Бæрæгбоны арфæтæ

0
387

             

Ирыстоны культурæйы зынаргъ кусджытæ!
Æрвылаз дæр 25 мартъийы кæй сбæрæг кæнæм, уæ уыцы профессион бæрæгбон не ‘ппæтæн дæн фадат дæтты, цæмæй сымахæн — Ирыстоны культурæ æмæ историйы удварнон хæзнатæ хъахъхъæнджытæн иу хатт ма арфæйы ныхæстæ зæгъæм.
Нывгæнджытæ, музыканттæ, дирижертæ, композитортæ, артисттæ, хореографтæ, музейты, библиотекæты, театртæ æмæ культурæйы хæдзæртты кусджытæ, музыкалон æмæ аивадон скъолаты ахуыргæнджытæ, культурон-фæлладуадзæн архайды специалисттæ — сымахæй алчидæр дуне, æнæмæнг, кæны аивдæр æмæ фæрныгдæр.
Ирыстоны бирæнацион культурæ у, бирæ æнусты фæлтæрты удварны хæзнатæ бахъахъхъæнынæн ахъаз чи у, ахæм фидар бындур. Æмæ раздæр куыд уыд, афтæ ныр дæр нæ адæмы удварны хæзнатыл æнцой кæнынц адæмон сфæлдыстад дæр æмæ нырыккон аивад дæр.

Культурæйы зынаргъ кусджытæ, бæрæгбоны хорзæх уæ уæд! Стыр профессион дæсныдзинад, уæ равзæрст дæсныйадыл æгæрон æнувыддзинад, бирæвæрсыг курдиаты тыххæй уын бузныг зæгъын. Æнæниз, амондджын ут! Уæ рухстауæн архайды алкæддæр æнтыстджын ут!

Алексей Мачнев,
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрдар

                     

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here