Социалон ахадындзинадимæ фарстатæ

0
163

«Ацы азы дыккаг кварталæн министрадтæ æмæ ведомствæтæ æрбалæвæрдтой 56 фарсты. Уый, фаронимæ абаргæйæ, фылдæр у, уæд уыдысты 45, фæлæ ма уæддæр хъæуы тынгдæр кусын», — знон Хицауады æмбырды РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг ЧелÆхсаты Рустем фæбæрæг кодта ахсджиаг фарста.

Æмбырд амыдта Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз.

Куыд бацамыдта, афтæмæй змæлд фылдæр цæуы, фæлæ уæддæр хъуамæ министртæ æмæ разамонджытæ хъуыддагмæ кæсой бæстондæр. Хицауады æмбырдмæ цы фарстатæ рахæссинаг сты, уыдоныл тынгдæр æмæ лæмбынæгдæр архайой.

Фæллой æмæ социалон рæзты министр Хуыбиаты Барис фæбæрæг кодта, ведомствæ социалон куыстгæнæг æнæкоммерцион организациты лæггæдтæ сбæрæг кæнынæн цы административон зæрдæдарæнтæ дæтты, уыдон. Йæ ныхасмæ гæсгæ, сты æхсæз организацийы, сæ архайдмæ сын цæст дарынц. Министрады бон сын у субсидитæ дæттын. Хицауады Сæрдар куыд бамбарын кодта, афтæмæй фарста у ахсджиаг, субсидитæ дæттыны хъуыддагмæ хъуамæ уой лæмбынæг.

Экономикон рæзты министр Томайты Хъазыбег рæгъмæ рахаста «РЦИ-Аланийы транспортон хъалоны тыххæй закъон»-мæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй проект. Йæ ныхасмæ гæсгæ, сæрмагонд экономикон бынаты кусæг амалхъомтæ транспортон хъалонæй уæгъдгонд æрцæудзысты. Аххæсдзæн хъалонæвæрыны 10 афоныл. Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй уый фæбæрæг уыдзæн амалхъомадон архайдыл, бынтондæр, туристон-рекреацион бынат «Мамысон»-ы чи кусдзæн, уыдоныл.

Томайы-фырт ма æмбырды архайджыты размæ рахаста 2020 азы республикæйы социалон-экономикон рæзты бæрæггæнæнтæ. Йæ ныхасмæ гæсгæ, ног хæцгæниз зынгæ фæбæрæг республикæйы цардархайды æппæт къабæзтыл, фæлæ афойнадыл бавнæлдтой ахъаззаг мадзæлттæм æмæ уавæр фæцудын нæ бауагътой. Экономикон архайды æппæт хуызтæй промышленнон куыстады индекс рауад 124,7 проценты. Пайдайаг къахæнтæ æмбырд кæнынæй 92,5 проценты, хомагкуыстгæнæг куыстадты — 109,8 проценты, электрон тых, дондæф, газæй æфсадыны — 192,9 проценты, донуадзын, бырæттæ æмбырд кæнын æмæ бакусын — 119,4 проценты.

Уæйгонд промышленнон продукцийы бæрц рауад 35,3 миллиард сомы, уый, æндæр азимæ абаргæйæ, у зынгæ фылдæр. Цæрæнуæтты арæзтад схызт 239,4 мин квадратон метрмæ, 4,7 проценты фылдæр, 2019 азимæ абаргæйæ. Фарон республикæйы иумæйаг бюджетты æфтиæгтæ уыдысты 48,8 миллиард сомы, уый, æндæразимæ абаргæйæ, у 26,9 проценты фылдæр. Уым хъалонты æмæ æнæхъалонты æфтиæгтæ сты 35,9 проценты.

Хъæууонхæдзарадон продукцийы рауагъд схызт 39,2 миллиард соммæ, 14,1 проценты фылдæр фæцис æндæр азимæ абаргæйæ. Продукцийы фылдæр хай баст у зайæгойты куыстадимæ — 53,0 проценты, рауад 20,9 миллиард сомы. Фосдарынады æппæт хæдзарæдтæ продукци рауагътой 18,2 миллиард сомы аргъ. Кæсагдарынады куыстад продукци радта 3583,9 тоннæйы, уый у 1,4 хатты фылдæр, 2019 азимæ абаргæйæ.. Сæйраг кæсагдарæг куыстуæттæ сты «Остров-Аквакультура», «Арлан-Фиш», «Ир-форель», «Аква-Строй». Фарон гранттæй æххуыс райстой 71 зæхкусæгон-фермерон хæдзарады æмæ 2 хъæууонхæдзарадон фæлхасадон кооперативы.

Азæй-азмæ хуыздæр кæны республикæйы инвестицион архайд. Уæрæсейы инвестицион архайды национ рейтинджы Цæгат Ирыстон бацахста 46-æм бынат. Йæ бæрæггæнæнтæ 8 пункты фæхуыздæр кодта. Фæлхасадон æргъты иумæйаг индекс фарон рауад 102,9 проценты, цæрджытæн фидгæ лæггæдтæ конд æрцыд 22,9 миллиард сомы аргъ. Фæлхасадон базары бæрæггæнæнтæ кæй фæныллæгдæр сты, уый баст у хæцгæнизимæ. Пандемийы фыццаг уылæны мадзæлттæ конд æрцыд, цæмæй адæм хъæугæ товартæй хъуагдзинæдтæ ма баййафой.

Тыхстдзинæдтæ ма ‘руадзыны тыххæй хойраджы аргъмæ хъус дардтой, ведомствæты ‘хсæн æмгуыстады фæрцы æргътæ рæзын нæ уагътой, байгом кодтой æппынæдзух кусæг телефон. Федералон æмæ регионалон егъаудæр базарадон хызæгты разамонджытимæ фембæлдтытæ арæзтой, фæбæрæг-иу кодтой ахсджиаг нысантæ. Томайы-фырт ма æрхаста æндæр бæрæггæнæнтæ дæр, нæ басусæг кодта, хъуыддæгтæ кæм фæлæмæгъдæр сты, уыцы къабæзтæ дæр.

Хицауады æмбырды ма равзæрстой æмæ сфидар кодтой æндæр ахсджиаг фарстатæ дæр.

Бутаты Эльзæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here