирддæрæй зыны йæ зындгонд номарæн æмдзæвгæты: Къостайæн, Коцойты Арсенæн, Хозиты Яковæн… Уыцы уацмысты рæнхъытæ райстой классикон поэзийы мидис. Уый та хæстæг лæууы æхсæнадон цардмæ, адæммæ, ис ын бæрзонд гуманистон принциптæ. Домоклы цирхъ йæ сæрмæ кæм уыд, уыцы æцæгдзинадæй ацæугæйæ, поэт аныгъуылд историйы, фольклоры æмæ фантазийы дунейы. Нигер уыцы къæпхæныл куы нæ слæууыдаид, уæд национ классикты раззагдæрты æмрæнхъ никуы слæууыдаид. Фæлæ поэт разы нæ уыд уыцы рæстæджы æмдзæвгæты фæлтæрæнтæй, уымæ гæсгæ зынгæ фæуæрæхдæр уæды фæлтæрддзинады сæрты ахизыны процесс. Æмæ йын ацы ран фидар æгъдæнцой разынд Къостайы сфæлдыстад, йæ цард-цæрæнбонты йын уыд æвидигæ сатæг суадон.

«Ирон фæндыр»-ы авторы уацмысты Нигер агуырдта æмæ ссардта дзуапп, поэт цахæм хъуамæ уа, уыцы фарстæн. Уый фæстæ уый ссис ирон классикон поэзийы традици. Нигер, куыд ирд адæймаг, стыр хъаруйы хицау, цытджын поэт, афтæ кад кæны удгоймаг-фæлдисæгæн, æвæллайгæ фæллойгæнæгæн, зæхх рæсугъддæр чи кæны, дун-дунетæ базонынмæ чи тырны, ахæм уæлахизхæссæгæн. Адæймаджы фидар зондыл æууæндгæйæ, размæдзыд уæвгæйæ, уый кæсы фидæнмæ, бæллы æппæтадæмон амондмæ. Нигеры поэтикон сфæлдыстад, махæн æрмæст ирон литературæйы историйы тæмæнкалгæ сыф нæу, уым ис, абон махмæ хæстæг цы у æмæ немæ æмзæлланг цы кæны, уый. Дзанайты Иван (Нигер) у 20-æм æнусы фыццаг æмбисы ирддæр стъалытæй иу: хицæн кæны йæ культурæйæ, уæрæх зонындзинæдтæй, бирæвæрсыг цымыдистæй. Поэт, прозаик, драматург, литературæиртасæг, публицист æмæ тæлмацгæнæг, уый йæ царды фæстаг бонтæм архайдта, нæ литературæйы, культурæйы, историйы райхалинаг фарстытыл. Иутомоны автор стыр бавæрæн бахаста «Нарты эпос»-ы ранывæст, редакци æмæ рауадзыны хъуыддагмæ. Нигер уыд курдиатджын тæлмацгæнæг, ратæлмац кодта дунеон классикты хуыздæр уацмыстæ ирон æвзагмæ: Марциал, Хайам, Гейне, Крылов, Пушкин, Грибоедов, Лермонтов, Тютчев, Фет, Горький, Гафури. Йæ литературон архайд Нигер адарддæр кодта, куыд Къостайы фæдон, афтæ. Йæ æмдзæвгæты арæзты культурæ кæмдæрты рох кæнын кæй байдыдта, уымæ гæсгæ йæхицæн хæсыл банымадта мифологон мотивтæ æмæ историон сюжеттæм, æмдугонты æмæ рагон хъайтарты фæлгонцтæм чиныгкæсджыты æргом раздахын.

Поэты æмдзæвгæты уæлдай арæхдæр æмбæлынц Нарты кадджыты, грекъаг мифты персонажтæ. Прометей, Æфсати, Гуыйман, Сатайхан æмæ æндæр табуйаг хъайтартæ Нигеры поэзийæ цух не сты. Фæлæ хатт, аивадон символикæ бахъахъхъæнгæйæ, поэт, йæхирдыгонау, аивы фæлгонц, психологон æгъдауæй йæ фæарфдæр кæны. Мифологийы, аргъæутты, таурæгъты сюжеттæм йе ‘ргом кæй здахы, уый эпикон поэтæн йæ нысан никуы уыд, фæлæ баст уыдис йæ идейон-эстетикон цæстæнгасимæ, мифы символикæ йæ хъæуы адæймаджы æрдзысконд æмæ йæ архайды сусæгдзинæдтæ райхалыны тыххæй.

Чиныгаразджытæ раст бакодтой, æмбырдгонды разныхасæн Джыккайты Шамилы бындурон уац кæй равзæрстой, уымæй. Уым нæ адæмон поэт Нигеры схуыдта нывгæнæг, дзырдаивады дæсны æмæ стыр хъуыдыгæнæг адæймаг. Равдыста йæ адæмы сæрыл тохгæнæг æмæ аудæг удгоймагæй. Дур дурыл нал ныууагъта, дам-думтæ йыл чи кодта, уыцы æдзæсгом мæнг удты цъыфкалæнтæй. Бацамыдта, йæ адæмондзинад, поэт æмæ æхсæнады ахæстытæ, йæ аивадон дæсныйад, стæй йæ трагизмы æууæлтæ цæй мидæг сты, уыдæттæ. Æмæ скодта вазыгджын хатдзæг поэты цард, æхсæнадон архайд æмæ сфæлдыстады тыххæй: «Нигер уыд хъомысджын нывгæнæг æмæ хъуыдыгæнæг. Поэт лæмбынæг каст йæ рæстæджы æууæлтæм, уыдта социалон быцæутæ, æвзæрста царды фæзындтыты мидис, сæ аххосæгтæ, сæ рæзты уавæртæ. Уый уыд тохгæнæг гуманист, сæрибары зарæггæнæг, уацхæссæг знон æмæ фидæнæй, æвдисæн йæ рæстæгæн. Нигер цард æмæ куыста адæмы сæраппонд, бæллыд Ирыстон æмæ адæмы амондмæ, йæ фæстаг улæфты онг”.

Нигеры æмдзæвгæты историон мотивтæ æмæ сюжеттæн ис иу миниуæг. Уыдоны фæрцы скæны бастдзинад рæстæг æмæ тыгъдады. Поэт фидар кæны канд фыдæлты фæткон сгуыхтдзинæдтæ нæ, фæлæ нæ рагзаманты æнустæм удæгас аивадон хæзнатæ, уæлдайдæр Нарты кадджытæ; уыдон бацыдысты национ дзырды аивады хæзнадонмæ. Нигеры фæндаг литературæмæ уыд вазыгджын, фæлæ уæддæр сфæлдыста æвидигæ дзырды дæсныйадæй хайджын чингуытæ. Нæ аивадон культурæйы бындуры æвæрд ис поэты къæйдур дæр. Нигеры уацмыстæ кæсгæйæ, мах банкъарæм æнусты рæхысы ирд уысмытæ, уынæм историйы тыгъдад йæ цæхгæр фæзилæн дугты, хъусæм хъайтарты, куырыхонты, поэтты хъæлæстæ. Махмæ разыны, Куырдалæгоны арвы цæлхъыты ферттывдæй ныррухс уæвæг Ирыстоны ивгъуыд. Æмæ дзы фенæм уысмæй æнус скæнæг поэты.

Дзанайты Иван-Нигер стыр адæмы хъæбул нæ уыд, фæлæ стыр курдиаты хицау. Поэты цард æмæ сфæлдыстад сты, йæ адæмы уæвынад, таурæгъау, чи равдыста, ахæм уæлмонц уавæрты тæлмæнтæ. Уый фæрцы суанг сабийы дугæй фæстæмæ тырныдта зонындзинæдтæм. Æмæ йæ уыцы зæрдæйыуаг æркодта Ирыстоны «сæйраг университет» — Æрыдоны семинаримæ. Уырдыгæй йæ хъысмæты фæндæгтæ акодтой Саратовы университеты филологон факультетмæ, фæлæ йæ мидхæсты æвирхъау цауты аххосæй кæронмæ каст нæ фæцис æмæ йæ здæхын бахъуыд Ирыстонмæ. Уæлдæр скъола, ЦИПИ, каст фæцис зынгæ фæстæдæр, æртын авдаздзыдæй — æртынæм азты фыццаг æмбисы. Ног царды æцæгдзинады фæрцы цытджын поэт хæстæгдæр базонгæ уырыссаг æмæ дунеон литературæйы классикон автортимæ. Фæллад уд æмæ зонды æхсæн хъуырдухæнтæ бирæ хъуыддæгтæ раргом кодта йæхицæн æвæджиауы курдиаты хицау. Дзыллæйы зæрдæйы сагъæстимæ æмдзу кæй кодта, уый фæрцы афтæ уырнинагæй уымæн равдыста фыдызæххы цард æмæ бæллицтæ. Æмæ уый зын бамбарæн нæу: поэт рæзыд æмæ хъомыл кодта Нарты кадджытæ æмæ Къостайы зарджытыл æмæ ссис адæмы сагъæстæ æвдисæг фидиуæг.

Иу адæймаджы миддунейы дыууæ нысаны баиу кæнынæн хъуыдис Хуыцауæй арфæгонд уæвын. Æмæ йæ не Сфæлдисæг дзагармæй радта ирон поэтæн. Нигеры дунеæмбарынады уыцы дыууæ æрвон лæвары, рухсхæссæг тынтау, ныр æнусы бæрц узæлынц нæ чиныгкæсджытыл. Стыр курдиаты хицау уæвын алы адæмæн дæр стыр кады хос у. Ирон дзырдаивад ма иухатт æвдисæн ныллæууыд Максим Горькийы уазныхæстæн: «Курдиат адæмы нымæцæй аразгæ нæу!» Уымæ гæсгæ йыл æмхуызон цин кæнынц, куыд цытджын адæмтæ, афтæ чысыл æмæ рæстæмбис адæмыхæттытæ дæр. Фæлæ ма курдиат у бæрндзинад дæр. Æмæ уый тыххæй домы уæрзондзинад. Афтæ Дзанайы-фырты цард æмæ сфæлдыстады фæлтæрддзинад мах æркодта вазыгджын хатдзæгмæ: Ирыстоны ис стыр курдиæттæ, уымæ гæсгæ йæхæдæг дæр у стыр курдиаты аккаг дзыллæ.

Дзанайты Иван-Нигеры хуызæн поэтты алы райгуырæн бон дæр хъуамæ суа Ирыстоны æппæтадæмон бæрæгбон. Алы адæмыхаттæн дæр ахæм хъæбулы фыд уæвын стыр кады хос æмæ уазнысан у. Чи зоны, гъе уымæн, Фыдызæххы азфыстау, карз у йæ фысты хъæд. Фæлæ нæ, уыцы-иу рæстæг, разæнгард кæны йе сфæлдыстады карз рæстдзинад. Æмæ алкæмæн дæр уый тынг вазыгджын æвдисæн у: поэзи адджын хæринаг нæу, фæлæ æргом зæрдæты тæмæн, рæстæг, дуг æмæ адæймаджы сурæт, куыддæриддæр сæ Хуыцау сфæлдыста, афтæмæй. Æппынфæстаг, поэзи — ивгъуыд, абон æмæ фидæны æхсæн монон хид у. Афтæ куы нæ уыдаид, уæд зæххон дунейы цæугæ мæсыг æмæ лæугæ хох никуы суыдаид. Æнæмæнгæй, гъе уымæн Нигеры уацмыстыл арф фæд ныууагъта карз историйы разуынады комулæфт. Уымæн нын æлхæны абон дæр нæ зæрдæ йæ удварны бæркад æмæ æнкъарæнты дуне.

XX-æм æнусы фыццаг æмбисы нæ намысджын поэтæн йæ удæгасæй дæр уыдис стыр кад: ирон дзыллæ уарзта æмæ кад кодта йæ хъуытазхъæлæс булæмæргъæн. Уыдис ыл аууонæппарджытæ дæр, фæлæ суанг ахæм уавæрты дæр Нигеры къухы бафтыд адæмы хъæлæсмæ ног зæл — адæмон уæвыны — бафтауын. Виссарион Белинский ахæм сгуыхты тыххæй афтæ фыста: «Сфæлдыстады хъомыс у курдиат, сфæлдыстады мидæг адæмон уæвын та у æндæр курдиат, алыхатт нæ, фæлæ стæм хатт фæзыны уый фыццагимæ». Дзанайы-фырт, йæхи загъдау, «йæ игæрæй хуым кодта царды æнæвнæлд быдыртæ». Йе сфæлдыстад æгас дзыллæйæн дæр равдыста ирон адæймаджы уагæвæрды хуыздæр æууæлтæ. Гъе уымæн йæ ныхас Ирыстоны монон хæзнадоны ахсы сæрмагонд бынат. Нывгæнæг, дзырдаивады дæсны æмæ куырыхон адæймаг цыфæнды кадджын æмæ намысджын куы вæййы, уæддæр æй хъысмæт баппары рæстæджы æгъатыр фæлварæнты цæхæры. Ахæм фæлварæн уылæнты æрмæст бæрзонддæр цæджындзтæ нæ аныгъуылынц. Уымæ гæсгæ се сфæлдыстад ссары ирон кæсджыты ног æмæ ног фæлтæртæ. Йæ кады мæсыгыл алы дуг дæр æвæры ног æмæ ног уæладзыг. Йæ хæтæнты та æрцæрынц нæ дзыллæйы куырыхон уды сыгъдæг тæлмæнтæ.

Цæуынц азтæ, ивынц дугтæ, царды хабæрттæ, фæлæ æнусонæй баззайынц æрмæстдæр цытджын поэты ныстуан æмæ фæдзæхстытæ. Махæн, йæ фæдонтæн, стыр хорзæхау, баззад йæ эстетикон цæстæнгас æмæ йæ поэзийы бæрзонд хъæлæс æмæ нæртон фидыц. Нæ хæрзæгъдауджын царды дæнцæг æмæ удгоймагад систы æфсармы домæнты барæн, кад æмæ рады æвдисæн, æгъдау æмæ намысы уазнысантæ. Афтæ рауайы, поэт æцæг адæмон куы вæййы, æрмæстдæр уæд. Æвæццæгæн, уый у нывгæнæджы адæмы хъæбулыл банымайыны уæлдæр хуыз, нывгæнæджы хуыздæр цыртдзæвæн æнустæм.


Хозиты Барис

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here