Арфæтæ — Сергей Плахтийæн

0
443

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы Указæй кадджын ном «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы наукæйы сгуыхт архайæг» лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы гуманитарон, социалон æмæ экономикон наукæты кафедрæйы профессор Сергей Плахтийæн.

Указы куыд загъд ис, афтæмæй уыцы кадджын номæй Сергей Плахтий хорзæхджын цæуы наукæйы къабазы сгуыхтдзинæдтæ æмæ дæсны специалисттæ цæттæ кæныны хъуыддагмæ стыр бавæрæны тыххæй.

Профессорæн йæ хæрзиуæджы тыххæй арфæ ракодта республикæйы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз сæ фембæлды рæстæг.

— Ды æрмæст наукæйы зындгонд архайæг нæ дæ, фæлæ ма дæ зонæм, куыд фæсивæды куырыхон зондамонæг æмæ хъомылгæнæг. Мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ ног æнтыстдзинæдтæ, — йæ арфæйы ныхасы фæбæрæг кодта Тускъайы-фырт.

Фадатæй спайда кæнгæйæ, Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар Медицинон академийы ахуыргæнджытæ æмæ студенттæн бузныг загъта, коронавирусы пандемийы рæстæг сæ хъæппæрисджын æмæ удуæлдай куысты тыххæй.

Сергей Плахтий зындгонд у наукæйы къабазы, бацæттæ кодта бирæ зонадон æмæ публицистон уацхъуыдтæ æмæ чингуытæ. Йæ рæстæджы хорзæхджын æрцыд майдан «Ирыстоны намысæн»-æй, ЦИАССР æмæ РЦИ-Аланийы Президенты грамотæтæй.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ.


Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here