Мæздæгмæ фæндаг

0
195

«Нæ республикæйы сæйраг горæт Дзæуджыхъæу æппæты стырдæр æмæ бæркадджындæр районимæ чи бæтта, ахæм, дыууæ хатты цыбырдæр, фæндаг Мæздæгмæ аразын райдыдтой», — ацы æхсызгон хабар-иу арæх райхъуыст дзыллон хабархæссæг фæрæзты.

Адæм цин кодтой, уымæн æмæ зыдтой, ног фæндаг ныфс æмæ удæнцойдзинад хæсдзæн æрмæст Ирыстонæн нæ, фæлæ сыхаг республикæты цæрджытæн дæр. «Цæудзæн нæхи зæххыл. Фæахъаз уыдзæн Мæздæджы районы экономикон рæзтæн, фылдæр гæнæнтæ уыдзæн товарласджытæн, хæстæг хъæуты цæрджытæн фæзындзæн ног куысты бынæттæ», — загъта нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав фæндаджы арæзтад гом кæнгæйæ.

Ноджы ма бафиппайдта, ацы проектæн стыр регионалон нысаниуæг кæй ис, уый. Афæдз æмæ æрдæгмæ арæзт æрцыд 57,7 километры дæргъæн фæндаг.

— Райдыдта Зилгæйы хъæуæй, йæ кæрон та ис Мæздæджы районы хъæу Сухотскы бацæуæны. Пректмæ гæсгæ фæндагыл ис æртæ хиды, трассæйы бынты цæуы 34 донуадзæн æфсæн-бетон хæтæлы. Цæмæй фæндаггонтæ сæхи æдасæй æнкъарой, уый тыххæй ифтонг æрцыдис электрон рухсытæй. Фæндагаразджытæ куыд æмгъуыд кодтой, афтæ 2020 азы фæстаг бонты ног фæндаджы реконструкци кæронмæ ахæццæ кодтой. Бирæ адæмы хидвæллой æвæрд дзы æрцыд, нырыккон техникæ æмæ ифтонггарз куыстой æрвылбон. Размæ æвæрд хæстæ сæххæст кæнынæн, хæрзхъæд æмæ æдас фæндаг цæмæй бирæ азты лæггад кæна адæмæн, ууыл чи архайдта, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр стыр бузныг, — ацы ныхæстæ загъта РЦИ-Аланийы Фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэл журналисттимæ фембæлды рæстæг.

Æмæ кæд иутæ циндзинад æмæ æхсызгондзинад исгæйæ, арфæтæ кæнынц фæндагаразджытæн, уæд иуæй-иу æнаккаг, цыбырзонд адæмтæ та, сæ дивантыл бадгæйæ, хахуыртæ æмæ ардауæн ныхæстæ фыссынц социалон хызты. Хабар кæронмæ нæ бамбаргæйæ, ацы бонты интернеты тыгъдады мыхуыргонд æрцыд, раст цы нæу, ахæм хабæрттæ. Ома, фæндаг нырма ныр байгом ис, афтæмæй дзы дзыхъхъытæ æмпъузынц, æмæ афтæ дарддæр. Уыдонæн бæрнон æмæ æргом дзуапп раттынæн арæзт æрцыд ацы фембæлд.

Солиты Тариэлы ныхасмæ гæсгæ, сæрмагонд къамисы уæнгтæ дыууæ мæйы дæргъы лæмбынæг кастысты æмæ бæрæг кодтой, фæндаджы цы иугай хъæндзинæдтæ уыд, уыдон. Æппæт аипдзинæдтæ аиуварс кæнынмæ бавнæлдта подрядон куыстуат. Уыцы куыст бадзырдмæ гæсгæ цæудзæн дарддæр дæр.

Ног фæндагыл уæзæгтæ цæуын райдыдта, фыццаг зымæгон уазæлтæ йыл сæмбæлд, æдасдзинады тыххæй арæх пырхгонд цыд змис æмæ цæххы змæстæй — æвзарæн рæстæг уыд ног фæндагæн æмæ йын æнæ афтæ гæнæн нæ уыд йæ уæлцъарæн. Йæ бындур фидар у, арæзтады пайда кодтой хæрзхъæд æрмæгæй, техникон домæнтæ æххæстгонд æрцыдысты. Алчидæр æй æмбæрста, хъæугæ нæ кæндзæн фæндаг, нæхицæн æй кæнæм æмæ йæ хæдзардзинæй сарæзтам.

Æмбырды архайдта Адæмон фронты регионалон хайады сæрдар Гæлиты Клим.

— Фæндаджы арæзтадмæ нæ цæст дардтам кæрæй-кæронмæ, эксперттимæ иумæ бынатмæ ацæугæйæ, уыдтам, цы уæззау æмæ хъæугæ куыст кæнынц, уый.

Ницы фиппаинæгтæ нæм уыд, æрæджы та бабæрæг кодтам фæндаг æмæ дзы ранæй-ран, 44-æм километрæй дарддæр, аразинаг бынæттæ сбæлвырд кодтам. Ахæм дæргъвæтин фæндагæн уыдон хæрз чысыл уадздзæгтæ сты æмæ сæ хæстæгдæр рæстæг сраст кæнын хъæуы, — загъта Клим.


Гугкаты Жаннæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here