Мæ фыццаг ахуыргæнæг

0
405

Адæймагыл азтæ цас фылдæр цæуы, уый бæрц йæ сывæллоны бонтæ арæхдæр фæмысы. Афтæ æз дæр. Хъуыды-ма кæнын, нæ сыхы сывæллæтты-иу куыд æрæмбырд кодтон æмæ-иу «скъолайæ» куыд хъазыдыстæм, уый. Уæд ахуыр кодтон Хуымæллæджы, мæ уарзон астазон скъолайы райдайæн кълæсты. Ахуыргæнæг та мын уыд Уыртаты Римæ. Æрыгон, рæсугъд, зæрдæмæдзæугæ адæймаг.

Скъоламæ цæуынмæ мæ азтæ нæма амыдтой, фæлæ мæ тынг фæндыд ахуыр кæнын. Уæлдайдæр та нæ сыхы сывæллæттæ 1 сентябры скъоламæ дидинджытимæ хъæлдзæгæй куы араст сты, уæд мæ сæ фæстæ алидзын бæргæ фæндыд, фæлæ нæ кæрты дуар æхгæд разынд… Уый та-иу мæ мад сæхгæдта, цæмæй æз ма ацæуон скъоламæ. Æмæ та-иу уæд кæуын райдыдтон.

Иу райсом нæ кулдуар гомæй аззад æмæ мæнмæ бакæсын — сывæллæтты фæстæ ныййарц дæн хъæргæнгæ, мæнмæ дæр фæлæуут, зæгъгæ. Нæхимæ мæ агурдзысты, ууыл дæр бæргæ тыхстæн, фæлæ мæ фæнд мæ къухы кæй бафтыд, уый ме’ппæт хъуыдытыл дæр фæуæлахиз. Къласмæ бацыдтæн ме’мбæлттимæ, партæйы уæлхъус æрбадтæн, цыма рагæйдæр уым бадтæн, афтæ. Тынг тарстæн, ахуыргæнæг цы зæгъдзæн, уымæй, фæлæ мæ уæддæр цыдæр ныфс уыди.

Уалынмæ æрбахызт ахуыргæнæг. Фæлмæн цæстæнгасæй афæлгæсыд сывæллæттыл, салам радтам кæрæдзийæн, стæй йæ цæстæнгас æрлæууыд мæныл. Бахудт æмæ мын мæ сæрыл йæ къух æрхæсгæйæ, фæлмæн хъæлæсæй загъта: «Ай нæм ног гыццыл чызг куы ‘рбацыд. Куыд хуыйны дæ ном, дæ мыггаг, кæй чызг дæ? Кæимæ æрбацыдтæ?» Уæдæ йæм мæ дзуапп хорз фæкæса, зæгъгæ, нал ауæрстон мæхи амоныныл: «Æз дæн Гугкаты Гадæццойы чызг Иккæ, тынг мæ фæнды скъоламæ цæуын.» Римæ мын загъта, цæмæй райсом мæ мадимæ æрцæуон. Ахæм хъал хуызæй ссыдтæн нæхимæ æмæ хабæрттæ дзурыныл фæдæн.

Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ дзуапп æппындæр раст нæ уыд. Уымæн æмæ æз райгуырдтæн Мæздæджы, Колыты фæрнджын мыггаджы, нæ базыдтон фыды ад, уый раджы ахицæн йæ цардæй, хæсты фæстиуджытæ йыл сæ фæд ныууагътой. Мæ мады йæ цæгатмæ ракодтой, Хуымæллæгмæ, Гугкатæм, æмæ уым хъомыл кодтон. Мæ мады фыд Гадæццойы хуыдтон мæ фыд. Иууылдæр мæ хуыдтой Иккæ æмæ цы зыдтон, уыдон радзырдтон ахуыргæнæгæн.

Дыккаг бон мæ мад Тамарæимæ, куы йæ бамбæрста, æндæр гæнæн ын нал ис, уый, уæд араст стæм скъоламæ. Мæ мад ахуыргæнæгæн куы радзырдта, алы бон дæр скъоламæ лидзы æмæ йыл дуар сæхгæнæм, зæгъгæ, уæд Римæ мæн йæ хъæбысы æрбакодта æмæ та фæлмæн хъæлæсы уагæй загъта: «Афтæ тынг кæй фæнды ахуыр кæнын, уымæн æвзæрæй тас нæу. Уадз æмæ цæуа скъоламæ, бакæсæм æм, кæд æййафа йе’мбæлтты, уæд ахуыр кæндзæн, кæд нæ, уæд та иннæ аз æрбацæудзæн». Уыцы ныхæстæ мæнæн ныфсы хос фесты æмæ зæрдиагæй райдыдтон ахуыр кæнын.

Афтæ бирæ уарзтон æмæ йæ абон дæр уарзын мæ фыццаг ахуыргæнæджы, йæ алы фæзылд, йæ алы ныхас, йæ уæлæдарæс, йæ аив сæры фаст, абон дæр ма мæ зæрдыл лæууынц. Æз уый хъæрæй дзургæ никуы федтон, алы сывæллоны зæрдæмæ дæр ардта фæндаг, архайдта нæ йæ зæрдæйы хъармæй тавын алкæй дæр. Нæ ахуыргæнæг махæн уыд зæххон зæды хуызæн. Афтæ нæм каст, цыма хæргæ дæр нæ кæны æмæ-иу æй хъахъхъæдтам, уæдæ йæ кæд хæргæйæ фениккам…

Æз Римæмæ гæсгæ равзæрстон ахуыргæнæджы дæсныйад. Уæлдæр куыд загътон, нæ сыхы сывæллæтты тыххæй, «скъолайæ» хъазыдыстæм, зæгъгæ, афтæ-иу сæ æрæмбырд кодтон, даргъ бандæттæ-иу нæхицæй рахастон, тетрæдтæ, кърандæстæ. Мæхæдæг-иу снысан кодтон «директоры», «завучы», æз та-иу уыдтæн ахуыргæнæг æмæ-иу сывæллæтты ахуыр кодтон фыссын, кæсын, нымайын, ныв кæнын. Алцæмæй дæр фæзмыдтон мæ ахуыргæнæджы, æмæ мын æвзæр нæ уад.

Азтæ цыдысты æмæ каст фæдæн педагогон училищæ. Цæй амондджын уыдтæн, фыццаг хатт мæхи скъолайы къæсæрæй ахуыргæнæджы номимæ куы бахызтæн æмæ мæ гыццыл фыццагкъласонты раз куы ‘рлæууыдтæн, уæд. Æмæ та ам дæр мæ фарсмæ æрбалæууыд мæ уарзон ахуыргæнæг Римæ. Уый мын цæстуарзонæй амыдта ахуыргæнæджы куысты сусæгдзинæдтæ, æххуыс мын кодта мæ фыццаг къахдзæфтæ акæныныл. Æмæ йæ фыдæбæттæ дзæгъæлы нæ фесты. Мæ фыццаг ахуыргæнæджы хуызæн æз дæр дæн нæ республикæйы Сгуыхт ахуыргæнæг æмæ уымæй бузныг дæн мæ уарзон ахуыргæнджытæй.

Мæ бон æй зæгъын дæр нæу, куыд зын мын уыд, Римæ йæ цардæй ахицæн, уый куы фехъуыстон, уæд. Мæ цæссыгтæ бауромын мæ бон нæ уыд. Хъыгагæн, зианы бон нæ сæмбæлдтæн мæнæ ацы æгъатыр низы тыххæй, хатыр дзы ракуырдтон.

Римæ, мæнæ дын цы ныффыстон, уый фыст у мæ зæрдæйы тæгтæй дæ дыууиссæдзæм боны кæндмæ æмæ дын хæлар уæнт.

Рухсаг у, дæ фæстæ кæй ныууагътай, уыдоныл хæрзмæ ауд. Дæ бирæ ахуырдзаутæй дæ ном рох никуы уыдзæн…


Сæлбиты-Колыты Иринæ,

Хетæгкаты Къостайы номхæссæг

13-æм скъолайы

разамонæг

Ныхас — ахст адæмы бартыл

Ирон адæм ныхасы мидæг ахæстæтты чи бады, уыдоны арæх хонынц æнæбары бæлццæттæ, ома, сæ хæдзæрттæй дард кæй сты, уый сæхи бар нæу æмæ тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ зылынгонд цы фыдракæндты тыххæй баййæфтой, уый фидынц. Фæлæ, ахæстоны чи бады, уыдонæн дæр ис граждайнаг бартæ, Уæрæсейы Федерацийы закъонты амынд цæрыны æмæ кусыны уавæртæ. Уыдон та хъуамæ хæлд ма цæуой, æххæстгонд цæуой, куыд æмбæлы, афтæ.

Æмæ æппæт уыцы хъуыддæгтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уыдæттæм йæ цæст дары Уæрæсейы Федерацийы Æхсæнадон палатæйы Æхсæнадон цæстдарды къамисимæ æмархайд æмæ æдасдзинады фæдыл къамис. Ахæм къамис кусы РЦИ-Аланийы Æхсæнадон палатæйы дæр.

Знон Уæрæсейы Федерацийы Æхсæнадон палатæйы æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Æхсæнадон палатæйы Æхсæнадон цæстдарды къамистæ Дзæуджыхъæуы сарæзтой цæлхæмбырд. Ныхас дзы цыд, ахæстоны чи бады, уыдоны граждайнаг бартæ, сæ куысты, сæ царды уавæртæ закъонмæ гæсгæ куыд æххæстгонд æмæ куыд хъахъхъæд цæуынц, уый фæдыл.

Цæлхæмбырды архайдтой Уæрæсейы Федерацийы Æхсæнадон палатæйы Æхсæнадон цæстдарды къамисимæ æдасдзинад æмæ æмархайды фæдыл къамисы сæрдар Александр Воронцов, Уæрæсейы Федерацийы Æхсæнадон палатæйы, РЦИ-Аланийы Æхсæнадон палатæйы уæнгтæ, Уæрæсейы Федерацийы æфхæрд æххæстгæнæн федералон службæйы РЦИ-Аланийы управленийы разамонæг Владимир Моравец, РЦИ-Аланийы адæймаджы бартæ хъахъхъæныны æххæстбарджын Цгъойты Тамерлан, Цæгат Ирыстон-Аланийы Сывæллæтты бартæ хъахъхъæныны æххæстбарджын Кокайты Артур, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Æхсæнадон цæстдарды ног къамисмæ сæ кандидаттæ цы æхсæнадон организацитæй бахастой, уыдоны минæвæрттæ.

Цæлхæмбырд байгом кодта РЦИ-Аланийы Æхсæнадон палатæйы сæрдар Нинæ Чиплакова. Уый арфæ ракодта мæскуыйаг уазджытæн, куыд загъта, афтæмæй стыр кадыл нымайы ахæм ахсджиаг фарстаты фæдыл, бæрнон уазджытæ Ирыстонмæ кæй саккаг кодтой, уый æмæ ныхасы бар радта Уæрæсейы Федерацийы Æхсæнадон палатæйы Æхсæнадон цæстдардимæ æдасдзинад æмæ æмархайды фæдыл къамисы сæрдар Александр Воронцовæн. Уый куыд бацамыдта, афтæмæй нæ бæстæйы ныр 13 азы æнтыстджынæй кусы ахст адæмы бартæ хъахъхъæнæг къамис. Уыцы архайд регионтæй хуыздæр æвæрд кæм у, уыдонæй иу у Цæгат Ирыстон дæр. Александр Воронцов Уæрæсейы Æхсæнадон цæстдарды къамисты æнтыстджын архайдыл дзургæйæ, бафиппайдта: ахст адæмы уавæртæ бæрæг кæнгæйæ, фылдæр æргом здахын хъæуы йæ зылындзинады æфхæрд чи фиды, уыдонæн царды раст фæндæгтæм раздахыны тыххæй фылдæр цæвиттонтæ хæссын кæй хъæуы, уый. Цæмæй æмбарой, сæ уавæртæ сын хуыздæр кæныныл цы паддзахад архайы, уый сæм æнхъæлмæ кæй кæсы фидæны æхсæнадон раст фæндагмæ рахизынмæ.

Ивгъуыд аз, пандемийы хæцгæ низты уавæрты дæр Цæгат Ирыстоны Æхсæнадон цæстдарды къамис цы куыст бакодта, уый тыххæй æмбырды архайджытæн бæстон радзырдта йæ сæрдар, Цæгат Кавказы бирæвæрсыг медицинон центры сæйраг дохтыр Уыртаты Ролан. Кæд хæцгæ низы аххосæй гæнæнтæ фаг нæ уыд, уæддæр, къамисы уæнгтæ нывгæнæг Челæхсаты Магрез æмæ дины кусæг Хъазыбег Хворостьяновимæ 86 хатты бабæрæг кодтой республикæйы ахæстæтты чи бады, уыцы адæмы. Цæмæй сæ низæй бахъахъхъæной, уый тыххæй-иу æдзухдæр уыдысты æрмæст маскæты нæ, фæлæ ма сæрæй къæхтæм низæй хъахъхъæнæг фæлысты дæр.

Æхсæнадон цæстдарды къамисы архайд фæхъомысджындæр кæныны фæдыл æмбырды раныхас кодтой Уæрæсейы Федерацийы æфхæрд æххæстгæнæн федералон службæйы управленийы разамонæг Владимир Моравец, РЦИ-Аланийы адæймаджы бартæ хъахъхъæныны æххæстбарджын Цгъойты Тамерлан, РЦИ-Аланийы Амалхъомты бартæ хъахъхъæныны æххæстбарджын Медойты Тимур æмæ иннæтæ.

Цæлхæмбырды архайджытæ æрныхас кодтой Æхсæнадон цæстдарды къамис, барадхъахъхъæнæг институттæ æмæ хицауады æххæстгæнæг федералон оргæнтæй ахæстæттæ кæмæ хауынц, уыдоны ахастдзинæдтæ куыд æххæстгонд цæудзысты, æхсæнадон контролмæ тындзгæйæ, ахст адæмы граждайнаг бартæ æмæ уавæртæ хъахъхъæнынæн цавæр мадзæлттæй пайда кæндзысты,уыцы ногдзинæдты фæдыл.

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Æхсæнадон цæстдарды къамис æртæ азæй-æртæ азмæ ногæй-ногмæ ивд кæй цæуы, уыцы уагæвæрдмæ гæсгæ цæлхæмбырды архайджытæ сæвзæрстой къамисы ног уæнгтæ.


Касаты Батрадз

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here