Хуры тын зæрдæйы куы ныххауы…

0
260

Дзæгъæлы нæ фæзæгъынц, рæстæг, дам, дугъон бæхæй уæлдай нæу. Ацы азæн дæр та йæ фыццаг æртæ мæйы атахтысты, уалдзæджы æхцон комулæфт та банкъардтам. Кæм сты нæ фысджытæ, цы кусынц абон, цы фыссынц, цавæр ног уацмыстæ æмæ чингуытæй нын барухс кæндзысты нæ зæрдæтæ? Уыдæттæ базоныны тыххæй газетмæ уазæгуаты æрбахуыдтам Дауыраты Дамиры.

— Зонын æй, Дамир, ивгъуыд азæй разыйæ кæй баззадтæ, уый. Райстай Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæджы ном, дæ райгуырæн хъæуæн йæ 210 азы юбилеймæ джиппы рауагътай чиныг «Мæ хъæу Хуымæллæг», адæм ыл æхсызгонæй сæмбæлдысты. Зæгъ-ма, ацы аз та дын цымыдисагдæр цæмæй у, цавæр цаутæ æрцæуынмæ дзы æнхъæлмæ кæсыс, цæмæй йæ бадардзынæ дæ зæрдыл?..

— Цæмæй куы зæгъон, Барис, уæд æз ацы аз бæрæг кæндзынæн, мæхи удæн зынаргъ чи у, ахæм дыууæ чысыл юбилейы. Фыццаг: 1956 азы æз фарæстæм къласмæ куы бахызтæн, уæд мыхуыры рацыд Калоты Хазбийы чиныг «Хуры тын». Цы бон æй бакастæн, уыцы бон хуры тын ныххауд мæ зæрдæйы дæр, сразæнгард мæ кодта æмдзæвгæтæ фыссынмæ æмæ мæ абон цы рауад, уый уынут уæхæдæг. Иудзырдæй, хæсджын дæн Хазбийæ. Стыр хатыр мын бакæнæнт Плиты Грис æмæ Хадо, Хъайтыхъты Геор, Цæрукъаты Алыксандр æмæ иннæтæ, фæлæ уæдæй фæстæмæ уыцы æвзонг æдзард лæппу ссис мæ уарзондæр поэт. Ацы аз ыл хъуамæ сæххæст уыдаид 100 азы, фæцард æрмæст 21 азы æмæ 9 мæйы. Белгороды бынмæ хæстыты басыгъд танчы хуылфы, ныгæд ис ам хъæу Сырх Æрдузы. Фарон нæм уыцы горæты фысджытæ ам, нæхимæ уазæгуаты уыдысты, ныр та сæм мах хъуамæ ацæуæм. Кæд мæ нæ Фысджыты цæдисы сæрдар Агънаты Гæстæны хорзæх уа, æмæ æз дæр уырдæм ацæуон, уæд ын йæ ингæн æнæ бабæрæггæнгæ нæй. Кæд рауайа, уæд уый нымайдзынæн мæ царды вазыгджындæр цаутæй иуыл. Истæмæй йын йæ рухс ном куы ссарин, уый мæ фæнды, уæлдæр дын æй куы загътон, хæсджын дзы дæн… Дыккаг: Æндæр рæтты дæр ма мын рацыд чингуытæ, фæлæ мын, Хуыцауы фæндæй, ацы азы кæрон нæхи Гасситы Викторы номыл рауагъдадон-полиграфион куыстуаты хъуамæ рацæуа уымы уагъд ме ссæдзæм чиныг. Æз æй мæхицæн чысыл юбилейыл нымайын…

— Рагацау æй зæгъæн ис, цавæр чиныг дын уыдзæн, уый? Уадз æмæ йæ нæ газеткæсджытæ дæр зоной, де сфæлдыстад дын чи уарзы, уыдон дæр…

— Ис, куыннæ?! Æз мæхæдæг, адæмимæ ныхасгæнгæйæ, районы библиотекæйы кусджыты фæрсгæйæ, сфæлдыстадон фембæлдтыты рæстæг мæхицæн сбæрæг кодтон, мæ чингуытæй мын арæхдæр кæцыты агурынц кæсынмæ, мæ документалон уацаутæй мын фылдæр кæцыты уарзынц, уый. Уыдон сты фондз: «Ироны сурæт мæйыл», «Чи фембæлд ирæттæй Сталинимæ», «Меню æртæ бонæн, кæнæ сау далыс Хрущевæн», «Уыцы зондджын æгъатыр сырд — бирæгъ» æмæ «Бæллæх Тæтæртуппы дзуары цур». Мæ иузæрдион кæсджыты куырдиатмæ гæсгæ уыдон тæлмацгонд æрцыдысты уырыссаг æвзагмæ. Ацы бонты мæ рæстæг тынгдæр уый цæттæ кæныныл хардз кæнын. Гъе уый дын мæ дзуапп.

— Бантысæд дын, Дамир, фæлæ мæ нæ уырны, иронау дæр æндæр исты уацмыстыл ма кусай, уый…

— Гъемæ раст кæныс, Барис. Æндæраз мын, зоныс æй, джиппы рацыд чиныг «Цы федтон, цы фехъуыстон, цы бавзæрстон». Нæ фембæлдтыты мæ мæ кæсджытæ курынц, цæмæй ма иу ахæм чиныг ныффыссон, уый. Æмæ уæдæ цы кæнон, цы ныффыссон, уый ма мын ис, дзæгъæлы уыйас нæ фæцардтæн. Кæд дæ дзы, Барис, скъуыддзæгтæ хъæуы, уæд, табуафси…

— Æз дын, Дамир, мæхæдæг дæр уыцы куырдиат зæгъинаг уыдтæн. Бузныг дын…

Æфсарм æмæ уæздандзинады тыххæй

Æрыгонæй-иу мæм уæлдай хуыздæр касти, мæнæй бирæ хистæр чи уыдис, уыдонмæ хъусын. Сæ мысинæгтæй-иу мын мæ зæрдæ тынгдæр кæцы фæцагайдта, уыцы скъуыддзæгтæ-иу мæ блокноты, кæнæ та гæххæтты гæбазыл афыстон, уæд мæм диктофон нæма уыдис. Иу цалдæр дзы мæнæ нырмæ бахъахъхъæдтон, фæнды мæ, адæймаджы уыцы миниуджыты тыххæй бакæсгæйæ, сымах дæр хъуыдытыл куы бафтауин, уый…

 

— Кæддæр Къæхтысæры хохаг адæм æддæмæ дæр æмæ мидæмæ дæр цыдысты æрмæстдæр иунæг нарæг къахвæндагыл. Фистæгæй, бæхтыл, сагтыл. Æндæр фæндаг дзы нæ уыд. Иу уалдзыгон райдзаст бон ууылты хъæумæ кæцæйдæр, сагыл бадгæйæ, æрбацæйздæхт Беджызаты Темыр. Иу фæзилæн ын фæстейы куы аззад, уæд кæсы æмæ йæ разæй та цæхгæр хæрды сæ цыппæртыл цыдысты сылгоймæгты къорд — чызджытæ æмæ чындзытæ. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй уыдон уыдысты кувæндоны. Фæлæ диссаг цы уыди? Куы-иу æргуыбыр кодтой, уæд-иу сæ мидæггаг дзаумæттæ разындысты…

Уый фенгæйæ, Темыр дзыхълæуд æркодта, нал сæм бахæстæг, стæй сæ фæстæ хъæумæ æрцыд, цыдæриддæр дзы нæлгоймæгтæ уыдис, уыдоны иу ранмæ æрæмбырд кодта, чысыл раздæр цы фыдынд ныв федта, уый сын радзырдта, стæй йæ ныхас балхынцъ кодта, мæнæ ахæм ныхæстæй:

— Худинаг у уый, лæджы ном чи хæссы, уыдонæн. Цæй, бавдæлæм æмæ дæлвæзы æцæг фæндаг саразæм!..

Темыры уыцы зæрдæсæттæн ныхæстæ се ‘ппæтмæ дæр бахъардтой æмæ алы хæдзарæн дæр хай радих кодтой. Сæрд-сæрды дæргъы дзы фæкуыстой, срæвдз ис фæндаг æмæ та уæд адæм æрæмбырд сты æмæ загътой, цæй, æмæ, дам, Темыры хъæуыхицауæй равзарæм. Раздæры къахвæндагæй ма фæстæдæр пайда кодтой æрмæстдæр цуанæттæ, сагтæ уыцы хæрды цæуынæн нал хъуыдысты æмæ сæ æххормаг азты иугай фæцагътой. Хистæртæ-иу куыд дзырдтой, афтæмæй, дам, Хъобангомы фæстаг саг амардта Бибуаты Агæш…

 

Цырыхаты Джерихан:

 

— Беслæныхъæуы Болиаты Мацалы хæдзары уæттæй иуы къулыл абон дæр ма ауыгъдæй лæууынц сæ фыдæлты зæронд къамтæ. Нæлгоймæгтæ дæр, сылгоймæгтæ дæр дзы æрмæст уæды заманы ирон дарæсы, цухъхъатæ сыл, хъаматæ ауыгъд, разкъæрттыты, урс-урсид кæлмæрзæнтæ сыл. Сыхаг Хуымæллæджы хъæуæй, дам-иу, сæрмагондæй бæхтыл сластой уæды азты зындгонд къамисæг Туаты Гогийы.

Мæнæ цы фехъуыстон мæхæдæг мæхи хъустæй æз Мацалы зæронд мад Надийæ:

— Бахатыр кæн, фæлæ æхсæв куы ралæууы, уæд æдасæй мæ уæлæйы дзаумæттæ раласын мæ бон нæ вæййы, уымæн æмæ мæм уыцы къамтæй комкоммæ ныккæсынц мæ мыггаджы хистæртæ. Зæгъ-ма, уыцы кадджын адæмы раз æз мæхи куыд хъуамæ рафистæг кæнон?.. Гæнæн мын нæ вæййы, æмæ уæд къам кæнæ къулы ‘рдæм азилын, кæнæ та цырагъ дæлæмæ æрзилын, ма мæ уыной, зæгъгæ. Æфсæрмы сæ фæкæнын, æмбарыс, æфсæрмы…

Ныртæккæйы дуджы ма ды ахæм сылгоймагыл сæмбæлис, Дамир?..

 

Дауыраты Бекырби:

 

— Иу хорз лæг уыдис махмæ Фарныхъæуы, — Дзуццаты Инарыхъо. Æз уымæй уæздандæр хистæр уæд дæр нæ зыдтон, абон дæр нæ зонын, мæнæ ныры адæммæ кæсын æмæ мæм мæ зæрдæ афтæ дзуры, цыма, ахæмыл нал сæмбæлдзынæн.

Урс-урсид бæх æм уыдис, бæрæг бæх, зыгъар йæ ныхыл, хæлæггæнджытæ йæм бирæ. Гъемæ уыцы Инарыхъо цы бакуыста, уымæ ма кæс. Терк сæм хæстæг уыди, сæ тæккæ бакомкоммæ. Иу бон æй уырдæм ракодта, зæрдиагæй йæ ныннадта, стæй йыл сбадт æмæ уæлæ Олгинскæмæ араст йæ хæлары бæрæггæнæг. Уым иуцасдæр фæци, стæй фæстæмæ сæхимæ рараст, уынджы цымыдис сабитæ йæ фæдыл згъорынц, цины хъæртæ кæнынц, кæцыдæр тигъыл æрыгон лæппутæ цалдæрæй акъаци бæласы бын къодахыл бадтысты æмæ йын уыдон дæр сыстадысты, нымдзаст æм сты æмæ дзы сæ иу хъæрæй афтæ куы бакæнид:

— Ехх, гъеныр дæ уæртæ уыцы бæх ма уæд!

Лæппуйы зæрдæбын ныхæстæ Инарыхъомæ фехъуыстысты, уыцы сахат æй цы Хуыцау ацардыдта, цы зæд ыл атахт, уый ничи зоны, фæлæ дзыхълæуд æркодта, зæхмæ æрхызт æмæ йæм йæхимæ басидт:

— Кæй дзæбæх лæппу дæ, уый ма мын зæгъ…

Уый, мæгуыр, стыхст, ныфсæрмытæ, фæлæ йын загъта:

— Белыккаты…

— Мæнæ ацы бæх, лæппу, амæй фæстæмæ уыдзæнис дæу, æз дын æй лæвар кæнын, — загъта йын Инарыхъо æмæ йæм дзылар бадардта…

Æндæр кой нал уыдис уыцы бонты Иры дзыхъхъы, бирæ азты дæр Олгинскæйы Белыккатæ æмæ Фарныхъæуы Дзуццатæ æфсымæрты цард фæкодтой, æцæг абон Инарыхъойы кæддæры уыцы фæзминаг ми сæ иуты æмæ сæ иннæты кæстæртæй дæр ферох ис…

 

 

Бызыккаты Шурæ:

 

— 1946 азы Хуымæллæджы хъæубæстæ бауынаффæ кодтой, Германыл фæуæлахизыл иу аз кæй рацыд, уый тыххæй 9 майы доны был, Куыдзиаты Дзибусайы хæдзары чъылдыммæ стыр куывд саразын, фæндыр дæр дзы куыд цæгъда, зарджытæ дæр куыд хъуыса… 7 майы хъæуы лæппу-лæгтæ уым æрæмбырд сты, алкæмæ дæр дзы цы хæстæ хауы, уый сбæрæг кодтой. Мæ фыдыфсымæр Мæцыхъойы хистæр лæппу Мысырби дæр уым уыдис. Сæхимæ куы раздæхт, нæ уынгмæ куы æрбазылд, уæд кæсы, æмæ сæ дуармæ бирæ адæм. Йæ зæрдæ йæ базыдта: йæ рынчын кæстæр лæппу Бæтыз цыдæр кодта.

Бæтызы ныгæнæн бон дæр 9 маймæ хаудта…

Адæм уæлмæрдæй куы раздæхтысты, уæд Мысырби иннæты фарсмæ сæ дуармæ куы æрлæууыд, уæд йæ цурмæ бацыдысты йæ хæлар Сæлбиты Амырхан, уæлæ Гоены фыд, иу цалдæр лæппуйы ма æмæ йын загътой:

— Стыр хатыр дæ курæм, фæлæ немæ цом, нæ куывд нæма райдайдзæн, нæ кусæрттаг нын ды хъуамæ аргæвдай, зоныс æй дæхæдæг дæр, рагацау дæу снысан кодтам, науæд уый æндæр исчи, уæд нын уый Хуыцауы зæрдæмæ куы нæ фæцæуа…

Фæлæ куыд хъуамæ ацæуа Мысырби цинмæ? Йæ зæрдæ суынгæг, йæ кæуындзæг йæ былалгъмæ схæццæ, «нæ» сын загъта, хатыр сæ ракуырдта. Уый йæ фыд Мæцыхъо бафиппайдта, йæ лæппумæ фæдзырдта:

— Лæппу, федтай йæ, æнæхъæн хъæубæстæ ныр æртыккаг бон нæ цуры цырæгътау лæууынц, уый. Кæд нын адæм аргъ кæнынц, уæд махмæ дæр хъуамæ æфсарм разына. Лæгау хъæддых фæлæуу дæ зæрдæйы рыстмæ, æмæ дæ кæд агурынц, уæд ацу. Ацу, æмæ дæ бон цас у, уыйас сæм фæкæс. Мах аххосæй хъæубæсты цин куыннæ фехæла, ууыл бацархай. Цы бæрæгбон у, уый зоныс…

Куыннæ байхъуыстаид Мысырби йæ фыдмæ?! Йæхи фæфидар кодта, йæ рыст йæ зæрдæйы арфы бамбæхста æмæ араст…

 

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта Хозиты Барис

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here