Æргътæн уæлæмæ уадзæн нæй

0
197

Фæстаг рæстæг нæ бæстæйы хойраджы продуктты æргътыл ногæй бафтыд. Цæй мидæг ис аххос, уый тыххæй базарады минæвæрттæ бæлвырд ницы дзурынц. Уæлдай зынаргъдæр фесты карчы дзидза, æйчытæ æмæ ссад. Цæмæй уавæр дарддæр йæ арæнтæй мауал ахиза, уый тыххæй УФ-йы Хъæууон хæдзарады, Базарады æмæ Промышленносты министрадтæ иумæйаг бадзырд бафыстой базарады хойраджы егъау компанитимæ, цæмæй æргъты рæзт урæд æрцæуа, уый тыххæй. Бадзырды нысанты амынд цæуынц сæкæр æмæ зети, уымæн æмæ ацы продукттæ сты социалон æгъдауæй, æнæмæнг, ахсджиагдæртыл нымад.

Ацы фарстайы фæдыл нæ республикæйы журналисттæн фехъусын кодта РЦИ-Аланийы экономикæйы рæзты министры хæдивæг Олег Быкадоров.

Министры хæдивæг куыд радзырдта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны ацы продуктты æргътæм бæлвырд цæстдард цæудзæн, цæмæй, бадзырды цы æргътæ амынд цæуынц, уыдон бæрзонддæр ма фæуой, уыцы хъуыддагмæ.

— Ивгъуыд аз 18 декабры нæ бæстæйы Хъæууон хæдзарады, Базарады æмæ Промышленносты министрадтæ цы бадзырд бафыстой, уым сæкæры аргъ амынд цæуы 46 сомы иу килограммæн, зетийы иу литр та — 110 сомы. Ацы бадзырд æххæстгонд цыдис 2021 азы 1 апрелмæ. Ныр нæ республикæйы базарады æмæ «æмткæй æввонггæнджытæм» фыстæджытæ арвыстам, цæмæй иу хъуыдымæ ‘рцæуæм, æмæ, цы ‘мбæлы, уымæй уæлдæр æргътæ ма æфта сæкæр æмæ зетийыл. Ацы куыстмæ æрбаздæхтам бынæттон хиуынаффæйады оргæнты дæр æмæ нæ къухы бафтыд, республикæмæ сæкæр æмæ зети чи ласы, уыцы базарадон организацитæй 80-имæ баныхас кæнын. Се ‘хсæн сты нæхи республикон компанитæ дæр: ООО «Премьерторг» «ООО Деликат», «ООО Чиба», стæй дуканитæ дæр.

Ацы бадзырд æххæстгонд цæудзæн: сæкæры фæдыл — 2021 азы 1 июнмæ, зетийы фæдыл та — 2021 азы 1 октябрмæ.

«Æввонгæнджыты» бæрзонд æргъты аххосæй уæлдæрамынд продукттыл бацархайын æнцон нæу. Уымæ гæсгæ ныридæгæн арæзт цæуынц сæкæр æмæ зетиуадзæн заводты номхыгъдтæ, 36 сомы сæкæры килæ æмæ зетийы иу литр 95 сомы кæм у, уыцы куыстуæттæ. Семæ араздзыстæм бадзырдтæ, цæмæй комкоммæ республикæмæ æнæ искæй æххуысæй нæхæдæг заводтæй ласæм ацы продукттæ. Нæхимæ нæй сæкæр æмæ зетиуадзæг куыстуæттæ, æмæ нæ хъæуы архайын хи хъарутæй сæ ласыныл. Æндæр гæнæн нын нæй, сæрмагондæй ацы куыст чи кæны, ома, продукттæ республикæмæ цы хицæн амалхъомтæ ласынц, уыдоны æргътæ æдзухдæр уæлæмæ хиздзысты. Æмæ нын ацы хъуыддаг æруадзæн нæй, — загъта Олег Быкадоров.


Саутæты Тамилæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here