Хъамбердиаты Мысосты номыл паддзахадон премийы фæдыл къамисы хъусынгæнинаг

0
265

Хъамбердиаты Мысосты номыл паддзахадон премийы фæдыл къамис хъусын кæны, 2021 азы литературæйы къабазы преми снысан кæныны тыххæй уацмыстæ исын кæй райдыдта, уый.

Паддзахадон преми лæвæрд цæуы æртæ номинацийы («прозæ», «поэзи» æмæ «драматурги»), 35 азы кæуыл нæма сæххæст, алыхуызон литературон уацмысты уыцы автортæн. Уыимæ, уацмысты хъуамæ бæстон æргомгонд æрцæуой удварны хъомыс æмæ патриотизмы темæтæ.

Æркæсынмæ ист цæуынц ирон æмæ уырыссаг æвзагыл 2019-2020 азты фыст æрмæджытæ.

Гæххæттытæ бадæттæн ис 2021 азы 1 майы онг ахæм адрисыл: Дзæуджыхъæу, Сæрибары фæз,1, Хицауады хæдзар, 337-æм кабинет, тел.: 53-33-94. Æппæт гæххæттытæ дæр бацæттæ кæнын æмбæлы Хъамбердиаты Мысосты номыл паддзахадон премийы тыххæй уагæвæрды (фидаргонд æрцыд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы 86-æм Указæй 2013 азы 1 апрелы) бындурыл.

Бæстондæр æрмæг базонæн ис РЦИ-Аланийы Культурæйы министрады сайты: http://mk.alania.gov.ru/news/2436.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here