Коцойты Зелим рамбылдта «Стыр згъæрхуд»

0
285

Ирон дзюдоист Коцойты Зелим фесгуыхт, 1-3 апрелы Турчы цы дунеон турнир «Стыр згъæрхуд» цыди, уым.

Зелим ерысты архайдта Азербайджаны номæй, æмæ ныр йæ нысан у, ацы аз Японы цы Олимпиаг хъæзтытæ цæудзысты, уырдæм балцæг райсын.

Уыцы хъуыддаджы йын Гран-при «Стыр згъæрхуд»-ы уæлахиздзау суæвын у тынг хъæугæ æнтыстдзинад. Коцойты Зелим у Уæрæсейы тренер Беккуызарты Аличчы хъомылгæнинаг, æмæ йæхи цæттæ кæнгæйæ, арæх вæййы Ирыстоны.

Беккуызарты Алик куыд зæгъы, афтæмæй Зелим ныридæгæн сæххæст кодта Олимпиаг хъæзтытæм балцæг райсыны домæнтæ, 100 кг онг уæзы хæцгæйæ.

Коцойы-фырты зæрдæйы ис, 16-20 апрелы Португалийы сæйраг горæт Лиссабоны цы Европæйы чемпионат цæудзæн, уым архайын. Уыцы чемпионатмæ Уæрæсейы иугонд командæимæ сæхи цæттæ кæнынц Лæппынæгты Аслан (81 кг онг уæзы) æмæ Тасойты Инал (уæззау уæзы).


Баскаты Уырызмæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here