Инвестицион æмархайды фарстатæ

0
224

Ацы бонты Цæгат Ирыстоны кусæг балцы уыд Китайаг-Уæрæсейаг базарадон палатæйы президент Юрий Носенко. Республикæйы уазæгимæ фембæлд æмæ дарддæры æмгуыстад рапарахат кæныныл æрдзырдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

Ныхасы архайдтой агропромышленнон къабазы специалисттæ æмæ хицауады æххæстгæнæг оргæнты минæвæрттæ дæр.

Республикæйы уазæгæн зæрдиаг салам зæгъгæйæ, Битары-фырт куыд фæнысан кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны разамынд æппæтвæрсыг æххуыс кæны, республикæйы амалхъомадон æмæ инвестицион архайд рапарахат кæныныл чи кусы, уыдонæн.

— Зонын æй, уæ палатæйы уæнгтæ республикæйы компанитимæ фæнд кæнынц кæсаг æмæ фосæн холлаг цæттæ кæныны куыстад байгом кæныныл. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы проект хорзæрдæм сахаддзæн республикæйы социалон-экономикон райрæзтыл, сæйрагдæр та — ахъаз уыдзæн ног кусæн бынæттæ байгом кæнынæн. Уымæй уæлдай, мæн фæнды, цæмæй æрдзурæм дарддæры æмгуыстадыл дæр, — бафиппайдта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг.

Юрий Носенко бæстон радзырдта, республикæйы цы иумæйаг куыстуат саразынвæнд кæнынц, уый проекты тыххæй. Йæ ныхасмæ гæсгæ, палатæйы дæлхайæдтæй иу рагæй уадзы, кæсагдарæн куыстуæттæ æхсызгонæй кæй æлхæнынц, ахæм холлаг. Компанийы куыстадон хъару стыр у — азмæ йæ бон у 12 мин тоннæйы продукци рауадзын. Уыимæ, холлаг цæттæ кæнынц хæрзхъæд хомагæй.

Зындгонд куыд у, афтæмæй фæстаг рæстæг Цæгат Ирыстоны æххæстгонд цæуынц кæсагдарынады къабазы цымыдисаг проекттæ. Уыцы æууæл хынцгæйæ, специалисттæ хорз аргъ кæнынц палатæ æмæ республикæйы компаниты ‘хсæн холлæгтæуадзæн куыстуат саразыны проектæн.

Фембæлды архайджытæ бæстон æркастысты проект царды рауадзыны хъуыддагмæ, стæй фæнысан кодтой дарддæры æмгуыстады фæндæгтæ.


РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы æмæ Хицауады

пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here