Нæ чызг-богæлттæ фесгуыхтысты Наро-Фоминскы

0
254

Мæскуыйы облæсты, горæт Наро-Фоминскы уæгъдибар хъæбысхæстæй 1-4 апрелы цыдысты Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæ чызджыты (21 азы карæнты) ‘хсæн.

Ерысты сæхи хъомысджынæй равдыстой ирон чызджытæ: Танделаты Аминæ, Кæсæбиты Алинæ æмæ Коцкиты Людмилæ.

Уæрæсейы сгуыхт тренер Тедеты Валик æмæ Хетæгкаты Ленæйы хъомылгæнинаг Танделаты Аминæ фæд-фæдыл фæуæлахиз йæ цыппар ныхмæлæууæгыл æмæ бацахста 1-аг бынат. Уымæй дæр Алинæ йæ ныхмæлæуджытыл фæуæлахиз сыгъдæгæй. Йæ фыццаг ныхмæлæууæг, красноярскаг чызг-богал Екатеринæ Эппы Аминæ сæвæрдта йе уæнтыл. Уый фæстæ 10:0-æй, æмгъуыдæй раздæр рамбылдта Тæтæры минæвар Полинæ Кривилевæйы. Æрдæгкæронбæттæны Танделоны цырд æмæ æрхъуыдыджын ныббырстыты ныхмæ фæлæууын нæ бафæрæзта Наталья Прокопьева дæр (Чувашы Республикæ), æмæ Аминæ кæронбæттæны фембæлд Бетъырбухы минæвар Анастасия Козловаимæ. Ацы фембæлды дæр Аминæ йæ ныхмæлæууæгыл фæуæлахиз æмгъуыдæй раздæр 10:0 хыгъдæй æмæ 1-аг бынат бацахста 57 кг онг уæзы.

Танделоны бафæзмыдта Кæсæбиты Алинæ дæр (йæ тренер Къудухты Олег). 62 кг онг уæзы Алинæ дæр разынд йæ ныхмæлæуджытæй зынгæ тыхджындæр.

Йæ фыццаг дыууæ ныхмæлæууæджы Екатеринæ Шулехина (Дæллаг Новгород) æмæ Татьянæ Гудаевайы (Республикæ Хъырым) Алинæ сæвæрдта се уæнтыл. Уый фæстæ 7:0 хыгъдæй фæуæлахиз Иркутскы облæсты минæвар Кристинæ Тамразяныл. Кæронбæттæны фембæлды дæр Кæсæбиты сæрæн чызгæн ныхкъуырд радтынмæ нал сарæхст йæ ныхмæлæууæг Елизаветæ Шемякина, æмæ Аминæ фæуæлахиз 10:0 хыгъдæй.

Аминæ æмæ Алинæ цы аст хæсты ракодтой, уыдоны сæ ныхмæлæуджытæн иу очко дæр нæ фæхæрд сты. Ахæм бæрæггæнæн рекорды аккаг у!

Æртыккаг ирон чызг Коцкиты Людмилæ (йæ тренертæ Цъыккаты Мæирбег æмæ Годзойты Гурам) ерысты архайдта Мæскуыйы номæй æмæ 53 кг онг уæзы равдыста хорз цæттæдзинад. Людмилæ рамбылдта цыппар ныхмæлæууæгæй, фæлæ кæронбæттæны иу чысыл рæдыд æруагъта æмæ рацыд 2-аг бынатмæ.

Ацы ерысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æвзæрст цыдысты, Уæрæсейы иугонд командæйы номхыгъдмæ чи бахаудзæн, уыцы чызг-богæлттæ. Уыдон та сæхи цæттæ кæндзысты Европæ æмæ дунейы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæм.


Баскаты Уырызмæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here