Концерт равдыстой

0
284

Алы хæстæн дæр, алы тугкалæнæн дæр хъуамæ кæрон æвæрд цæуа фидыдæй. Ацы фæтк баззад незамантæй. Абон дæр нæ сабыр дунейы, стыр хъыгагæн, æрцæуы ахæм фыдбылызтæ, æмæ хиуæттæн сæ маст рафыцын кæнынц. Æхсæнады мидæг уæззау зонд куы нæ фæтых уа зæрдæйы рыстыл, уæд мастисыны хъуыддаг цæуы æрмæстдæр мæлæты фæндагыл. Æвидигæ зæрдæрыстимæ цæрæн нæй.

Хæрз æрæджы Мæздæг æмæ æппæт Ирыстоныл айхъуыст уæззау хабар: дыууæ мыггагæй амæй-ай хуыздæр лæппулæгæн, æхсæвы клубы цы хъаугъа рауад, уый фæдыл сæ цардвæндаг аскъуыд. Туг ныккалд. Дыууæ мыггаджы сæ хуыздæрты бавæрдтой, мæрдты бæсты — се ‘нусон хæдзæрттæ, «рухсаг» сын загътой. Слестгæнæг оргæнтæ сæ куыст кæнынц. Цавæр ныхæстæ хъæуы зæгъын сæ бинонтæн, цавæр ныфсытæ сын хъуамæ бавæрæм, цæмæй сæ зæрдæты рыст фæмынæгдæр уа!? Фæлæ ныры информацион-техникон фæрæзты фæрцы адæм дзырдмондаг систы: хъæуа-нæ хъæуа иуæй-иутæ ныхасæппарæн кæнынц æмæ мæрдджынты судзаг мастыл ма ноджы арт æндзарынц.

Хистæртæ, æхсæнадон архайджытæ зианы сæ ахсджиаг хъуыдытæ радзырдтой. Фæлæ, цæмæй фыдбылыз ногæй мауал æрцæуа, уый тыххæй хистæртæ фæнд рахастой туджджынты дыууæ мыггаджы бафидауын кæныныл. Æууæндгæ кæуыл кæнынц, ахæм лæгты снысан кодтой, цæмæй иутимæ дæр æмæ иннæтимæ дæр баныхас кæной. Дыууæ къуырийы дæргъы зианджын бинонтæ фидауыныл разыйы дзуапп радтой, цæмæй сæ кæстæртæй масты фæдыл мачи ацæуа. Снысан кодтой бон, рæстæг æмæ бынат.

Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы Мæздæджы районы хайады 4 апрелы, хуыцаубоны, сихорафон æрбамбырд сты цалдæр лæгæй. Дзæуджыхъæуæй æрцыдысты «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдары хæдивæг Еналдыты Хъазыбег, æхсæнадон змæлды Tæрхоны лæг Епхиты Чермен, Мæздæджы æхсæнады номæй — хистæр Саулохты Нодар æмæ Гуцаты Фридон. Æрбацыдысты Уалыты æмæ Хадзиты бинонты минæвæрттæ. Гуцаты Фридон сын раарфæ кодта, æхсæнады куырдиатмæ кæй æрыхъуыстой æмæ «Ныхас»-мæ кæй æрбацыдысты, уый тыххæй, кæй æмбарынц, цы æвирхъау цау æрцыд, уымæн раздахæн æмæ сраст кæнæн кæй нал и, уый. Еналдыты Хъазыбег зианы дæр радзырдта, «Ныхас»-ы дæр: «Ацы цау зын у æппæт Ирыстонæн дæр. Фæлæ, бинонтæн куыд зын у, афтæ никæмæн! Æмæ нæ фидæны сæраппонд абон уæ уæззау зонд хъуамæ фæтыхджындæр уа уæ зæрдæрыстыл. Аххосджын сымахæй ничи у: йæ бинойнаджы уыцы изæр искæй марынмæ ничи арвыста, æмæ хъуамæ уе ‘хсæн фыдбылыз мауал æрцæуа. Курæм уæ, уæ къухтæ кæрæдзимæ радтут, бафидаут! Мах та уын æвдисæнтæ уыдзыстæм!».

Епхиты Чермен хъыггæнгæйæ ратæфæрфæс кодта дыууæ мыггагæн дæр, царды фæндагыл хъыгдзинад куыд никуыуал баййафой, ахæм арфæ сын ракодта.

Саулохты Нодар мæздæггаг ирæтты номæй арфæ ракодта Уалытæ æмæ Хадзитæн, сæ маст бауромынæн лæгдзинад кæй равдыстой, уый тыххæй. «Ахæм уæззау цæф макæуылуал æрцæуæд, мæрдтæ рухсаг уæнт. Мæрдджынты кой та мачиуал кæнæд — уый худинаг у, сæ мастыл сын маст мауал æфтауæд», — загъта хистæр.

Бинонты номæй радзырдтой Хадзиты Вадим æмæ Уалыты Георги, ракуырдтой, цæмæй фидыды тыххæй се ‘ппæтæн дæр фехъусын кæнæм. Сæ къухтæ кæрæдзимæ радтой дыууæйæ дæр, семæ чи æрбацыд, уыдон дæр. Алчидæр сæ ацыд йæ хæдзармæ — алкæмæн дзы нырма марды кæндтытæ хъæуы кæнын…

Махæй та алкæмæндæр нæ сомбоныл ахъуыды кæнын хъæуы. «Ныхас»-æн дæр йæ хæстæ фылдæрæй уæлдай къаддæр нæ кæнынц.


БÆЗЫТЫ Ларисæ,

Мæздæджы район

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here