Ахсджиаг ныхас

0
191

Дзæуджыхъæуы уыд РЦИ-Аланийы Национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрады цур экспертон советы æмбырд. Амыдта йæ ведомствæйы разамонæг Цуциты Аслан.

Боны фæткы цы фарстатæ æвзæрст æрцыдысты, уыдонæн сæ сæйрагдæр уыд террористон фæзындтытæ ма ‘руадзыны нысанимæ профилактикон куыст ахадгæдæр кæнын.

— Экспертон советы æмбырд ацы аз сарæзтам фыццаг хатт. Нæ сæйрагдæр хæс у, экстремизм æмæ терроризмы ныхмæ тохы информацион политикæйы мадзæлттæй раст пайда кæнын. Совет арæзт æрцыд нæ республикæйы Терроризмы ныхмæ архайды къамисы уынаффæмæ гæсгæ. Советы уæнгтæ сты хицауады æххæстгæнæг оргæнты разамонджытæ, РЦИ-Аланийы Парламенты уæнгтæ æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ, — загъта Цуциты Аслан.

Советы уæнгты хъуыдымæ гæсгæ, адæмæн, уæлдайдæр та рæзгæ фæлтæрæн, æмбарын кæнын хъæуы, терроризм æмæ экстремизм цы сты, уый. Уыцы нысанимæ архайæм терроризмы ныхмæ рухстауæн æмæ хъомыладон мадзæлттæ аразыныл.

«Уыцы æууæлтæ хынцгæйæ, сидæм дины иугæндты уæнгтæм, æхсæнадон организациты минæвæрттæм, культурæ æмæ аивады кусджытæм, цæмæй фæсивæдимæ хъомыладон куыст фæахадгæдæр кæной», — йæ раныхасы фæнысан кодта министр.


ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here