Фадæттæ — хи продукци уадзынæн

0
218

«Республикæйы разамынд æххæст кæны хъæууон хæдзарады æппæт къабæзты райрæзты программæтæ. Министрады архайдæй фермертæн, хъæууон хæдзарады иннæ товаруадзджытæн æппæтвæрсыг æххуыс кæнынц».

Ахæм хъуыдыйæ райдыдта РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарад æмæ хойраджы министр Уазиты Хъазыбег йæ фембæлд дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытимæ.

Уацхæсджытæ рæгъмæ цы фарстытæ рахастой, уыдон баст уыдысты хъæууонхæдзарадон хи продукци уадзынæн фадæттæ скæнынимæ, йæ бæрц ын фæфылдæр кæнынимæ.

— Ныридæгæн йæ ахадындзинад равдыста 2020-2025 азтæм арæзт паддзахадон программæ «Хъæууон фæзуæтты комплексон райрæзт». Ацы куыстытæн уал радих кодтой 763 милуан сомы. Программæйы бындурыл республикæйы хъæуты ивд цæуынц дондзæуæн хæтæлтæ. Ацы аз июны мæй ахæм куыстытæ кæронмæ ахæццæ уыдзысты Хъæдгæроны, Цыколайы райдайдзыстæм спортивон комплекс аразын, Красногоры цалцæггонд æрцæудзысты скъола æмæ Культурæйы хæдзары бæстыхæйттæ. Республикæйы 6 районы архайынц ацы программæйы, афтæмæй 33 хъæуы арæзт æмæ цалцæггонд æрцæудзæн 44 бæстыхайы.

Хорз уаид, горæты уынгтæ куыд рухс сты, ахæм нырыккон светодиодон рухсытæ сæвæрын хъæууон уынгты дæр. Мæ хъæппæрисимæ разы у республикæйы Сæргълæууæг дæр, æхцайы фæрæзтæ дæр ын радих кодтой, æмæ тагъд рæстæг хъуыддаг сырæздзæн, — загъта министр.

Журналистты фарстытæн дзуаппытæ дæтгæйæ, Уазиты Хъазыбег загъта, бирæ мадзæлттæ арæзт кæй цæуы стурвос дарыны къабаз фæхъомысджындæр кæнынæн, хъæууонхæдзарадон кооперативтæ саразынæн. Æнтыстджын куыст чи кæны, уыдонæй дæнцæгæн æрхаста Цыколайы Бабочиты бинонты æмæ Дигорайы цæрæг Хæтæгты Артуры хæдзарæдтæ. Æхсыры куыст кæндзысты Уыналы, Мæздæджы. Æрбаласæггаг продукцийы хæрзхъæддзинад фылдæр хатт хорз нæ вæййы, уымæ гæсгæ йын йæ бæрц фæкъаддæр хъæуы, æмæ нæхимæ уагъд æхсыр æмæ æхсыры продукттæ уæй кæнын адæмæн.

— Ирыстоны дæттæ иттæг хорз сты балер æмæ æндæр кæсаджы куыст кæнынмæ. Ныридæгæн нæм ис, раппæлинаг куыст чи кæны, ахæм хæдзарæдтæ. Иумæйагæй, 2020 азы схастой 3,5 мин тоннæйы кæсаг. Æнцон куыст нæу, бирæ æхца дзы хъæуы бавæрын, сæ холлæгтæ дæр зынаргъ сты, хъæуы дзы фæлтæрддзинад дæр. Нæ зæрды ис ахуырадон семинар саразын, уæрæсейаг специалистты æрхонын æмæ сæ бынæттон кæсаджы куыстгæнджытимæ фембæлын кæнын, — загъта Уазийы-фырт.

Министр ма фæбæрæг кодта донхорыггæнæн хызтæ техникæйæ ифтонг кæныны, зæхкусджыты-фермерон хæдзарæдтæн паддзахадон æххуысы, уалдзыгон быдырон куыстытæм цæттæдзинад æмæ æндæр ахсджиаг хъуыддæгтæ.


Гугкаты Жаннæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here