Богæлттæм — æртындæс хæрзиуæджы

0
212

Цыппар боны дæргъы, 26-29 мартъийы, Дзæуджыхъæуы нæ бæстæйы алы кæрæттæй æрбацæуæг 463 æрыгон (18 азы онг) богалы ерыс кодтой Уæрæсейы 1-аг бынат бацахсæг суæвыныл.

Ерыстæ гом кæнгæйæ, богæлттæ æмæ спортуарзджытæн зæрдиаг арфæтæ ракодтой РЦИ-Аланыстоны Физикон культурæ æмæ спорты министр, Олимпиаг хъæзтыты уæлахиздзау Хуыгаты Алан æмæ уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы æрыгæтты иугонд командæйы сæйраг тренер Анзор Темботов.

Ерыстæ цы 11 уæзы цыдысты, уыдоны алы уæзы дæр 1-аг бынат бацахсыныл цыди ахъаззаг тохтæ. Фæсивæдæн дæргъвæтин рæстæг бæрнон ерыстæ фаг кæй нæ уыд, уый сæ цыбæл кодта се ‘ппæт гæнæнтæй дæр спайда кæнынмæ, æмæ сæ фылдæр æдæрсгæйæ тырныдтой уæлахизмæ. Спортуарзджытæн уыди цæмæ бакæсай, уый, æмæ сæ къухæмдзæгъд, сæ разæнгардгæнæн хъæлæстæй цин кодтой æрыгон богæлтты сæрæн архайдыл.

Ирыстоны богæлттæн сæ фылдæр хæцыдысты астæуккаг æмæ уæззаудæр уæзты. Æппæты рогдæр уæзты (42, 45, 48, 51, 60 кг онг) ерыстæ цыдысты æнæ ирыстойнаг богæлттæй. Уыцы уæзты уæлахиздзаутæ систы: 42 кг — Муса Пайзулаев (Дагестан), 45 кг — Алихан Ашинов (Кæсæг-Балхъары Республикæ), 48 кг — Ахмад Мусахаджиев (Дагестан), 51 кг — Хамид Магомедов (Дагестан), 60 кг — Далгат Абдулкадыров.

Ирыстойнаг богæлттæн рогдæр уæзты хæрзиуæг рамбулын бантыст 55 кг онг уæзы богæлтты ерысты. Тренертæ Дзагкойты Алан æмæ Калоты Федыры хъомылгæнинаг Гобаты Артем цы фондз ныхмæлæууæгимæ хæцыд, уыдонæй рамбылдта цыппары, фæлæ æрдæгкæронбæттæны кæй фæхæрд, уый йын фадат нал радта 3-аг бынатæй уæлдæр схизынæн. Ацы уæзы 3-аг бынат бацахсынмæ хæстæг уыд нæ иннæ богал Акъоты Сослæнбег дæр, фæлæ йын уый нал бантыст. Сæ уæзы 1-аг бынат рамбылдта Цæцæны Республикæйы минæвар Магомед Байтукаев.

Ирыстойнаг богæлттæ дыууæ хæрзиуæджы рамбылдтой 65 кг онг уæзы. Ацы уæзы тренер Гатциты Сосланы хъомылгæнинæгтæ Фадзайты Марат æмæ Махъоты Сослæнбег бацахстой 2-аг æмæ 3-аг бынæттæ.

Нæ богæлттæй 71 кг онг уæзы 1-аг бынат бацахсынмæ тынг хæстæг уыди Рубайты Руслан æмæ Махъоты Æхсары хъомылгæнинаг Зиггойты Зауыр. Уый фæуæлахиз йæ фондз ныхмæлæууæгыл æмæ кæронбæттæны фембæлд дагестайнаг богал Ахмед Мусаевимæ. Сæ тох рауад тынг хъазуатон æмæ ахицæн 2:1 хыгъдæй Мусаевы пайдайæн. Ацы уæзы 3-аг сси Гатциты Сосланы хъомылгæнинаг Дзираты Алан.

Фæстаг æртæ уæзы ирыстойнаг богæлттæ рамбылдтой 3 сыгъзæрин, 2 æвзист æмæ 3 бронзæ майданы. 80 кг онг уæзы кæронбæттæны 1-аг бынат рамбулыныл тохы фембæлдысты Таймазты ‘фсымæрты клубы хъомылгæнинæгтæ Бæдтиаты Алик æмæ Цоколаты Алэн. Фембæлд ахицæн Бæдтиаты Аличчы пайдайæн, æмæ уый бацахста 1-аг бынат. Сæ фæстæ ма 3-аг бынат рамбулæг сси Бæдтиайы-фырты фаззон æфсымæр Даниил. Нæ æртæ богалæн дæр сæ тренертæ сты: Санаты Георги, Хъæцмæзты Ренат æмæ Джиоты Таймураз.

Тынг хорз рауад нæ богæлтты архайд 92 кг онг уæзы дæр. Ацы ран дæр сыгъзæрин, æвзист æмæ иу бронзæ майдан рамбылдтой Таймазты ‘фсымæрты клубы минæвæрттæ: Джиоты Жорик — 1-аг бынат, Суанты Хъантемыр — 2-аг бынат, Гæбуты Астан — 3-аг бынат.

Æппæты уæззаудæр уæзы (110 кг онг), кæронбæттæны 1-аг бынат бацахсыныл ерысы фембæлдысты Дзæгъиаты Сослан (йæ тренер Хъоцыты Витали) æмæ Мæскуыйы облæсты минæвар Даниель Джопуа. Сæ ныхмæлæуд ахицæн Сосланы пайдайæн 4:1 хыгъдæй, æмæ уый рамбылдта 1-аг бынат. Ацы уæзы ма сæрæн хæст ракодта Таймазты Русланбег (йæ тренертæ: Таймазты Артур, Лалыты Георги æмæ Вадим). Нæ 16-аздзыд богал бацахста 3-аг бынат, фæлæ йæ авналæнтæ стыр уæрæх кæй сты, уый ныридæгæн бæрæг дары.

Нæ богæлттæ, æмткæй райсгæйæ, рамбылдтой 13 хæрзиуæджы (3 — сыгъзæрин, 4 — æвзист, 6 — бронзæ майданы). Уый тыххæй нæ командæйы сæйраг тренер Рубайты Руслан зæгъы: «Мах нæ лæппуты архайдæй разы стæм. Нæ зæрдæ дардтам, фæстаг бон цы дыууæ уæзы цыдысты ерыстæ (65 æмæ 71 кг онг), уыдоны дæр 1-аг бынæттæй иу уæддæр кæй рамбулдзыстæм, ууыл, фæлæ ацы хатт чысыл фæкъуылымпы стæм æмæ не ‘ппæт фæндтæ кæд нал сæххæст сты, уæддæр цы ис, уый хорз у. Сæйрагдæр у, нæ хъомылгæнинæгтæ сæхи хъомысджынæй кæй равдыстой, уый.

Ныр нæ лæппутæ æппынкъаддæр авдæй хуынд æрцæудзысты, Уæрæсейы иугонд командæимæ Европæ æмæ дунеон ерыстæм сæхи цæттæ кæнынмæ. Уыдон та хъуамæ цæуой сæрды».


Баскаты Уырызмæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here