Фидар хæц æмæ йæ ма суадз!

0
234

Дзырд «прищепка»-йы (дзаумæттæ ауындзæны) равзæрдæн уырыссаг æвзаджы ис дыууæ æмбарынады. Адонæй иу дзуры, зæгъгæ, ацы дзырды ис уидаг «щеп», æмæ, дам, дзырд йæхæдæг дæр æрвадиуæг кæны дзырд «щепкаимæ». Æцæгдæр, фыццаг дзаумæттæ ауындзæн уыдис кæрæдзиимæ баст дыууæ хъæдын лыггаджы. Фæлæ æндæр æмбарынады фарсхæцджытæ куыд дзурынц, афтæмæй «прищепка» равзæрд мивдисæг «щипать»-æй, ома, æлхыскъ кæнынæй, æмæ ацы хъуыдыйы ныхмæ та ницы зæгъæн ис.

Дыууæ схъисы

 

Куыд загътам, афтæмæй фыццаг дзаумæттæ ауындзæн арæзт уыдис цæрæгойты нуæрттæй кæрæдзимæ баст хъæды лыггæгтæй. Археологтæ сæ иу æмæ дыууæ хатты не ссардтой рагон адæмы цæрæн бынæтты. Иу ныхасæй, кæддæр бырондæттæм цы дзаума æппæрст æрцыд, уый фæзынд фыццаг адæймаджы рæстæджыты. Фæлæ дзы уæд пайдагонд цыд æндæр нысæнтты, фæстæдæр рæстæджытимæ абаргæйæ. Афтæ уыд, æмæ дзаумæттæ ауындзæнæй пайда кодтой уæлæдарæсыл æгънæджыты хуызы кæнæ та бæзджын дзыккутæ фидар кæнынæн.

Фæлæ йæ хицæндзинад уым ис, æмæ дзаумæттæ ауындзæны кой историйы ахъæр, рагзаманты адæм дæр дзы кæй пайда кодтой, уый тыххæй. Æцæг дзы дзаумæттæ нæ хус кодтой, æрмæстдæр ногстыгъд цæрæгойты цæрмттæ. Уыдон бæласы къалиуыл сауындзгæйæ, адæймаг хъуыды кодта, дымгæ сæ тагъддæр цæмæй ахус кæна, канд ууыл нæ, фæлæ сæ цæмæй дымгæ дæр къалиуæй ма раппара. Ай-гъай, цæрмттæ-иу æрцауыгътой лæгæтты мидæг, артмæ хæстæгдæр, æмæ-иу цæрмттæ уайтагъд ахус сты. Ам нæ рагон фыдæл ахæм хъуыдыйыл дæр фæхæст, цæмæй арæзт æрцæуа уый хуызæн æлвасæн.

Иу ныхасæй, фыццаг цивилизацийы фæзындмæ дзаумæттæ ауындзæн уыдис иу кæнæ æндæр хуызы. Фæстæдæр йæ арæзт хуыздæргонд цыдис æмæ йыл кусгæ дæр кодтой. Зæгъæм, Рагон Мысыры дзаумæттæ ауындзæн уыдис суджы дыууæ схъисы, кæрæдзиимæ баст та уыдысты синагæй. Пайда дзы кодтой папирус хус кæнынмæ, уæлдайдæр та хъуымæцтæ. Раззаг Астæуккаг æнусы Англисы афтæ нымадтой, цыма дзаумæттæ ауындзæн ардæм æрластой цигантæ. Уыдон-иу арæх сæ дзаумæттæ æрцауыгътой, фæндагыл æрлæугæйæ, æмæ сæ фидар кодтой хæрисы тасаг къалиутæй æмæ сæ кæрæдзимæ бастой зайæгойты гуцъулайæ дæр.

XV æнусы райдайæны Европæйы æрхъуыды кодтой телын хъандзалтæ, æмæ сæ пайда кæнын райдыдтой куыд хъаруйы гуырæнтæ механикон арæзтыты. Зæгъæм, сахæтты. Фæлæ афтæ рауад, æмæ ног хуызы хъандзал бæззы дзаумæттæ ауындзæн саразынæн дæр. Уый хуымæтæджы нæ баста канд суджы дыууæ схъисы, фæлæ ма сæ кæрæдзимæ дæр æлвæста. Фæлæ хъандзалтæ æгæр зынаргъ кæй уыдысты, уый тыххæй ахæм дзаумæттæ ауындзæн парахат кæнын нæ бафæрæзта.

XIX æнусы райдайæны уымæл хуыссæныцъæрттæ синагыл ауындзынæн æндæрхуызы конструкци æрхъуыды кодта Жереми Виктор Опдебек. Йæ дзаумæттæ ауындзæн уыдис лæдзæджы хуызæн, цыма дыууæ дæндаджы уыдысты иу бындурыл. Æнтыстджын æмæ аслам конструкци уымæ æркодта, æмæ ахæм хъæдын æлвасæнтæ систы милуангай хæдзары æфсинты æххуысгæнджытæ.

 

Æрхъуыдыгæнджыты

æнус

XIX æнусы ног æрхъуыдыгæнджытæ сарæх сты Америчы Иугонд Штатты. Адæм архайдтой иставæр ногдзинæдтæ æрхъуыды кæныныл, цæмæй сæ рауагъдæй схъæздыг уыдаиккой. Нæ рауад, уæды онг зындгонд чи уыд, уыцы мадзæлттæ феххæстдæр кæнынæй. Ай-гъай, дзаумæттæ ауындзæн уыдонмæ нæ хауд. 1832 азы АИШ-ы историйы фыццаг патент лæвæрд æрцыд дзаумæттæ ауындзæны ног хуызы тыххæй. Уый арæзт уыд, лæсгæрæй баст чи уыд, ахæм хъæдын фæйнæджытæй.

1853 азы штат Вермонты горæт Спрингфилды æрхъуыдыгæнæг Дэвид Смит цы дзаумæттæ ауындзæн æрхъуыды кодта, уый нырыкконæй ницæмæй хицæн кæны. Уый дыууæ хъæдын хайы кæрæдзиуыл баста згъæр хъандзалæй æмæ сæ дæллаг хай бæрæг кодта æлхъывдæй. Диссаг та уый у, æмæ дзаумæттæ ауындзæн саразыны хъуыды Смитмæ æрцыд, хъисфæндырæй куы цагъта, уæд. Смиты дзаумæттæ ауындзæн бирæтæн зындгонд кæй ссис, уымæн та бындур уым уыдис, æмæ уый фидар æлхъывта хуыссæныцъæртты, хъыгдаргæ та сæ нæ кодта.

 

 

Смиты конструкци хуыздæргонд æрцыд бирæ хæттыты.

1887 азы онг дзаумæттæ ауындзæны алы хуызты тыххæй лæвæрд æрцыд 146 патенты. Практикон æгъдауæй æппæты хуыздæр конструкци та 1887 азы æрхъуыды кодта америкаг Солон Э.Мур. Уый аивта хъандзалы арæзт. Ныр æй батыхтой цилиндры æмæ хъандзал сæмæны бæсты кусын райдыдта.

Ахæм хуызы дзаумæттæ ауындзæн ис абоны онг дæр. Йе ‘рхъуыдыгæнæг Штат Вермонт кæй уыдис, уый тыххæй йæ ном айхъуыст æнæхъæн Америкыл. Æппæтдæр ивын райдыдта ХХ-æм æнусы. Европæйæ аслам дзаумæттæ ауындзæнтæ кæй аивылдысты америкаг базармæ, уый тыххæй сæ куыстад АИШ-ы ссис чысылæфтиагджын.

Уавæр цæхгæр февзæрдæр Дыккаг дунеон хæсты фæстæ цардыуаджы техникæуадзджытæ хуыссæныцъæрттæ электрон хусгæнæнтæ бирæгæйттæй уадзын куы райдыдтой, уæд. Ныр хæдзары æфсинтæ уымæл дзаумæттæ нал ауыгътой синæгтыл. Æрмæст мæгуыр фæсхæстон Европæйы раздæрау дзаумæттæ ауындзæнтæ æвзæр не ‘лхæдтой.

Кæд дзаумæтты хъæдын ауындзæнтæ цыфæнды хорз уыдысты, уæддæр сæм уыд иу хъуагдзинад. Донæй-иу уыдон схуылыдз сты, æмæ-иу хъæд æмбийын райдыдта, хурмæ та-иу уый ныффазтæ. Ацы æвзæр фæстиуджытæ цæмæй фæкъаддæр уыдаиккой, уый тыххæй дзаумæттæ ауындзæнтæ АИШ-ы кæнын райдыдтой бæласы хъæбæр хуызтæй — тæрс кæнæ уисхъæдæй, Европæйы — фатхъæд кæнæ тæрсæй, Азийы та бынæттон æндæр бæлæстæй.

Раздæр уал фæйнæджыты фастой хицæн хæйттыл, уый фæстæ сæ хус кодтой сæрмагонд зилгæ барабанты, æмæ-иу сæм бафтыдтой чъиу. Ацы хуызы архайдтой, цæмæй хъæдæрмæг уымæл ма кодтаид. Хъандзалтæ та арæзт цыдысты цинкхæццæ æндонæй, тел та тыхт цыдис сæрмагонд кусæнгæрзтыл.

Цыртдзæвæн — фæзы

Уæддæр ХХ-æм æнусы дзаумæттæ ауындзæнтæ хъæдæй уæлдай аразын райдыдтой, згæ цы нæ кæны, ахæм æндонæй æмæ пластмассæйæ дæр. Дыууæтæ дæр арæзт цыдысты тайын кæныны мадзалæй æмæ бæрзонд æлхъывдадæй. Диссаг та уый у, æмæ æндонæй конд дзаумæттæ ауындзæнтæ аивтой æмæ сын радтой хъандзалы хуыз. Ныр цилиндрхуыз хъандзалы бæсты ам пайда кæнын райдыдтой æрдæг зилаккæй æмæ йæ уый тынгдæр æлхъывта. 1980 азы та хъуыдыгонд æрцыд фидар кæныны ног хуызтæ згъæрæй уаццаджы æнгæс, фæзындысты П-йы æмæ С-йы хуызæн хъандзалтæ.

Кæд азæй-азмæ америкаг сылгоймæгтæ хуыссæныцъæрттæ къаддæрæй-къаддæр хус кодтой синæгтыл, уæддæр дзаумæттæ ауындзæнтæ уадзыны куыстад АИШ-ы фылдæр кодта. Æрмæст 1974 азы амырыкаг компанитæ рауагътой 5,4 милуан дзаумæттæ ауындзæны.

Ацы къабазы раздзог уыдис компани Penley Corporation. Уæддæр уый XXI æнусы бахъуыд ацы фронты састы бынаты кæй баззад, ууыл басæттын, æмæ йын паддзахадæй æмбæлгæ æххуыс лæвæрд цыдис, афтæмæй дзаумæттæ ауындзæнты рауагъд сæхгæдта. Æрцагуырд кæй фæкъаддæр, уый та китайаг товаруадзджыты ницы бахъыгдардта.

Афтæ рауад æмæ дзаумæттæ ауындзæнтæ къамисæн пленкæ æмæ æлхуыйы хуызæн нæ ацыдысты æбæрæг дунемæ. Фыццаджыдæр, ацы дзаума сфæлдыстадон кусджытæн ссис удыцырындзинад. Штат Вермонты горæт Миддлсексы уæлмæрдты ис классикон дзаумæттæ ауындзæны хуызæн цыртдзæвæн. Уый лæууы дзаумæттæ ауындзæнтæ уадзæг АИШ-ы фæстаг фабрик «National Clothspin Company»-йы хицау Джек Кровеллы ингæныл. Йæ фæстагæттæн бизнесмен бафæдзæхста, цæмæй ахæм цыртдзæвæн сæвæрой ингæныл. Уыимæ Кровеллы фæндыд, цæмæй дзаумæттæ ауындзæн æцæгæй дæр уа ахæм, цæмæй-иу сывæллæтты бон уа ахъазын дæр. Фæлæ уый къухы нæ бафтыд, æмæ дзаумæттæ ауындзæн ныддæвдæг йæ ингæны къæйыл.

Аивады уымæй зындгонддæр предмет ссис Клас Олденбургы 14-метрон æндон монумент дзаумæттæ ауындзæны хуызæн. Цыртдзæвæн æвæрд æрцыд 1976 азы Филадельфийы мэрийы ныхмæ.

Цыртдзæвæнæй уæлдай дзаумæттæ ауындзæн пайдагонд цæуы æндæр хуызы дæр. Зæгъæм, зындгонд дизайнер Ора-Ито сарæзта цырагъ — дзаумæттæ ауындзæн Everywhere. Йæ алы даргъ кæрæттæй алкæцыдæр у люминесцентон цырæгъты корпусы хуызæн уазал катодимæ, æмæ уыдон æппындæр нæ хъарм кæнынц. Цырагъ — дзаумæттæ ауындзæн фидаргæнæн ис чиныгмæ, ватманы сыфмæ кæнæ та базмæ дæр. Уæдæ дзаумæттæ ауындзæн ис назы рæсугъдгæнæнтæн дæр æмæ уый дæр фыццаг бон нæу. Чырæг телефонтæ цæуыл фæхæцынц, ахæм ауындзæнтæ дæр вæййынц машинæты. Æмæ, æппынфæстаг, сæрмагонд ауындзæнтæй музыканттæ фæпайда кæнынц, цæмæй нотæтæ кæм вæййынц, ахæм сыфтæ лæууой хъæугæ хуызы.

Стæй ма мæ уæ зæрдыл æрлæууын кæнын фæнды уый, æмæ «кæрдæгхуызты» нырыккон змæлд домы хуыссæныцъæрттæ ногæй синагыл хус кæнын райдайын, æмæ уый та у алфамбылай æрдз хъахъхъæныны æмæ электрон тых фæстауæрц кæныны тыххæй. Иуныхасæй дзаумæттæ ауындзæнтæ та рæхджы мах бахъæудзысты ногæй.

 

Лев Каплин

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here