Алагиры район: социалон-экономикон райрæзты нысантæ

0
192

Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймуразæн кусæг фембæлд уыд Алагиры районы муниципалон сконды сæргълæууæг Бутаты Арсенимæ. Бутайы-фырт Хицауады Сæрдарæн бæстон радзырдта, районы социалон-экономикон царды фарстытæ куыд лыггонд цæуынц, стæй дарддæры архайды нысанты тыххæй.

Боны фæткы уыдысты районы агропромышленнон комплексы райрæзты фарстытæ, ахуырады, культурæйы, спорты къабæзты, фыццаградон национ проекттæ æмæ паддзахадон программæты уагæвæрдтæ.

Районы сæргълæууæг радзырдта, ивгъуыд азы районы бюджет куыд æххæстгонд æрцыд, уый тыххæй дæр. Йæ ныхасмæ гæсгæ, районы æрвылбоны цардархайды уæлдай бæрæг дарынц промышленносты, арæзтад æмæ хъæууон хæдзарады къабæзтæ.

Районы æргом здæхт цæуы чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады дарддæры райрæзтмæ дæр. Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ацы къабазы ныртæккæ кусы 2 мин адæймагæй фылдæр. Амалхъомадон куыстуæтты финансон зилдух схæццæ 2 миллиард соммæ. Бутайы-фырт куыд фæнысан кодта, афтæмæй уыцы куысты уæлдай ахадгæдæр у æнæххæст бæрнондзинады æхсæнадтæ «Владка», «Шанс», «ДДД» æмæ «Мастер-Прайм. Березка».

Ныхасы архайджытæ бæстон æрдзырдтой фыццаградон национ проектты уагæвæрдтæ дарддæр æххæст кæныныл дæр. Районы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, муниципалитет архайы проект «Ахуырад»-ы мадзæлтты. Зæгъæм, 2020 азы районы цыппар скъолайы кусын райдыдтой нымæцон æмæ гуманитарон ахуырады центртæ «Рæзты тæлмытæ». Ныртæккæ районы скъоладзаутæн сæ 73 процентæй фылдæр архайынц уæлæмхасæн ахуырады мадзæлтты. Фылдæр æргом здæхт цæуы ахуырадон кусæндæтты техникон уавæрмæ дæр. Афтæ, ивгъуыд азы районы цыппар скъолайы бакодтой цалцæггæнæн куыстытæ. Рæмоны-фырты поселочы та сцалцæг кодтой скъолайы спортивон зал. Црау æмæ Бирæгъзæнджы спортивон залтæ та рацараздзысты ацы аз.

Ныхасы архайджытæ æрдзырдтой æндæр ахсджиаг фарстытыл дæр.



РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы æмæ

Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here