Амыраны рухс хæссынц нæ цардмæ

0
296

Фондз азы размæ РЦИ-Аланийы фæсивæды регионалон æхсæнадон организаци «Амыран»-ы хъæппæрисæй бындур æвæрд æрцыд нæ республикæйы сывæллæттæ æмæ фæсивæды ирон национ театрты фестивал «Амыраны рухс»-æн. Ацы архайд æнтыстджын рауад æмæ азæй-азмæ фылдæр кæнынц йæ архайджытæ, йæ гæнæнтæ æмæ фадæттæ.

Уæлдæр амынд организацийы разамонæг Лазарты Таймуразы бафæндыд Ирыстоны рæзгæ фæлтæр аивадмæ æрбангом кæнын, цæмæй социалон хызты, интернеты сæ рæстæг къаддæр æрвитой æмæ сын сæ хъомылады рæзтыл алыхуызон æппæрццæг информаци ма ахада. Сывæллæттæн культурон æмæ спортивон царды сæ уд, зондахаст хъæздыгдæр кæнынц, сæ зæрдæты та — æвзæрынц рæсугъд æмæ фæзминаг миниуджытæ.

Фестивал йæ бынат ссардта нæ республикæйы сывæллæтты æмæ æрыгон фæсивæды æхсæнадон царды æмæ дзы разæнгардæй, æхсызгонæй архайынц, фæлварынц сæхи артисты бынаты.

Театралон фестивал «Амыраны рухс»-ы архайдтой Ирыстоны æппæт районты скъолаты сфæлдыстадон-театралон къордтæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны къорд дæр. Фестивал ацы хатт арæзт цыдис фыссæг-драматург Брытъиаты Елбыздыхъойы райгуырды 140 азы, æмæ фестивалыл фондз азы кæй сæххæст, уыцы бонты кадæн. Дзæуджыхъæуы Фæсивæды сфæлдыстады галуаны сценæйы нæ республикæйы скъолаты театралон къордтæ равдыстой миниатюрæтæ ирон цардыуаджы фæдыл. Арæхстджынæй бацархайдтой не ‘гъдæуттæ, традицитæ, фольклоримæ баст фарстытæм сæхи цæстæй акæсыныл. Уыцы хъуыддаджы та сын, æнæмæнг, разамонджытæ уыдысты сæ ахуыргæнджытæ.

Фестивал райдыдта нæ фыдæлты ног азы бæрæгбон «Хæдзаронтæ»-йæ. Хъæлдзæг миниатюрæ бацæттæ кодтой Бруты скъолайы театралон къорды архайджытæ. Бæлвырд равдыстой, кæддæр нæ рагфыдæлтæм ацы æгъдау цы уагыл уыдис, уыцы мидис, абоны рæстæгимæ бынтон ныхмæвæрд кæй сты, уый.

Уый фæстæ, нæ республикæйы æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Руслан зæрдиаг арфæтæ ракодта фестивалы архайджытæн æмæ загъта, ацы фестивал стыр ахъаз кæй у канд рæзгæ фæлтæры раст хъомыладæн нæ, фæлæ мадæлон æвзаджы нывыл рæзтæн дæр.

Цæлыччы скъолайы ахуырдзау Тезиаты Дзерассæ та иронау аив æмæ рæсугъд бакаст аргъау «Хæлиудзых паддзах». Гыццыл чызг уацмысы равдыста, мыстытæ гæдыйы куыд асайдтой, уыцы хъæлдзæг ныв.

Фестивалмæ хаст æрцыдысты Брытъиаты Елбыздыхъойы уацмысты бындурыл æвæрд скъуыддзæгтæ дæр. Сæ иу «Дадолты мæт», зæгъгæ, радзырд театралон хуызы равдыстой Елхоты скъолайы театралон къорд. Æвзонг артисттæ нын фенын кодтой, ивгъуыд æнусы райдайæны æнахуыргонд адæмы мæнгард, фæлитой дæснытæ куыд сайдтой æмæ-иу сæ фæстиуджытæ цæмæ æркодтой, уый.

Æрыдоны театралон къорд та бацæттæ кодта фыссæг Цомартаты Изæтбеджы радзырдмæ гæсгæ æвæрд чысыл спектакл «Фыдхъус — хæдзархал».

Рагæй дæр ирон адæмон сфæлдыстады Нарты кадджыты хъайтартæй — Сырдон æмбисондæн хаст цæуы. Йæ цыргъзонд, йæ хинæйдзаг митæ йын фестивалы сценæйы бæстон равдыстой Цыколайы æвзонг артисттæ. Афтæ дæсны æмæ арæхстджынæй ахъазыдысты æмæ сæ адæймаг æцæг профессионалтæй нæ равзæрстаид.

Тынг цымыдисаг уыдис Хъæдгæроны скъолайы театралон къорды равдыст. Скъоладзаутæ бацæттæ кодтой нæ фыдæлты рагон æмæ кадджын, «Хоры куывд»-ы бæрæгбон. Рагон дарæсы чызджытæ æмæ лæппутæ равдыстой, ирон адæм хоры куывдмæ сæхи куыд цæттæ кодтой, уый кæй уыдис уалдзыгон куыстыты райдайæн. Сыхы мидæг фысымты кæртмæ алы хæдзар дæр æртыгай чъиритæ, кæфы дзидза æмæ бæгæныимæ куыд цыдысты. Кувæджы ныхæстæ та уæларвмæ, Хоры Уацилламæ куыд хъуыстысты.

Уымæй уæлдай, фыдæлты æгъдæуттæй ма æвдыст æрцыд «Авдæнбæттæн» дæр. Ацы спектакл равдыстой Рассветы хъæуы скъолайы артисттæ. Раздæр-иу ноггуырдæн авдæнбæттæн куыд кодтой æмæ-иу сыхы устытæ хуынтимæ куыд æрбацыдысты. Сылгоймæгты хистæр-иу, сабийы авдæны бæтгæйæ, куыд куывта, уыцы мадзæлттæ.

Фестивалы спектаклты мидис тынг цымыдисаг уыд, се ‘ппæтыл æрдзурынæн фадат нæй. Фыццаг бынæттæ уæлахиздзаутæн лæвæрд цыдысты номинацитæм гæсгæ. Ахæм къордтæ дзы уыдис, цалдæргай номинацийы чи рамбылдта. Уыцы къордты районты бынæттон администрацитæн дæр лæвæрд æрцыд Кады гæххæттытæ.

Афтæмæй фыццаг бынат лæвæрд æрцыд æппæт районты къордтæн алкæмæн дæр хицæн номинациты. РЦИ-Аланийы национ ахастдзинæдты фæдыл министр Цуциты Аслан арфæ ракодта фестивалы архайджытæн æмæ кады дипломтæй схорзæхджын кодта уæлахиздзауты.

— Фестивал чи æрхъуыды кодта, уыдон нæ фæрæдыдысты. Амыраны рухс чи хæссы, уыдон сты мæнæ ацы фæсивæд, наци цæрдзæн, цалынмæ цæра æвзаг. Æмæ мæ уырны, не ‘взаг та æнусон кæй у, уый, — загъта Цуцийы-фырт. РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймуразы номæй та Арфæйы гæххæттытæ лæвæрд цыдысты районты бынæттон хиуынаффæйады администрацитæн.

Фестивалы архайджытæн ма арфæтæ ракодтой жюрийы уæнгтæ, нæ республикæйы зындгонд артисттæ Дзгойты Аллæ, Хадаты Альберт, Сечъынаты Элитæ, Кокайты Алан, Баситы Аслан æмæ иннæтæ.



Саутæты Тамилæ

Къам систа

Хъайырты Дианæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here