Йæ фарн — æнусон

0
297

Ирон адæмы культурæ æмæ удварны рæзты национ профессион театры фæзынд уыд, хуымæтæг ныхасæй аргъгæнæн кæмæн нæй, ахæм ахъаззаджы æнтыст, монон культурæйы рæзты ирд нысан. Йæ артдзæстыл фыццаг кæй сфæлдыстад æмæ уды бæркад сахадыдта, уый уыд ирон драматургийы бындурæвæрæг, публицист, рухстауæг, æхсæнадон архайæг Брытъиаты Елбыздыхъо. Ацы бонты йæ райгуырдыл сæххæст 140 азы.

Йæ юбилей у национ культурæйы бæрæгбон. Елбыздыхъойы райгуырæн артдзæст Куырттаты комы Фыййагдоны Культурæйы хæдзары уыд йæ кадджын изæр. Архайдтой дзы РЦИ-Аланийы Хицауады æмæ Алагиры районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы бæрнон кусджытæ, Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры разамынд æмæ артисттæ, “Рæстдзинад”-ы журналисттæ, нæ республикæйы Фысджыты цæдисы разамынд æмæ уæнгтæ, зонадон, рухсадон интеллигенцийы, Брытъиаты мыггаджы минæвæрттæ, хъæуы цæрджытæ.

Номарæн изæры размæ уал бæрæгбон саразджытæ æмæ уазджытæ дидинджытæ сæвæрдтой, Елбыздыхъойæн Куырттаты комы цы цыртдзæвæн ис, ууыл. Йæ алыварс ын ныссагътой алыхуызон тала бæлæстæ.

Уый фæстæ æмбырд кæнын райдыдтой Культурæйы хæдзары залмæ. Номарæн изæр йæ раныхасæй байгом кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады Администрацийы сæйраг консультант Бигъуылаты Людмилæ.

— Елбыздыхъойы сфæлдыстад у ахъаззаджы фæзынд национ культурæйы рæзты. Йæ драмон æмæ публицистон уацмыстæ сты нæ адæмы удварны æвæджиауы хæзнатæ. Йæ райгуырды 140 азы юбилей йын йæ райгуырæн хъæуы кæй бæрæг кæнæм, уымæй нæхи миддуне дæр кæны рухсдæр, нæ фидæн та нæм зыны бæллиццаг æмæ аивæй, — загъта Людмилæ.

Уый фæстæ ныхасы бар радта Алагиры районы хиуынаффæйады администрацийы фыццаг хæдивæг Гозымты Раманæн. Уый районы разамынды номæй зæрдиаг арфæ ракодта, Елбыздыхъойы ном æрымысынмæ драматурджы райгуырæн коммæ чи æрцыд, уыцы уазджытæн, республикæйы разамындæн, Ирон академион театры сфæлдыстадон коллективæн, “Рæстдзинад”-ы журналисттæн, Фысджыты цæдисæн, Брытъиаты мыггагæн, хъæуы цæрджытæн, Елбыздыхъойы номæн æмæ æрдхæрæны курдиатæн кад æмæ аргъ кæй кæнынц, уый тыххæй.

— Брытъиаты Елбыздыхъойæн йæ райгуырды 140 азы юбилей йæ райгуырæн комы сбæрæг кæныны тыххæй мæм уæ хъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Гуыриаты Валери куы æрбацыд, уæд йæ ныхасыл дыууæ нал загътон, уымæн æмæ, Елбыздыхъо нæ театрæн цы хæрзты бацыд, уыдонæн хуымæтæг ныхæстæй аргъ скæнын тынг зын у. Йæ юбилей у нæ национ культурæйы, æппæт ирон адæмы удварны бæрæгбон. Уый национ драматургийæн æрæвæрдта фидар бындур. Йæ фæстæ нæм цы драматургтæ фæзынд — Плиты Грис, Нафи, Джыккайты Шамил, Хуыбецты Рая, Темыраты Давид, Гаглойты Валодя, Джимиты Георги, Хæмыцаты Цæрай — уыдон се сфæлдыстадон æрмдзæфæй тырныдтой Елбыздыхъойы фарны бæрзæндтæм. Æмæ йæ ном абоны фæлтæртæн дæр у арфæйагæн мысинаг, — загъта Фысджыты цæдисы сæрдар Агънаты Гæстæн.

Номдзыд ирон драматурджы сфæлдыстадон бынтæ иртасыны хъуыддагмæ ахадгæ æвæрæн чи хæссы, уыцы арфæйаг адæймæгтæй иу у газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор, филологон наукæты кандидат, УФ-йы культурæйы сгуыхт кусæг Хозиты Барис. Уый йæ раныхасы бæлвырд æрдзырдта, Елбыздыхъойы пьесæтæй сæ алкæцы дæр нæ культурæйы цы бынат ахсы, йæ рæстæджы социалон фæзындтытæн цы хуызы аргъ кодта, йæ пьесæты сæ цас æргом æвдыста, нæ адæмы ивгъуыд царды цаутæн йæ уацмысты цы ахадгæ бынат уыд, ууыл. Иумæйагæй, Елбыздыхъойы удварны бынтæн сæ ахадындзинад куыд вазыгджын у, ууыл.

— Елбыздыхъо йæ райгуырæн Дæллагхъæуы скъолайы куы ахуыр кодта, уæд йæ фыццаг ахуыргæнæг уыди зындгонд рухстауæг æмæ ахсæнадон архайæг Собиты Инал, — дзырдта номарæн изæры РЦИ-Аланийы адæмон фыссæг Дауыраты Дамир, — æмæ Елбыздыхъойы уый бæрц тынг уарзта, æмæ мæ райгуырæн хъæу Хуымæллæджы скъолайы Инал ахуыргæнæгæй кусын куы райдыдта, уæд æй йемæ хъæумæ ракодта. Æмæ Елбыздыхъо ахуыр кодта Хуымæллæджы скъолайы. Уымæ гæсгæ, абон дæр мæ хъæуы хистæртæ æхсызгонæн фæзæгъынц, Елбыздыхъо нæ хъæуы скъолайы кæй ахуыр кодта, уый тыххæй ахæм курдиатджын уыд. Фыццагдæр ын йæ ном æмæ йе сфæлдыстады тыххæй фехъуыстон мæ ахуыргæнæг, нæ республикæйы фыццаг президент Галазты Æхсарбегæй. Не скъолайы цы драмон къорд уыд, уым дæр-иу Елбыздыхъойы пьесæтæм гæсгæ æвæрд спектаклты Æхсарбег сæйраг сурæттæ арæзта. Елбыздыхъойæн кад кæй кæнæм, уый у нæ удварны рæзтыл дзурæг ахъаззаджы хъуыддаг, æмæ йæ ном рох ма уæд, — загъта Дамир.

Номарæн изæры Фыййагдоны хъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Гуыриаты Валери, куыд загъта, афтæмæй Елбыздыхъойы ном йæ бинонты ‘хсæн уыд кæддæриддæр, дзуары номау, буц æмæ мысинаг. Йæ драмон уацмысты рæсугъддзинад дæр Валери йе ‘взонг азты базыдта. Ахуыр та кодта, сæ хъæуы Елбыздыхъо цы скъолайы куыста, уым.

Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры артистты номæй юбилейы архайджытæн зæрдиаг арфæ ракодта йæ аивадон разамонæг, РЦИ-Аланийы æмæ Кæсæг-Балхъары сгуыхт артист Уалыты Геор.

— Елбыздыхъо ирон драматургийæн цы бындур сæвæрдта, уый бæркад фылдæрæй-фылдæр кодта йæ аккаг фæдонты фæрцы. Кæд нæ театр аивадон бæрзæдтæм хизы, уæд, фыццаджыдæр, уый тыххæй, æмæ йын номгæнæг Елбыздыхъойы хуызæн драматургтæ кæй уыдысты. Брытъиайы-фырт нын цы бынтæ ныууагъта, уыдоныл хъуамæ хъомыл кæнæм нæ театрдзауты фæлтæрты. Æмæ ууыл архайдзыстæм, — загъта Геор.

Мыггаджы номæй номарæн изæр саразджытæн, уазджытæн, хъæуы цæрджытæн зæрдиаг арфæ ракодта Брытъиаты Анатоли.

Сæрмагондæй номарæн изæрмæ Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры артисттæ бацæттæ кодтой æмæ Культурæйы хæдзары сценæйы равдыстой Елбыздыхъойы пьесæтæ «Худинаджы бæсты — мæлæт» æмæ «Уæрæседзау»-мæ гæсгæ æвæрд спектакл «Ирон лæджы кад». Йæ режиссер-æвæрæг — РЦИ-Аланийы адæмон артисткæ Черчесты Дианæ.

 

Гасанты Валери

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here