Ног скъола, ног уавæртæ

0
179

Хъæлдзæг бæрæгбон уыдис знон Дзæуджыхъæуы 44-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджыты коллективæн.

Се скъоламæ ма бафтыд ноджыдæр иу бæстыхай — филиал.

Объекты арæзтад цыдис паддзахадон программæ «Ахуырад»-ы бындурыл. Скъолайы ис бынæттæ 550 ахуырдзауæн, ис дзы нырыккон техникæ æмæ нывыл ахуырæн æппæт фадæттæ дæр. Æртæуæладзыгон бæстыхай арæзт æрцыд 34-35-æм микрорайонты цæрджытæн. Уымæн æмæ сæйраг бæстыхайы бынæттæ нал фаг кодта. Уыимæ, 44-æм скъола горæты нымад цæуы æппæты хуыздæрыл. Хæссы, хъæбатыр хæстон, ацы скъолайы рауагъдон Куыдзойты Владимиры ном. Владимир фæмард Цæцæны хæсты 90-æм азты, æмæ йын йæ кадджын ном саккаг кодтой, кæм ахуыр кодта, кæсын, фыссын кæм базыдта, уыцы скъолайæн.

Сывæллæтты бæрæгбонмæ, скъола байгом кæнынмæ æрбацыдысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Иринæ Азимова, РЦИ-Аланийы арæзтад æмæ архитектурæйы министр Моргуаты Константин æмæ Дзæуджыхъæуы мэр Фæрниаты Тамерлан.

Уазджыты скъолайы хъомылгæнинæгтæ сбуц кодтой сæ кафты аивадæй, уый фæстæ нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав зæрдиаг арфæтæ ракодта скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджыты коллективæн, сæ сæргъы директор Цуциты Татьянæ, афтæмæй.

— Нæ республикæйы фæстаг азты бирæ объекттæ арæзт цæуы. Се ‘хсæн æппæты вазыгджындæр — скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ. Ацы аз байгом кæндзыстæм скъолатæ Цæлыччы, Хъызлары æмæ Черменыхъæуы. Цæлыччы скъола уыдис бынтон æдзæллаг æмæ тæссаг уавæры. Мах хъæуы цæрджытæн зæрдæ бавæрдтам, ног скъола сын кæй сараздзыстæм. Æмæ нæ ныхас сæххæст кодтам. Уымæй уæлдай, ног скъолаты арæзтад райдайдзыстæм станицæ Черноярскы. Йæ бынаты цы зæронд скъола ис, уырдыгæй рацыдысты бирæ зындгонд адæймæгтæ. Йæ рауагъдонтæ уый фæстæ систы хæстон æмæ æфсæддон разамонджытæ, паддзахы æфсады инæлæрттæ. Уымæ гæсгæ, станицæ Черноярскы скъолайы бынаты арæзт æрцæудзæн музей.


Скъолайы ифтонгады фарста та хаст цæуы национ проекттæм æмæ уыцы проектты фæлгæты ифтонггонд цæудзысты æппæт хъæугæ мадзæлттæй дæр. Уымæй уæлдай, дарддæр гом кæндзыстæм æппæт районты дæр кванториумтæ, сывæллæтты фидæны дæсныйæдтæн. Фæлæ хъæуынц кадртæ. Хорз дохтыр кæнæ аразæджы зонындзинæдтæ фæлтæрдджын æмæ дæсны ахуыргæнджыты æнтыстдзинæдтæ сты. Уымæ гæсгæ, мах æркастыстæм горæт Мæскуы æмæ нæ бæстæйы иннæ раззагдæр скъолаты куыстмæ. Уыдоны канд скъоладзаутимæ нæ цæуы хъомыладон куыст, фæлæ сæ разамындимæ дæр. Мах сарæзтам кусæг къорд, йæ сæргъы Хицауады Сæрдары хæдивæг Иринæ Азимова, афтæмæй. Уыцы къорды хæс у нæ республикæйы ахуырады рæзтæн программæ саразын æмæ уæлдæр куыд загътон, афтæ архайын æппæт гæнæнтæй дæр ахуырады фарстытæ бæрзонддæр æмвæзадмæ ракæныныл.

Скъоладзаутæн ацы скъола дæрддзæф кæй у, уымæ гæсгæ æз бахæс кодтон, транспортыл дзуапдæттæг ведомствæйæн ноджыдæр ма иу маршрут саразын, цæмæй сывæллæттæ æнæкъуылымпыйæ ахуырмæ хæццæ кæной, — загъта Битарты Вячеслав.

44-æм ног скъолайы ахуыр кæндзысты хистæр кълæстæ.



Саутæты Тамилæ

Къамтæ систа

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here